Йесо Чырыстийы царды тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн ис?
Дзуапп Библийӕ
Библийы фысджытӕй иу, Лука, цалынмӕ Йесо Чырыстийы царды хабӕрттӕ ныффыстаид, уӕдмӕ уал «ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд кодта» (Лукайы 1:3).
Чырыстийы царды хабӕрттӕ фыст сты цыппар Евангелийы. Ныффыстой сӕ, йемӕ иу рӕстӕджы чи цард, уыдон – Матфей, Марк, Лука ӕмӕ Иоанн. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй нӕ эрӕйы 4-ӕм ӕнусы Евангелитӕ ивд ӕрцыдысты.
Фӕлӕ 20-ӕм ӕнусы райдианы Египеты ссардтой Иоанны Евангелийӕ иу ахсджиаг скъуыддзаг. Хонынц ӕй Райленды папирус 457 (P52) ӕмӕ ис Джон Райленды библиотекӕйы горӕт Манчестеры (Англи). Уыцы скъуыддзаджы цы фыст ис, уый абоны Библиты у Иоанны 18:31–33, 37, 38.
Райленды папирус у Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕппӕты рагондӕр къухфыст. Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ зӕгъынц, ацы папирус фыст кӕй ӕрцыд н. э. 125 азмӕ ӕввахс – ома уыцы ныхӕстӕ фыццаг хатт сӕ куы ныффыстой, уымӕй 25 азы йеддӕмӕ куы нӕма рацыд, уӕд. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы скъуыддзаг ӕппындӕр нӕ хицӕн кӕны, фӕстӕдӕр кӕй скодтой, уыцы къухфыстытӕй.