Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Цы у мӕ бон саразын, цӕмӕй-иу мӕ уроктӕ иууылдӕр скӕнон?

Цы у мӕ бон саразын, цӕмӕй-иу мӕ уроктӕ иууылдӕр скӕнон?

 «Уроктӕ кӕныныл ӕхсӕвы иу сахатмӕ бадын тынг зын у. Тагъддӕр ма хуыссӕнмӕ бахӕццӕ у, адӕймаг ӕндӕр ницӕуыл фӕхъуыды кӕны» (Дэвид).

 «Иуӕй-иу хатт-иу мӕ уроктӕ райсомы фондзы ӕрдӕгмӕ фӕкодтон ӕмӕ-иу ӕхсӕзыл та скъоламӕ сыстадтӕн. Уый худӕг уыди!» (Терезӕ).

 Дӕуӕн дӕр бирӕ уроктӕ раттынц? Кӕд о, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн.

 Ахуыргӕнджытӕ хӕдзармӕ куыстытӕ цӕмӕн фӕдӕттынц?

 Хӕдзармӕ куыстыты фӕрцы, зӕгъӕм...

  •   ног цыдӕртӕ базоныс

  •   ахуыр кӕныс, цы дын бахӕс кӕнынц, уый, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ афоныл ӕххӕст кӕнын

  •   ахуыр кӕныс дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнын

  •   урокты цы фехъусыс, уый бахъуыды кӕныс ӕмӕ дзы стӕй дӕ бон вӕййы спайда кӕнын a

 «Ахуыргӕнджытӕ хӕдзармӕ куыстытӕ уый тыххӕй фӕдӕттынц, цӕмӕй-иу ахуыргӕнинӕгтӕ, цы фӕахуыр кӕнынц, уый бахъуыды кӕной, иу хъусы сын батӕха ӕмӕ иннӕйӕ ратӕха нӕ, фӕлӕ» (Мари).

 Зӕгъӕм, математикӕ, физикӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм предметты фӕрцы сахуыр уыдзынӕ зын фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын. Ӕмӕ ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уый фӕрцы магъзы нервыты кълеткӕты ’хсӕн фӕзыны ног бастдзинӕдтӕ. Уӕдӕ хӕдзармӕ куыстытӕ сты тренировкӕ магъзӕн!

 Хӕдзармӕ куыстытӕ кӕнын уарзыс ӕви нӕ, уӕддӕр сӕ кӕнын хъӕуы. Кӕд дӕ бон афтӕ бакӕнын нӕу, цӕмӕй дын къаддӕр хӕдзармӕ куыстытӕ дӕттой, уӕддӕр дӕ бон у, ӕмӕ-иу сӕ къаддӕр рӕстӕгмӕ скӕнай. Фенӕм, уый куыд ис аразӕн.

 Уынаффӕтӕ

 Кӕд дӕм дӕ уроктӕ кӕнын зын кӕсы, уӕд дын, чи зоны, иу цыдӕр баххуыс кӕна: дӕ уроктыл фылдӕр тыхтӕ хардз кӕныны бӕсты ӕмбаргӕйӕ архай. Афӕлвар афтӕ бакӕнын.

  •   1 уынаффӕ. Рагацау пълан кӕн. Библийы фыст ис: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Дӕ уроктӕ кӕнынӕн дӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕрцӕттӕ кӕн, цӕмӕй-иу дӕ фӕгӕпп-фӕгӕпп кӕнын ма хъӕуа.

     Стӕй равзар, кӕм дӕ ницы хъыгдардзӕн, ахӕм бынат. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, уроктӕ кӕнын ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, сабыр кӕм у ӕмӕ рухс дзӕбӕх кӕдӕм кӕлы, ахӕм къомнӕты. Иннӕтӕн та сӕ уроктӕ кӕнын ӕнцондӕр у, зӕгъӕм, библиотекӕйы.

     «Дӕ пълӕнттӕ искуы куы фыссай, зӕгъӕм, блокноты, уӕд дын дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Цы саразын дӕ хъӕуы ӕмӕ кӕдмӕ, уый-иу куы ныффыссай, уӕд дын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн» (Ричард).

  •   2 уынаффӕ. Дӕ уроктӕй кӕцы кӕй фӕдыл кӕндзынӕ, ууыл ахъуыды кӕн. Библийы фыст ис: «Алцыдӕр [уӕм] уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Коринфӕгтӕм 14:40). Уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕн, фыццаг кӕцы хӕслӕвӕрдтӕ скӕндзынӕ, уый фӕстӕ та кӕцытӕ.

     Иуӕй-иутӕ райдайынц зындӕр уроктӕй. Иннӕтӕ та фыццаг ӕнцондӕртӕ скӕнынц. Равзар, дӕуӕн ӕнцондӕр кӕцытӕй уыдзӕн райдайын.

     «Цы аразын дӕ хъӕуы ӕмӕ сӕ фӕд-фӕдыл куыд араздзынӕ, уыдӕттӕ куы ныффыссай, уӕд ӕй зондзынӕ, дӕ уроктӕй дӕ кӕй ницы ферох, стӕй дӕм афтӕ бирӕ нӕ кӕсдзысты» (Хайди).

  •   3 уынаффӕ. Дӕ уроктӕ кӕныныл фӕстӕ ма кӕн. Библийы фыст ис: «Уӕ хъуыддӕгты зивӕггӕнаг ма ут» (Ромӕгтӕм 12:11). Ма уадз, цӕмӕй дӕ дӕ уроктӕ скӕнынӕн цы рӕстӕг хъӕуы, уый дын ӕндӕр хъуыддӕгтӕ давой, дӕ зӕрдӕ сӕм цыфӕнды тынг ма ’хсайа, уӕддӕр.

     Ракӕ-бакӕ кӕнын чи сахуыр, уыдон алцыдӕр къуырцдзӕвӕнмӕ ӕрхӕссынц кӕнӕ, цы фӕкӕнынц, уый ӕнӕбары кӕндтытӕ акӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ахуыр дӕр ӕмӕ сӕ куыстытӕ дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ вӕййынц. Дӕ уроктӕ кӕнынмӕ-иу гӕнӕн уӕвгӕйӕ тагъддӕр куы бавналай, уӕд-иу ӕнӕхъуаджы нӕ тыхсдзынӕ.

     «Мӕ уроктӕ-иу, скъолайӕ-иу куыддӕр ӕрбацыдтӕн, афтӕ куы скодтон кӕнӕ-иу мын исты хӕслӕвӕрд куы радтой, уӕд-иу ӕй уайтагъд куы райдыдтон кӕнын, уӕд-иу уый фӕстӕ нал мӕт кодтон. Стӕй ма-иу мын ӕндӕр хъуыддӕгтӕн дӕр рӕстӕг баззад» (Серинӕ).

     БАФӔЛВАР: алы бон дӕр-иу дӕ уроктӕ уыцы иу рӕстӕг кӕн. Уӕд дӕхиуыл хӕцын ахуыр кӕндзынӕ ӕмӕ-иу дӕ рӕстӕг ӕндӕр цӕуылдӕрты нӕ бахардз кӕндзынӕ.

  •   4 уынаффӕ. Дӕ хъуыдытӕ дӕ уроктыл уӕнт. Библийы фыст ис: «Дӕ цӕстӕнгас комкоммӕ дӕ фӕндагмӕ сараз» (Ӕмбисӕндтӕ 4:25). Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ дӕ уроктӕ кӕнгӕйӕ ӕндӕр истӕмӕ ма кӕсай. Уый сӕйраджыдӕр хауы телефонмӕ, планшетмӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм цӕмӕдӕрты.

     Интернеты-иу истӕмӕты куы кӕсай кӕнӕ-иу искӕмӕ истытӕ куы фыссай, уӕд-иу дын дӕ уроктӕ кӕныныл дыууӕ хатты фылдӕр рӕстӕг ацӕудзӕн. Фӕлӕ дӕ хъуыдытӕ дӕ уроктыл куы уой, уӕд-иу къаддӕр мӕт кӕндзынӕ ӕмӕ дын ӕндӕр хъуыддӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн.

     «Телефон, компьютер, видеоприставкӕ ӕмӕ телевизоримӕ уроктӕ кӕнын зын у. Ӕз мӕ телефон, стӕй ма мӕ ноджыдӕр цы хъыгдардзӕн, уыдӕттӕ ахуыссын кӕнын» (Джоуэл).

  •   5 уынаффӕ. Ӕмбаргӕ у. Библи зӕгъы: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр» (Филиппӕгтӕм 4:5). Дӕ уроктӕ кӕнынӕй-иу куы афӕллайай, уӕд-иу иу гыццыл аулӕф: атезгъо кӕн, велосипедыл арацу-бацу кӕн кӕнӕ иу гыццыл азгъор.

     Кӕд дӕм уӕддӕр афтӕ кӕса, ӕмӕ дӕ хӕдзармӕ куыстытӕ ӕгӕр бирӕ вӕййынц, уӕд дӕ ахуыргӕнджытимӕ аныхас кӕн. Куы йӕ уыной, ӕмӕ дӕ тых дӕ бонӕй архайыс, уӕд дын, чи зоны, дӕ хӕслӕвӕрдтӕ фӕкъаддӕр кӕной.

     «Дӕ урокты тыххӕй дын дӕ цард ма фенад уӕд. Дӕ бон цы у, уый араз, фӕлӕ сыл дӕхи бынтон ма мар. Хӕдзармӕ куыстытӕ уый аргъ не сты, цӕмӕй дӕм цӕрын мауал цӕуа» (Джулийӕ).

 Ахъуыды кӕн:

  •   «Мӕ уроктӕ кӕнынӕн мӕ цы бахъӕудзӕн?»

  •   «Мӕ уроктӕ кӕнынӕн хуыздӕр рӕстӕг кӕд у?»

  •   «Мӕ уроктӕ кӕнын мын ӕнцондӕр кӕм уыдзӕн?»

  •   «Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй-иу мӕ уроктӕ кӕныныл фӕстӕ ма кӕнон?»

  •   «Мӕ уроктӕ кӕнын мӕ цы фӕхъыгдары?»

  •   «Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй мӕ, зӕгъӕм, мӕ телефон, планшет кӕнӕ ӕндӕр цыдӕртӕ ма хъыгдарой?»

  •   «Мӕ бон куыд у ӕмбаргӕйӕ архайын?»

 БАХЪУЫДЫ КӔН: дӕ хӕслӕвӕрд, ома дӕ цы саразын хъӕуы, уый, хорз куы нӕ бамбарай, уӕд-иу ахуыргӕнӕджы бафӕрс, цалынмӕ къласӕй нӕ рацӕуай, уӕдмӕ.

a Ацы хъуыдытӕ ист сты Жаннӕ Шуммы чиныгӕй «Скъолайы тых» (School Power).