ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Куыд сахуыр уон пайда хӕринӕгтӕ хӕрын?
Ӕвӕццӕгӕн ӕй зоныс, адӕймаг пайда хӕринӕгтӕ куы нӕ хӕра, уӕд уый йе ’нӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕзындзӕн. Ӕрыгонӕй ӕнӕпайда хӕринӕгтӕ чи фӕхӕры, уый сӕ арӕх стырӕй дӕр фӕхӕры. Уӕдӕ хӕрзхъӕд хӕринӕгтӕ хӕрын куы сахуыр уай, уӕд уый дӕхи пайдайӕн уыдзӕн.
Пайда хӕринӕгтӕм цы хауы?
Библийы фыст ис, «алцӕмӕй дӕр бӕрц зонут», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый хауы хӕринагмӕ дӕр (1 Тимофеймӕ 3:11). Ацы уагӕвӕрд нӕ зӕрдыл дарӕм, афтӕмӕй ӕркӕсӕм цалдӕр ахсджиаг хъуыддагмӕ.
Пайда хӕринӕгтӕм хауынц алыхуызон хӕринӕгтӕ. Дзырд цӕуы фондз хуызы хӕринӕгтыл: ӕхсыры хӕринӕгтӕ, белок кӕм ис, ахӕм хӕринӕгтӕ, дыргътӕ, халсартӕ ӕмӕ хорӕй конд хӕринӕгтӕ. Иуӕй-иутӕ адонӕй кӕцыдӕртӕ нал фӕхӕрынц, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уӕд фӕмӕллӕгдӕр уыдзысты. Фӕлӕ афтӕмӕй буарӕн нал фӕфаг кӕны ӕнӕмӕнгхъӕугӕ буаргъӕдтӕ.
Бафӕлвар. Раиртас кӕнӕ дохтыры бафӕрс, алыхуызон хӕринӕгты цы буаргъӕдтӕ ис, уыдон цы пайда сты, уымӕй.
Зӕгъӕм, углеводты фӕрцы адӕймаджы тых бацӕуы. Белоктӕ ӕххуыс кӕнынц инфекцитимӕ тох кӕнынӕн ӕмӕ архайынц, зӕгъӕм, кълеткӕты арӕзтады. Кӕцыдӕр жиртӕ та (цас хъӕуы, уыйбӕрц дзы куы хӕрай, уӕд) хъахъхъӕнынц зӕрдӕйы низтӕй, ӕмӕ уыдоны фӕрцы адӕймаг йӕхи хорз фӕхаты.
«Ӕз фӕархайын, цӕмӕй-иу алыхуызон хӕринӕгтӕ хӕрон. Стӕй, мӕнмӕ гӕсгӕ, хатт исты адджинаг кӕнӕ фастфуд ахӕрын дӕр ницы кӕны. Фӕлӕ хъуамӕ ӕрмӕст уыдӕттӕ ма хӕрай. Алцӕмӕй дӕр бӕрц зонын хъӕуы» (Брендӕ).
Дӕ хӕрд дын пайда хӕсдзӕн, дӕ буарӕн «фыдӕвзарӕнтӕ» куы нӕ кӕнай, уӕд. Уый куыд ӕмбарын хъӕуы? Зӕгъӕм, фаг куы нӕ хӕрай кӕнӕ дӕхи ӕххормагӕй куы марай ӕмӕ-иу стӕй фырхӕрд куы бакӕнай, йе та, цы уарзыс, уыдӕттӕ ӕппындӕр куы нал хӕрай.
Бафӕлвар. Иу мӕйы дӕргъы дӕ хъус дар, цы фӕхӕрыс, уымӕ. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы «фыдӕвзарӕнтӕй» искӕцыйӕ дӕ бон у зӕгъын, ӕз дӕр афтӕ арӕх фӕкӕнын, зӕгъгӕ? Дӕ бон цы у фӕивын, цӕмӕй дын дӕ хӕрд пайда хӕсса?
«Кӕцыдӕр бонты-иу хордтон, бирӕ калоритӕ кӕм уыд, ахӕм хӕринӕгтӕ, ӕндӕр бонты та-иу, тынг гыццыл калоритӕ кӕм уыд, ӕрмӕстдӕр ахӕм хӕринӕгтӕ. Ӕппынфӕстаг мӕхицӕн загътон, иунӕг калори дӕр нал нымайдзынӕн, фырхӕрд нал кӕндзынӕн ӕмӕ-иу куыддӕр бафсӕдон, афтӕ-иу мӕ дзыхмӕ иу комдзаг дӕр нал сисдзынӕн. Уымӕн бахъуыд рӕстӕг, фӕлӕ ныр зонын, цы хӕрын хъӕуы ӕмӕ куыд хӕрын хъӕуы, уый» (Хейли).
Цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй пайда хӕринӕгтӕ хӕрын сахуыр уон?
Рагацау-иу ахъуыды кӕн. Библийы фыст ис: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй [кӕнӕ пълӕнттӕй] ис пайда» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй пайда хӕринӕгтӕ хӕрын сахуыр уай, уӕд-иу рагацау ахъуыды кӕн, цы бахӕрдзынӕ, ууыл.
«Цӕмӕй пайда хӕринӕгтӕ хӕрай, уый тыххӕй фӕхъӕуы, цы бахӕрдзынӕ, ууыл рагацау ахъуыды кӕнын. Фылдӕр хатт пайда хӕринаг фӕхъӕуы хӕдзары скӕнын. Кӕд уый афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у, стӕй йыл къаддӕр ӕхца ацӕуы» (Томас).
Ӕнӕпайда хӕринӕгтӕ пайда хӕринӕгтӕй баив. Библийы фыст ис: «Фидар хӕц куырыхон зондыл» (Ӕмбисӕндтӕ 3:21). Зондӕй куы архайай, уӕд-иу ног цыдӕртӕ ӕрхъуыды кӕндзынӕ ӕмӕ дын пайда чи сты, ахӕм хӕринӕгтӕ хӕрын сахуыр уыдзынӕ.
«Ӕз райдыдтон уымӕй, ӕмӕ-иу алы бон дӕр исты ӕнӕпайда хӕринаджы бӕсты бахордтон пайда хӕринаг. Зӕгъӕм, адджинаг бахӕрыны бӕсты-иу бахордтон фӕткъуы. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕмӕй алы бон дӕр ӕнӕпайда хӕринӕгтӕй бирӕтӕ ивын райдыдтон пайда хӕринӕгтӕй!» (Киа).
Дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом. Библийы фыст ис: «Адджынӕн хӕр дӕ къӕбӕр» (Екклесиаст 9:7). Пайда хӕринӕгтӕ хӕрын ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дын хъуамӕ хӕринаг циндзинад ма хӕсса кӕнӕ дӕ алы комдзагыл дӕр хъуыды кӕнай. Кӕд дӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы фӕмӕллӕгдӕр кӕнын, уӕддӕр дӕ нысан у, цӕмӕй ӕнӕниз уай. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ у ӕмӕ дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом.
«Ӕрӕджы 14 килӕйы бӕрц аппӕрстон. Мӕхи ӕххормагӕй нӕ мардтон, алцыдӕр хордтон, стӕй-иу искуы иу хатт адджинаг дӕр ахордтон. Ӕмбӕрстон ӕй, уайтагъд кӕй не смӕллӕг уыдзынӕн ӕмӕ, цы ӕмӕ цас хӕрын, уымӕ мӕ ӕркӕсын кӕй хъуыд» (Мелани).