НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ уин уӕ хъиамӕт нӕ феронх кӕндзӕй
Хатгай нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма нин иннетӕ нӕ хъиамӕтӕн нӕ аргъ кӕнунцӕ ӕма нин нӕ хуарз гъуддӕгтӕ уайтагъд феронх кӕнунцӕ. Фал Йеговӕй ба ци ес зӕгъӕн? Йеговӕ ӕй боззӕрдӕ ӕма некӕд феронх кӕндзӕй, ӕгас зӕрдӕй ин ке лӕггадӕ кӕнӕн, уой. Ӕма кӕд раздӕри хузӕн лӕггадӕ кӕнун нӕ бон нӕбал ӕй, уӕддӕр нӕ Йеговӕ нӕ ниууадздзӕй (Дзт 6:10).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИЕГОВА ВСЁ ПОМНИТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Ӕнсувӕр Хибшман Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй цӕхуӕн ихӕстӕ ӕнхӕст кодта?
-
Цӕмӕй бӕрӕг адтӕй, Йеговӕ ӕнсувӕр Хибшмани ке нӕ феронх кодта, ӕ бийнойнаг ку фӕззиан ӕй ӕма ибӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ку ’руагътонцӕ, уӕд?
-
Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма ӕнсувӕр Хибшман ӕнхӕст рӕстӕг лӕггадӕ кӕнгӕй зӕрдӕрохс ӕма амондгун адтӕй? (Ӕм 10:22)