Цӕрын мӕм нал цӕуы. Кӕд мӕм мӕхи амарыны хъуыдытӕ ис, уӕд мын Библи баххуыс кӕндзӕн?
Дзуапп Библийӕ
О. Библи нын радта, «ныфссаст адӕймагӕн удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 7:6). Кӕд Библи психологийы тыххӕй чиныг нӕу, уӕддӕр бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сӕхи амарыны хъуыдытӕй фервӕзтаиккой. Цы хорз уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон, чи зоны, дӕуӕн дӕр баххуыс кӕной.
Библийы цавӕр хорз уынаффӕтӕ ис?
● Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмбӕхстӕй ма дар.
Библийы фыст ис. «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
Йӕ хъуыды. Ныфссӕттӕн хъуыдытӕ нӕм куы фӕзыны, уӕд нӕ фӕхъӕуы иннӕты ӕххуыс.
Кӕд, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый никӕмӕн дзурыс, уӕд хӕссыс уӕззау уаргъ ӕмӕ дӕ иу бон, гӕнӕн ис, уыцы уаргъ йӕ быны фӕкӕна. Фӕлӕ-иу дӕ зӕрдӕ искӕмӕн куы раргом кӕнай, уӕд-иу дын фенцондӕр уыдзӕн ӕмӕ, чи зоны, дӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй дӕр ракӕсай.
Бафӕлвар. Абон искӕимӕ аныхас кӕн, зӕгъӕм, дӕ бинонтӕй искӕимӕ кӕнӕ дӕ хорз ӕмбалимӕ a. Дӕ бон у, ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ гӕххӕттыл дӕр ныффыссай.
● Дохтыры ӕххуыс бацагур.
Библийы фыст ис. «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ» (Матфейы 9:12).
Йӕ хъуыды. Рынчын куы уӕм, уӕд-иу хъуамӕ дохтырты ӕххуыс бацагурӕм.
Адӕймагмӕ йӕхи амарыны хъуыдытӕ куы вӕййы, уӕд уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ амона психикон низмӕ кӕнӕ нервыты низмӕ. Ӕмӕ ӕнӕуи низ худинаг куыд нӕу, афтӕ ацы низты дӕр худинагӕй ницы ис. Ахӕм низтӕ дӕр сдзӕбӕх кӕнӕн ис.
Бафӕлвар. Дохтыры ӕххуыс бацагур, ӕмӕ цас раздӕр, уыйас хуыздӕр.
● Хуыцау дыл кӕй тыхсы, уый дӕ рох ма уӕд.
Библийы фыст ис. «Фондз сырддонцъиуы дыууӕ лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу. [...] Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Лукайы 12:6, 7).
Йӕ хъуыды. Хуыцауӕн зынаргъ дӕ.
Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуыс. Фӕлӕ дын Хуыцау дӕ зӕрдӕйы рыст ӕмбары. Тыхсы дыл, кӕд дын цард ад нал кӕны ӕмӕ дӕм цӕрын нал цӕуы, уӕддӕр. «О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ» (Псалом 51:17). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй цӕрай, уымӕн ӕмӕ дӕ уарзы.
Бафӕлвар. Хуыцау дӕ кӕй уарзы, уымӕн Библийы цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоныл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Зӕгъӕм, кӕс чиныг «Баввахс у Йегъовӕмӕ», 24 сӕр.
● Хуыцаумӕ кув.
Библийы фыст ис. «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).
Йӕ хъуыды. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын ӕргом дзурай дӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр.
Хуыцау дын ратдзӕн зӕрдӕйы фарн ӕмӕ тыхтӕ фӕразынӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, 13). Афтӕ Хуыцау баххуыс кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕм чи фӕкувы, уыдонӕн (Псалом 55:22).
Бафӕлвар. Абон Хуыцаумӕ скув. Дзур ӕм йӕ номӕй, Йегъовӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын радзур (Псалом 83:18). Зӕгъ ын, цӕмӕй дын дӕ уавӕр сфӕразынӕн баххуыс кӕна.
● Хъуыды кӕн, Библи фидӕнӕй цы ныфс ӕвӕры, ууыл.
Библийы фыст ис. «Уыцы ныфс махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (Дзуттӕгтӕм 6:19).
Йӕ хъуыды. Чи зоны, тыхдымгӕ нау уылӕнтыл куыд фӕраппар-баппар кӕны, афтӕ де ’нкъарӕнтӕ дӕр дыууӕрдӕм кӕнынц – куы хъӕлдзӕг вӕййыс, куы ӕнкъард. Фӕлӕ нын Хуыцау Библийы ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабырдӕр кӕндзӕн.
Уыцы ныфс афтид бӕллиц нӕу. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нын ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уымӕ: нӕ зӕрдӕ нын цы риссын кӕны, уыдӕттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Раргомад 21:4).
Бафӕлвар. Библи нын ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый тыххӕй фылдӕр базон брошюрӕйӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй», 5 сӕр.
● Циндзинад дын цы хӕссы, уыдӕттӕ араз.
Библийы фыст ис. «Хъӕлдзӕг зӕрдӕ хосау дзӕбӕх кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 17:22).
Йӕ хъуыды. Циндзинад нын цы хӕссы, уыдӕттӕ куы аразӕм, уӕд уый, гӕнӕн ис, не ’нӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм фӕзына.
Бафӕлвар. Циндзинад дын цы ’рхӕссы, уыдӕттӕ араз. Зӕгъӕм, хъӕлдзӕг музыкӕмӕ хъус, ныфс дӕ цы бауадза, ахӕм истытӕ кӕс кӕнӕ, цы аразын уарзыс, уый араз. Фенцондӕр ма-иу дын уыдзӕн, иннӕтӕн-иу истӕмӕй, суанг гыццыл хъуыддагӕй дӕр, куы баххуыс кӕнай, уӕд дӕр (Хъуыддӕгтӕ 20:35).
● Де ’нӕниздзинадыл тыхс.
Библийы фыст ис. «Буары уӕнгтӕ фидар кӕнын» пайда у (1 Тимофеймӕ 4:8).
Йӕ хъуыды. Не уӕнгтӕ куы фидар кӕнӕм, фаг куы фынӕй кӕнӕм ӕмӕ хӕрзхъӕд хӕринӕгтӕ куы хӕрӕм, уӕд нын уый пайда уыдзӕн.
Бафӕлвар. 15 минуты бӕрц-иу тагъд къахдзӕфтӕй арауай-бауай кӕн.
● Рох дӕ ма уӕд, царды алцыдӕр кӕй ивы, уыимӕ не ’нкъарӕнтӕ дӕр.
Библийы фыст ис. «Райсом [уыл] цы ’рцӕудзӕн, уый... нӕ зонут» (Иаковы 4:14).
Йӕ хъуыды. Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ йӕ уавӕры никуы ницы фӕивдзӕн, уӕд дӕр, чи зоны, алцыдӕр фӕива.
Дӕ уавӕр дӕм абон цыфӕнды уӕззау ма кӕса, уӕддӕр, гӕнӕн ис, райсом фӕива. Уӕдӕ, цы саразӕн ис, ууыл ахъуыды кӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:8). Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд, ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ, дӕ уавӕр фӕивдзӕн. Фӕлӕ адӕймаг йӕхи куы амара, уӕд йӕ бон ницыуал уыдзӕн саразын.
Бафӕлвар. Библийы фыст ис, йӕ ныфс-иу кӕмӕн асаст ӕмӕ-иу цӕрын кӕмӕ нал цыд, ахӕм адӕмы тыххӕй. Бакӕс уыцы адӕмы тыххӕй ӕмӕ базон, фӕстӕдӕр-иу сӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд аивта – арӕх-иу, суанг ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдысты, афтӕ. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
Цӕрын кӕмӕ нал цыд, Библийы ахӕм адӕймӕгты тыххӕй фыст ис?
Ис. Библийы фыст ис, мӕлӕтмӕ чи бӕллыд, цалдӕр ахӕм адӕймаджы тыххӕй. Хуыцау сын уый тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта, фӕлӕ сын баххуыс кодта. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр йӕ бон у баххуыс кӕнын.
Илийа
● Чи уыд? Илийа уыд хъӕбатыр пехуымпар. Фӕлӕ-иу уымӕн дӕр хатт йӕ ныфс асаст. «Илийа дӕр мах хуызӕн адӕймаг уыд»,– фыст ис Иаковы 5:17 стихы.
● Цӕрын ӕм цӕуылнӕуал цыд? Иухатт Илийамӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ иунӕг у, йӕ зӕрдӕйы тас фӕзынд, стӕй хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы уыд. Гъемӕ Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Йегъовӕ, айс мын мӕ цард» (1 Паддзӕхты 19:4).
● Цы йын баххуыс кодта? Илийа, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ Хуыцауӕн радзырдта. Ӕмӕ дзы Хуыцау ныфс куыд бауагъта? Равдыста йын, кӕй йыл тыхсти ӕмӕ йын фенын кодта, цы стыр хъару йӕм ис, уый. Стӕй ма йын бамбарын кодта, раздӕрау ӕй кӕй хъӕуы ӕмӕ йын радта хорз ӕмӕ ӕмбаргӕ ӕххуысгӕнӕг.
▸ Илийайы тыххӕй бакӕс: 1 Паддзӕхты 19:2–18.
Иов
● Чи уыд? Иов уыди хъӕздыг нӕлгоймаг, уыди йын стыр бинонтӕ. Иов ӕцӕг Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта.
● Цӕрын ӕм цӕуылнӕуал цыд? Ӕнӕнхъӕлӕджы Иовӕн йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Йӕ бирӕ мулкӕй йӕм ӕппындӕр ницыуал баззад. Йӕ цот иууылдӕр фӕмард сты. Йӕхӕдӕг та хъизӕмайраг низӕй фӕрынчын. Ӕмӕ ма йын уымӕй уӕлдай карз ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкодтой ӕмӕ йын йӕ бӕллӕхты йӕхи фӕаххосджын кодтой. Иов загъта: «Цард мын сӕнад, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды» (Иов 7:16).
● Цы йын баххуыс кодта? Иов Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ-иу адӕмимӕ ныхас кодта (Иов 10:1–3). Йе ’мбал Елиуй ын йӕ рыст бамбӕрста ӕмӕ дзы ныфс бауагъта. Уый йын баххуыс кодта йӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынӕн. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый, ӕмӕ Иов Хуыцауы уынаффӕмӕ байхъуыста ӕмӕ йын йе ’ххуысыл йӕхи нӕ атигъ кодта.
▸ Иовы тыххӕй бакӕс: Иов 1:1–3, 13–22; 2:7; 3:1–13; 36:1–7; 38:1–3; 42:1, 2, 10–13.
Моисей
● Чи уыд? Моисей уыд рагон Израилы адӕмы разамонӕг ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион пехуымпар.
● Цӕрын ӕм цӕуылнӕуал цыд? Моисейы бӕрны бирӕ хӕстӕ уыд, ӕдзух ӕй фаудтой ӕмӕ сфӕлмӕцыд. Ӕмӕ Хуыцаумӕ сдзынӕзта, амар мӕ, зӕгъгӕ (Нымӕцтӕ 11:11, 15).
● Цы йын баххуыс кодта? Моисей алцыдӕр Хуыцауӕн радзырдта. Хуыцау ын йӕ уаргъ фӕрогдӕр кодта, цӕмӕй йын фенцондӕр уыдаид.
▸ Моисейы тыххӕй бакӕс: Нымӕцтӕ 11:4–6, 10–17.
a Кӕд дӕ дӕхи амарыны хъуыдытӕ цух нӕ уадзынц ӕмӕ дӕ хиуӕттӕй дӕ фарсмӕ ничи ис, уӕд-иу бадзур, адӕймагмӕ байхъусынмӕ ӕмӕ йын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕм сты, уыцы бынӕттон службӕмӕ (телефон доверия) кӕнӕ тагъд ӕххуысмӕ.