Порнографийыл фӕцахуыр дӕн, ӕмӕ куыд бакӕнон?
Дӕ бон цы у аразын
Порнографи ӕцӕгӕй цы у, уый уал бамбар. Йегъовӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сфӕлдыста рӕсугъд нывы хуызӕн, порнографи та уыцы нывыл цъыф калы. Ӕмӕ уый куы ӕмбарай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн «ӕвзӕрдзинадӕй де сӕфт уынын» (Псалом 97:10).
Цӕмӕ дӕ ӕркӕндзӕн, ууыл ахъуыды кӕн. Порнографийы кӕй ӕвдисынц, уыдон дӕр ӕмӕ йӕм чи кӕсы, уыдон дӕр сӕхи ӕгад кӕнынц, стӕй ма сын уый сӕ зондахаст дӕр халы. Библийы ис хорз фӕдзӕхст: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).
Дӕхицӕн дзырд ратт. Кӕддӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг загъта: «Ӕз мӕ цӕстытимӕ скодтон бадзырд. Ӕмӕ ма уӕд чызджытӕм куыд хъуамӕ кастаин?» (Иов 31:1). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕхицӕн дзырд раттын мӕнӕ ацы хъуыддӕгты:
Иунӕгӕй куы уон, уӕд Интернетӕй нӕ пайда кӕндзынӕн.
Ӕнӕнхъӕлӕджы хӕлд нывтимӕ цы сайттӕ байгом вӕййынц, уыдон-иу ӕвиппайды бахгӕндзынӕн.
Мӕхиуыл куы нӕ фӕхӕцон ӕмӕ та порнографимӕ куы бакӕсон, уӕд ӕй, кӕуыл ӕууӕндын, ахӕм ӕмбалӕн радзурдзынӕн.
Уый тыххӕй кув. Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодта: «Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ мацӕмӕ бауадз кӕсын» (Псалом 119:37). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕнтыстджын уай. Ӕмӕ йӕм куы кувай, уӕд дын хъарутӕ ратдзӕн, раст цы у, уый аразынӕн (Филиппӕгтӕм 4:13).
Искӕимӕ аныхас кӕн. Адӕймаг, кӕуыл ӕууӕнды, ахӕм ӕмбалимӕ куы аныхас кӕны, уӕд ын уый стыр ӕххуыс вӕййы, цӕмӕй порнографимӕ мауал кӕса (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
Дӕ зӕрдыл дар: порнографийыл куы сӕмбӕлай ӕмӕ дзы дӕхи дард куы айсай, уӕд уый ис абарӕн, цыма тохы быдыры фӕуӕлахиз дӕ, уыимӕ. Кӕй фӕуӕлахиз дӕ, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн радзур ӕмӕ йын бузныг зӕгъ, хъарутӕ дын кӕй радта, уый тыххӕй. Порнографийӕ дӕхи куы хизай, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).