8–14 апрели
ПСАЛОМТӔ 26–28
34 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)
1. Давидӕн ӕ федар фӕндӕ адтӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдон адтайдӕ
(10 мин.)
Давид Йеговӕй ӕнхус курдта, цӕмӕй хуӕздӕр адӕймаг иссайдӕ (Пс 26:1, 2; w04-U 1/12 14 ф., 8, 9 абз.).
Йегови закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ка нӕ цардӕй, уони хӕццӕ Давид нӕ лимӕн кодта (Пс 26:4, 5; w04-U 1/12 15 ф., 12, 13 абз.).
Давид уарзта Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун (Пс 26:8; w04-U 1/12 16 ф., 17, 18 абз.).
Кӕд Давид фӕррӕдуйидӕ, уӕддӕр Йегови уарзта ӕма ин ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кодта (1Пд 9:4).
2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай
(10 мин.)
-
Пс 27:10. Аци стих нӕ куд бафедар кӕндзӕй, берӕ ке уарзӕн, уонӕй нӕ еске ку ниууадза, уӕд? (w06-U 15/7 28 ф., 15 абз.)
-
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?
3. Библи кӕсӕн
(4 мин.) Пс 27:1–14 (th 2 урок)
4. Дзубанди ку райдайай
(2 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Рӕстдзийнадӕ амонунмӕ нӕмӕ ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уонӕй ескӕци буклет равзарӕ ӕма си испайда кӕнӕ (th 3 урок).
5. Адӕймаги хӕццӕ нӕуӕгӕй дзорис
(4 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Ай разӕй адӕймагӕн ци буклет ниууагътай, уоми фӕстаг фарсбӕл ци фарста ес, уобӕл ӕ хӕццӕ радзубанди кӕнӕ. Адӕймагӕн ӕ гъос ӕрдарӕ сайтмӕ jw.org ӕма ин бавдесӕ, ӕ бон куд ӕй ӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ иссерун (lmd 9 урок, 3 пункт).
6. Радзубанди
(5 мин.) lmd 1 уӕлӕнхасӕн, 3 пункт. Темӕ: «Адӕн зӕнхӕн ци зӕран ӕрхастонцӕ, уомӕй фӕд дӕр нӕбал байзайдзӕй» (th 13 урок).
128 зар
7. Хуӕрзӕгъдау цард ка кӕнуй, уӕхӕн ӕригӕнттӕ
(15 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.
Ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ гъӕуама хуӕрзӕгъдау цард кӕнонцӕ. Ирӕзгӕ кари сӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр фӕгъгъӕуй се ’нӕнхӕстдзийнади хӕццӕ тох кӕнун, уомӕн ӕма еци рӕстӕг тӕрегъӕдгун бауӕри монцтӕбӕл хуӕцун хъӕбӕр зин фӕууй (Ро 7:21; 1Кр 7:36). Уомӕй уӕлдай син, гӕнӕн ес, иннетӕ дзоронцӕ, цӕмӕй еске хӕццӕ ӕмуат ӕрцӕуонцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ гъӕуама сӕхе хезонцӕ ӕнӕгъдау гъуддӕгтӕй, уой хӕццӕ ба ма гомосексуализмӕй дӕр (Еф 2:2). Хуӕрзӕгъдау цард ка кӕнуй, еци ӕригӕнттӕ: хъӕбӕр сӕрустур уи ан!
Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Жизнь подростка. Что делать, если тебя склоняют к сексу?». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:
-
Кори ӕма Камринӕн се ’мкъласонтӕ ци дзурдтонцӕ?
-
Ци син банхус кодта, цӕмӕй хуӕрзӕгъдау цард кодтайуонцӕ?
-
Уӕхӕн уавӕрти дин Библийӕй цӕхуӕн унаффитӕ банхус кӕндзӕнцӕ?
8. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ
(30 мин.) bt-U 8 сӕр, 5–12 абз.