Дыууӕ нӕлгоймаджы кӕнӕ дыууӕ сылгоймаджы сӕ цард баиу кӕной, уый фӕдыл Библийы исты фыст ис?
Дзуапп Библийӕ
Бинонты цард куыд хъуамӕ уа, уымӕн Хуыцау бӕлвырд фӕтк сӕвӕрдта, зӕххон хицауӕдтӕ уый фӕдыл закъӕттӕ уадзын куы райдыдтой, уымӕй бирӕ раздӕр. Библийы фыццаг чиныджы фыст ис: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:24). Иу ӕмбарынгӕнӕн дзырдуатмӕ гӕсгӕ дзуттаг дзырд «ус» амоны, сылгоймаг чи у, ахӕм адӕймагмӕ (Vine’s Expository Dictionary of Biblical Words). Йесо Чырысти дӕр загъта, сӕ цард чи баиу кодта, уыдон кӕй хъуамӕ уой «нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг» (Матфейы 19:4).
Уӕдӕ Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ бинонтӕ сты, сӕ цард чи баиу кодта ӕмӕ цӕрӕнбонты иумӕ чи хъуамӕ уа, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг. Хуыцау нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ скодта, цӕмӕй буары кондӕй дӕр ӕмӕ миниуджытӕй дӕр кӕрӕдзиимӕ фидауой. Уый фӕрцы сӕ бон у кӕрӕдзийыл узӕлын, кӕрӕдзи сӕ уарзтӕй рӕвдауын ӕмӕ цот уадзын.