30 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)
1. Хӕран гъуддӕгтӕмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?
(10 мин.)
Дӕ гъудий дарӕ: уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй Йеговӕ фудгъуддаг искӕна (Иов 34:10; wp19.1 8 ф., 2 абз.).
Ка ’й зонуй, кӕмӕдӕр уотӕ кӕсуй, цума лӕгъуз адӕн сӕ хӕран гъуддӕгти туххӕй ӕфхуӕрд нӕ баййафдзӕнцӕ; фал си Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй дзуапп байагордзӕй (Иов 34:21–26; w17.04 10 ф., 5 абз.).
Иннети хӕран гъуддӕгти туххӕй ка гъезӕмарӕ кӕнуй, уонӕн банхус кӕнунмӕ тӕккӕ хуӕздӕр фадуат ӕй Йегови туххӕй син радзорун (Иов 35:9, 10; Мф 28:19, 20; w21.05 7 ф., 19, 20 абз.).
2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай
(10 мин.)
Иов 35:7. Елиуййи ци зӕгъун фӕндадтӕй, Иови уотӕ ку бафарста: «Дӕ къохӕй [Хуцау] ести райсуй?» (w17.04 29 ф., 3 абз.)
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?
3. Библи кӕсӕн
(4 мин.): Иов 35:1–16 (th 10 урок)
4. Дзубанди ку райдайай
(3 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Адӕймагӕн Библий ахури туххӕй зӕгъӕ (lmd 10 урок, 3 пункт).
5. Дзубанди ку райдайай
(4 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Минкъий сувӕллӕнттӕ кӕмӕн ес, уомӕн сайти jw.org бавдесӕ, ниййергутӕн пайда ка уодзӕй, уӕхӕн ӕрмӕг куд ес иссерӕн, уой (lmd 1 урок, 4 пункт).
6. Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй
(5 мин.) lff-U 13 урок, 5 дӕлс. (lmd 11 урок, 3 пункт).
58 зар
7. Хуарз хабар фегъосун кӕнунмӕ дин фадуат ку фӕззиннуй, уӕд си испайда кӕнис?
(15 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.
Апостол Павел Тимофеййи разӕнгард кодта: «Игъосун кӕнӕ Хуцауи дзурд, еци гъуддаг кӕнӕ ӕвӕстиатӕй» (2Тм 4:2). Дзурдбаст «еци гъуддаг кӕнӕ ӕвӕстиатӕй» тӕлмацгонд ӕрцудӕй грекъаг миуӕвдесӕгӕй. Еци миуӕвдесӕгӕй фӕппайда кӕниуонцӕ, алкӕддӕр ӕвӕстиатӕй архайунмӕ цӕттӕ ка адтӕй, уӕхӕн ӕфсӕддон кенӕ гъӕуайгӕнӕгбӕл дзурд ку фӕццӕуидӕ, уӕд. Ӕма мах дӕр алкӕддӕр фӕффӕндуй адӕймаги хӕццӕ ӕнӕуой естӕбӕл дзоргӕй хуарз хабар радзорунмӕ фадуӕттӕ агорун.
Йегови ке уарзӕн ӕма е ’гас хуарздзийнӕдти туххӕй си боз ке ан, е нӕ разӕнгард кӕнуй ӕ дессаги менеугути туххӕй иннетӕн дӕр дзорун.
Бакӕсӕ Псалом 71:8. Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:
Иннетӕн дӕ Йегови туххӕй радзорун ци фӕндадтайдӕ?
Адӕни ке уарзӕн, е дӕр нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй син хуарз хабар дзорӕн, фадуат нин ку фӕззиннуй, уӕд.
Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Как сотни людей нашли истину». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:
Не ’нсувӕр е ’мкосӕги хӕццӕ ке радзурдта, уой фӕрци сӕдӕгай адӕн Библий рӕстдзийнадӕ куд базудтонцӕ?
Раздӕр аргъауӕнмӕ ка цудӕй, етӕ Библи ахур кӕнун ке райдӕдтонцӕ, е сӕбӕл куд рабӕрӕг ӕй?
Адӕни ке уарзӕн, е нӕ куд разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй син хуарз хабар дзорӕн, фадуат нин ку фӕззиннуй, уӕд?
Куд дӕмӕ кӕсуй, адӕнӕн хуарз хабар игъосун кӕнун, фадуат нин ку фӕззиннуй, уӕд – е хуарз мадзал цӕмӕн ӕй, цӕмӕй адӕн Йегови базононцӕ?
8. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ
(30 мин.) bt-U 4 сӕри рамкӕ 33 ф.