Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

1–7 апрели

ПСАЛОМТӔ 23–25

1–7 апрели

4 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

1. «Йеговӕ ӕй мӕ фиййау»

(10 мин.)

Йеговӕ нин разамунд дӕттуй (Пс 23:1–3; w11-U 1/5 31 ф., 3 абз.).

Йеговӕ нӕ гъӕуай кӕнуй (Пс 23:4; w11-U 1/5 31 ф., 4 абз.).

Йеговӕ нӕ ’фсадуй (Пс 23:5; w11-U 1/5 31 ф., 5 абз.).

Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕбӕл тухсуй, фиййау ӕ уӕриккитӕбӕл куд тухсуй, уотӕ.

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Йеговӕ мӕнбӕл дӕр ке тухсуй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?»

2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай

(10 мин.)

  • Пс 23:3. «Рӕстдзийнади нӕдтӕ» ци ’нцӕ ӕма нӕ ци хъор кӕнуй еци нӕдтӕбӕл цӕун? (w11-U 15/2 24 ф., 1–3 абз.)

  • Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?

3. Библи кӕсӕн

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ

4. Дзубанди ку райдайай

(3 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Ӕрдзӕбӕл ка тухсуй, еци адӕймагӕн бавдесӕ, Йеговӕ еци гъуддаг куд ниллух кӕндзӕй, уой туххӕй Библий финст кӕми ес, уӕхӕн стих (lmd 2 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаги нӕуӕгӕй ку бабӕрӕг кӕнай

(4 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Ай разӕй брошюрӕ «Амондгунӕй цӕрӕ ӕносмӕ!» ка райста, еци адӕймагӕн бавдесӕ, адӕни хӕццӕ Библи куд фӕййахур кӕнӕн, уой (lmd 9 урок, 3 пункт).

6. Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

54 зар

7. Ӕцӕгӕлонмӕ нӕ игъосӕн

(15 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.

Фустӕ сӕ фиййауи фӕззонунцӕ ӕма имӕ фегъосунцӕ. Ӕнӕзонгӕ сӕмӕ ку исдзоруй, уӕд си раледзунцӕ (Ин 10:5). Уотӕ мах дӕр игъосӕн Йеговӕ ӕма Киристемӕ – ка нӕбӕл тухсуй ӕма зӕрдӕ дарӕн кӕбӕл ес, еци фиййӕуттӕмӕ (Пс 23:1; Ин 10:11). Фал ӕцӕгӕлон ка ӕй, уомӕ ба не ’гъосӕн, уомӕн ӕма нин зӕрдӕлхӕнӕн дзубандитӕ кӕнуй, цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ уа (2Пт 2:1, 3).

Райдайӕни 3 сӕри дзурд цӕуй, фиццаг хатт зӕнхӕбӕл «ӕцӕгӕлон» куд исдзурдта, уобӕл. Сайтан Еви хӕццӕ уотӕ дзорун райдӕдта, цӕмӕй ӕй Евӕ ма балӕдӕрдтайдӕ, ӕ хӕццӕ ӕцӕгӕй ка дзоруй, уой. Сайтан ӕхе уотӕ дардта, цума Евӕн е ’мбал ӕй, ӕма Йегови дзурдтӕ исусхъуммӕ кодта, цума си Йеговӕ хуарзӕй цидӕр римахста. Гъигагӕн, Евӕ Сайтанмӕ байгъуста, ӕма е хъӕбӕр лӕгъуз фӕстеугутӕмӕ ӕркодта – ӕхецӕн дӕр ӕма ӕ бийнонтӕн дӕр.

Мах рӕстӕги дӕр Сайтан уотӕ архайуй, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн. Уой туххӕй ӕргом мӕнгӕттӕ парахат кӕнуй ӕма цӕхуӕндӕр хабӕрттӕ исусхъуммӕ кӕнуй. «Ӕцӕгӕлони» дзурдтӕ ку фегъосӕн, уӕд гъӕуама «раледзӕн»! Еу минкъий дӕр сӕмӕ ку байгъосӕн, уӕд е дӕр тӕссаг уодзӕй. Сайтани Еви басайунмӕ берӕ дзорун нӕ багъудӕй (Рд 3:1, 4, 5). Нӕ хӕстӕгутӕй кенӕ нин нӕ хуарз ӕмбӕлттӕй, еске ӕ хуарз зӕрдӕй, Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй лӕгъуз хабӕрттӕ ку дзора кенӕ нин сӕ ку ’рвета, уӕд нин ци кӕнгӕ ’й?

Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Отвергайте „голос чужого“». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:

Джейд ӕ мади хӕццӕ ӕхе куд дардта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

8. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 55 зар ӕма кувд