Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | РАЙДАЙӔН 42, 43

Иосиф зин уавӕри ӕхебӕл фӕххуӕстӕй

Иосиф зин уавӕри ӕхебӕл фӕххуӕстӕй

42:5–7, 14–17, 21, 22

Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, Иосиф ӕнӕнгъӕлӕги е ’нсувӕрти лӕгӕй-лӕгмӕ ку фӕууидта, уӕд ӕ уод кудтитӕ кодта! Ӕ бон син адтӕй еци фӕдбӕл ӕхе раргом кӕнун ӕма син кенӕ рахъури кӕнун кенӕ ба ӕ маст исесун. Фал Иосиф е ’нкъарӕнти фӕдбӕл нӕ рацудӕй. Ду ба дӕхе куд бадардзӕнӕ, дӕ хӕстӕг кенӕ дӕбӕл ӕндӕр адӕймаг хӕранӕй ку рацӕуа, уӕд? Иосифи цӕветтонӕй бӕрӕг ӕй, куд ӕхсидзгӕ ӕй хебӕл хуӕцун ӕма, зӕрди ци ӕнкъарӕнтӕ фӕззиннуй, уони фӕдбӕл уайтагъд ма рацӕун.

Дӕ бон цӕхуӕн уавӕрти ӕй Иосифи фӕнзун?