Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фервӕзыны ныфс кӕмӕн фӕзынд, уый дзы ӕнӕхай никуыуал фӕуыдзӕн. Цымӕ уый Библимӕ гӕсгӕ раст у?

Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фервӕзыны ныфс кӕмӕн фӕзынд, уый дзы ӕнӕхай никуыуал фӕуыдзӕн. Цымӕ уый Библимӕ гӕсгӕ раст у?

Дзуапп Библийӕ

 Нӕ, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Кӕд адӕймаг Йесо Чырыстийыл баууӕндыд ӕмӕ йын уый фӕрцы фервӕзыны ныфс фӕзынд, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ уырнындзинад никуы фӕцуддзӕн ӕмӕ уыцы ныфсӕй ӕнӕхай никуы фӕуыдзӕн. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы «ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнын» (Иудӕйы 3, 5). Кӕд фыццаг ӕнусы чидӕртӕ Йесо Чырыстийыл баууӕндыдысты, уӕддӕр сын афтӕ загъд уыд: «Дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл» (Филиппӕгтӕм 2:12).

Фервӕзыны ныфс кӕмӕн фӕзынд, уый дзы ӕнӕхай никуыуал фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ, ацы хъуыды раст кӕй нӕу, уый Библийӕ цавӕр стихтӕй у бӕрӕг?

  •   Библи чырыстӕтты фӕдзӕхсы, адӕймаг Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй тыххӕй нӕ бацӕудзӕн, уыцы тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11; Галатӕгтӕм 5:19–21). Адӕймаг фервӕзыны ныфсӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзӕн, уымӕй тӕссаг куы нӕ уыдаид, уӕд ма Библи уыцы хъуыддӕгтӕй фӕдзӕхстаид? Хуыцауы Ныхасӕй бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг ногӕй тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразын райдайа ӕмӕ уырнындзинады фӕндагӕй ахауа, ӕмӕ уый тыххӕй фервӕзыны ныфсӕй ӕнӕхай фӕуа. Зӕгъӕм, Дзуттӕгтӕм 10:26 стихы фыст ис: «Кӕд, рӕстдзинад бӕлвырд куы базыдтам, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн» (Дзуттӕгтӕм 6:4–6; 2 Петры 2:20–22).

  •   Чырысти иу цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар уа, уый ахсджиаг кӕй у. Йӕхи абарста сӕнӕфсирбӕласимӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты та – уыцы сӕнӕфсирбӕласы къалиутимӕ. Чырыстийыл чи баууӕндыд ӕмӕ дыргъ чи хаста, ома йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдыста, уыдонӕй чидӕртӕ фӕстӕдӕр фӕцудыдтой ӕмӕ систы, дыргъ чи нӕ хӕссы ӕмӕ «кӕй аппарынц... ахӕм къалиуы хуызӕн». Ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзыны ныфсӕй ӕнӕхай фесты (Иоанны 15:1–6). Апостол Павел дӕр чырыстӕтты бӕласы къалиутимӕ абарста ӕмӕ бамбарын кодта, йӕ уырнындзинад фӕцудын чи бауадза, уыцы чырыстӕтты кӕй «акъуырдзысты» (Ромӕгтӕм 11:17–22).

  •   Библи чырыстӕтты фӕдзӕхсы, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ (Матфейы 24:42; 25:13). Адӕймаг уыцы фӕдзӕхст куы ницӕмӕ дара, зӕгъӕм, «талынджы хъуыддӕгтӕ» кӕнын куы райдайа кӕнӕ, Чырысти цы хъуыддӕгтӕ кӕнын бафӕдзӕхста, уыдон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы нӕ кӕна, уӕд фервӕзыны ныфсӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн (Ромӕгтӕм 13:11–13; Раргомад 3:1–3).

  •   Библийы бирӕ стихтӕй у бӕрӕг: кӕд адӕймагӕн фервӕзыны ныфс фӕзынд, уӕддӕр хъуамӕ кӕронмӕ фидар фӕлӕууа ӕмӕ иузӕрдионӕй баззайа (Матфейы 24:13; Дзуттӕгтӕм 10:36; 12:2, 3; Раргомад 2:10). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ-иу куы базыдтой, се ’мчырыстӕттӕ фӕлварӕнты фидар кӕй фӕлӕууыдысты, уӕд-иу цин кодтой (1 Фессалоникӕгтӕм 1:2, 3; 3 Иоанны 3, 4). Фӕлӕ фервӕзыны тыххӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууын ӕнӕмӕнг куы нӕ хъуыдаид, уӕд Библийы уый тыххӕй исты фыст уыдаид?

  •   Апостол Павелӕн, йӕ мӕлӕт хӕстӕг куы уыд, ӕрмӕстдӕр уӕд уыд йӕ бон зӕгъын, фервӕзыны ныфсӕй ӕнӕхай кӕй нал фӕуыдзӕн (2 Тимофеймӕ 4:6–8). Раздӕр та йӕ ӕмбӕрста, йӕ буары монцты фӕдыл куы ацӕуа, уӕд фервӕзыны ныфсӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзӕн. Павел ныффыста: «Мӕ буар хъизӕмарӕй марын ӕмӕ дзы цагъар аразын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, иннӕтӕн фехъусын кӕнгӕйӕ, мӕхӕдӕг аккаг нӕ дӕн» (1 Коринфӕгтӕм 9:27; Филиппӕгтӕм 3:12–14).