Киристе беретӕн хуӕруйнаг дӕттуй цалдӕр адӕймагей къохӕй
Н. э. 32 анзи Комуадзӕни размӕ Киристе дессаг искодта. Ӕрмӕстдӕр еци дессаг ӕрцудӕй финст цуппар Евангелий дӕр.
Киристе еци дессаг ку искодта, уӕд уомӕй бавдиста федӕни ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн хуӕруйнаг куд дӕтдзӕй, уой.
-
Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта, цӕмӕй дуйне адӕнӕн бахуӕрун кодтайуонцӕ, кӕд сӕмӕ фондз дзоли ӕма дууӕ кӕсалгемӕй ӕндӕр неци адтӕй, уӕддӕр
-
Киристе райста дзолтӕ ӕма кӕсӕлгитӕ, искувта, ӕма сӕ уой фӕсте апостолтӕн дӕттун райдӕдта, етӕ ба сӕ адӕнбӕл иурстонцӕ
-
Дессаг е ӕй, ӕма хуӕруйнаг алкӕмӕндӕр рахъӕрдтӕй ӕма ма си байзадӕй. Киристе мингай адӕнӕн бахуӕрун кодта цалдӕр адӕймагей къохӕй – ӕ ахуркӕнуйнӕгти къохӕй
-
Киристе загъта, фӕстаг бӕнтти ке иснисан кӕндзӕй, ӕ адӕнӕн хуӕруйнаг афойнадӕбӕл ка дӕтдзӕй, уӕхӕн къуар (Мф 24:45)
-
1919 анзи Киристе иснисан кодта «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари», исӕрст ӕнсувӕрти минкъий къуар. «Ӕ хӕдзаронти сӕ барӕ бакодта», цӕмӕй син хуӕруйнаг дӕттонцӕ
-
Еци исӕрст ӕнсувӕрти къуари фӕрци, Киристе фиццаг ӕноси куд бакодта, уотӕ мах рӕстӕги дӕр беретӕн ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг дӕттуй
Куд ӕй мӕ бон бавдесун, Киристе ӕууӕндундзийнадӕ фӕдаргӕнӕн хуӕруйнаг ци исӕрст ӕнсувӕрти фӕрци дӕттуй, уонӕбӕл ӕууӕнкӕ ке ес ӕма сӕ хъиамӕтӕн ке аргъ кӕнун, уой?