12–18 сентябри
ПСАЛОМТӔ 120–134
33 зар ӕма кувд
Раздзурд (3 мин. кенӕ минкъийдӕр)
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Ӕнхусгӕнӕг мин ӕй Йеговӕ» (10 мин.)
Пс 121:1, 2. Йеговӕ Дуйнесфӕлдесӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ибӕл нӕ бон ӕй нӕ нифс дарун (w05-OSS 1/1 7 ф., 3 абз.)
Пс 121:3, 4. Йеговӕ алкӕддӕр лӕмбунӕг ӕй ӕ лӕггадгӕнгутӕ ци гъӕуагӕ ’нцӕ, уомӕ (w05-OSS 1/1 7 ф., 4 абз.)
Пс 121:5–8. Йеговӕ ӕй ӕ адӕни еузӕрдон гъӕуайгӕнӕг (w05-OSS 1/1 8 ф., 5–7 абз.)
Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай (8 мин.)
Пс 123:2. Дзурдтӕ, «лӕггадгӕнгутӕ сӕ хецауи къохмӕ фӕккӕсунцӕ», зӕгъгӕ, куд лӕдӕргӕ ӕнцӕ? (w06-OSS 1/9 15 ф., 3 абз.)
Пс 133:1–3. Аци псаломӕй ци гъуддӕгтӕбӕл ахур кӕнӕн, уонӕй еу цӕхуӕн ӕй? (w06-OSS 1/9 16 ф., 2 абз.)
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕй Йегови туххӕй ци базудтон?
Аци къуӕре Библи кӕсгӕй ци гъудитӕ иссирдтон, уонӕй игъосун кӕнгӕй куд испайда кӕндзӕн?
Библи кӕсӕн (4 мин. кенӕ минкъийдӕр): Пс 127:1–129:8
АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ
Фиццаг бацуд (2 мин. кенӕ минкъийдӕр): брошюрӕ «Удӕнцой ссарӕн кӕм ис?» (bp174), ӕндаг цъарӕ. Дзубанди кӕнис, мӕстгунӕй дӕмӕ ка исдзурдта, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ.
Дуккаг бацуд (4 мин. кенӕ минкъийдӕр): брошюрӕ «Удӕнцой ссарӕн кӕм ис?» (bp174), ӕндаг цъарӕ. Адӕймагӕн зӕгъӕ, ӕмбурдмӕ ’й ке хонис.
Библий ахур (6 мин. кенӕ минкъийдӕр): испайда кӕнӕ пъланӕй «Хуцау цӕмӕн уадзуй, цӕмӕй Сайтан аци дуйней хецау уа?». Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уомӕн ӕнхус кӕнис, ци базудта, уомӕ гӕсгӕ архайун.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
114 зар
«Йегови хуӕрздзийнӕдтӕ мӕ бон банимайун дӕр нӕ ’й!» (15 мин.). Бавдесӕ аци видеоролик. Аци фарстатӕбӕл радзубанди кӕнтӕ: Йеговӕ Кристӕлӕн куд банхус кодта, ӕма ’й е цӕмӕ баразӕнгард кодта? Ци кодта, цӕмӕй ӕ уӕззау сагъӕстӕбӕл фӕууӕлахез адтайдӕ? Кристӕли хабар дин куд банхус кодта?
Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ (30 мин.): ia-OSS «Кӕронбӕттӕн», 1–13 абз.
Аци ӕма иннӕ къуӕрей ӕхсидзгӕ гъудитӕ (3 мин.)
119 зар ӕма кувд