НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ нин ӕнхус кӕнуй фӕлварӕнти
Аци фӕстаг бӕнтти ни алкедӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлуй. Хатгай нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма сӕ не ’сфӕраздзиан. Фал Йеговӕмӕ ку хӕстӕг кӕнӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй уӕззау фӕлварӕнти дӕр федар фӕллӕуун (Ис 43:2, 4). Цума имӕ нӕ бон куд ӕй хӕстӕгдӕр кӕнун?
Кувд. Нӕ тухститӕ Йеговӕн ку фӕдздзорӕн, уӕд нин раттуй хъауритӕ ӕма нӕ зӕрди фарнӕ фӕууй (Фп 4:6, 7; 1Фс 5:17).
Ӕмбурдтӕ. Не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уинун абони куд ӕхсидзгӕ ’й, уотӕ некӕдма. Уой туххӕй ба гъӕуй ӕмбурдтӕмӕ цӕун (Дзт 10:24, 25). Нӕхе ку фӕццӕттӕ кӕнӕн, залмӕ ку ’рбацӕуӕн ӕма дзуӕппитӕ ку фӕддӕттӕн, уӕд нӕ Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй исхайгин кӕнуй (Рар 2:29).
Лӕггадӕ. Куд фулдӕр игъосун кӕнай, уотӕ дин ӕнцондӕр уодзӕй хуарз цӕбӕлдӕрти сагъӕс кӕнун, зиндзийнӕдтӕбӕл нӕ, фал. Уомӕй уӕлдай ма игъосун кӕнгӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ дӕр (1Кр 3:5–10).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИЕГОВА ПРИМЕТ ТЕБЯ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Малуйӕн ци банхус кодта зин рӕстӕгути Йеговӕй ма раидард ун?
-
Псалом 34:18 финст дзурдтӕ Малуй куд бафедар кодтонцӕ ӕма мах дӕр куд бафедар кӕндзӕнцӕ?
-
Малуй хабарӕй куд зиннуй, Йеговӕ нин ке ратдзӕй, «адӕймагмӕ ка нӕййес, уӕхӕн хъаурӕ»? (2Кр 4:7).