«Ке уи фӕндуй, цӕмӕй кадгиндӕр уа, е уин гъӕуама уа лӕггадгӕнӕг»
Сӕрбӕрзонд киунугидӕснитӕ ӕма фарисейтӕ алцидӕр кодтонцӕ адӕни цӕстӕмӕ, фӕндадтӕй сӕ, цӕмӕй син кадӕ кодтайуонцӕ (Мф 23:5–7). Киристе уони хузӕн н’ адтӕй. «Адӕймаги Фурт дӕр уой туххӕй не ’рцудӕй, цӕмӕй ин лӕггадӕ кӕнонцӕ, фал цӕмӕй ӕхуӕдӕг балӕггадӕ кӕна» (Мф 20:28). Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй фулдӕр цӕхуӕн гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ тундзӕн? Иннети цӕсти ке туххӕй искадгин уодзиан ӕма нӕ ке туххӕй ’стаудзӕнцӕ, уӕхӕн гъуддӕгтӕмӕ? Кӕд нӕ фӕндуй, цӕмӕй нин Йегови цӕсти кадӕ уа, уӕд Киристей фӕнздзиан ӕма иннетӕн, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр ӕй, уомӕй ӕнхус кӕндзиан. Уӕхӕн лӕггадӕ ба арӕх Йеговӕй ӕндӕр неке фӕууинуй (Мф 6:1–4). Сӕрниллӕг киристон...
-
зал ӕфснайунмӕ ӕма имӕ зелунмӕ банхус кӕнуй
-
каргунтӕн ӕма иннетӕн банхус кӕнунмӕ нӕ зийнадӕ кӕнуй
-
нисайнаг фӕддӕттуй, цӕмӕй Хуцауи Паддзахади гъуддаг размӕ цӕуа