Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Акилӕ ӕма Прискиллӕ куд уодуӕлдай ӕма рӕдау адтӕнцӕ, уомӕй нин ӕнцӕ фӕнзуйнаг

Акилӕ ӕма Прискиллӕ куд уодуӕлдай ӕма рӕдау адтӕнцӕ, уомӕй нин ӕнцӕ фӕнзуйнаг

Павел ӕ финстӕги Ромӕгтӕмӕ ниффинста: «Мӕ номӕй салӕмттӕ раттетӕ Прискӕ ӕма Акилӕн, ме ’мкосгутӕн Йесо Киристей гъуддаги. Етӕ мӕн туххӕй минкъийтӕбӕл сӕ цардӕй дӕр нӕ фенӕхай ӕнцӕ, ӕма си айдагъ ӕз нӕ дӕн боз, фал иннӕ адӕнихӕттитӕй ӕмбурдтӕ еугурӕйдӕр» (Ро 16:3, 4). Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, Павел Акилӕ ӕма Прискиллӕн куд аргъ кодта ӕма сӕ куд берӕ уарзта, е. Цума сӕ Павел ӕма иннӕ ӕмбурдтӕ цӕмӕн уарзтонцӕ?

ФАРСТАТӔ:

  • Апостол Павел Акилӕ ӕма Прискиллӕн хъӕбӕрдӕр цӕй туххӕй аргъ кодта? (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 18:1–4, 11.)

  • Сӕхе цӕмӕй фӕццох кодтонцӕ? (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 16:3, 4.)

  • Йеговӕ син куд райарфӕ кодта? (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 1:11, 12.)

  • Нӕ бон куд ӕй Хуцауи Паддзахади гъуддагӕн ӕнхус кӕнун?

  • Нӕ бон куд ӕй Акилӕ ӕма Прискилли фӕнзун? (Ро 16:4).