НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ӕнхус Кариби сакъадӕхтӕбӕл цӕрӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн
Фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн мах бон дӕр фӕууй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун, зӕгъӕн, ӕрдзон бӕллӕхи ку бахаунцӕ, уӕд (Ин 13:34, 35). Бакӕсӕ видеороликмӕ «Уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Карибы сакъадӕхтӕ» ӕма базонӕ, Кариби сакъадӕхтӕбӕл ка цӕруй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн се ’мкиристӕнттӕ куд банхус кодтонцӕ, уой. Уой фӕсте аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ раттӕ:
-
Кариби сакъадӕхтӕбӕл ка цӕруй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн тухдунгитӕ «Ирмӕ» ӕма «Марийӕ» цӕхуӕн зиан ӕрхастонцӕ?
-
Кариби сакъадӕхтӕбӕл ка цӕруй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн Йеговӕ се ’мкиристӕнтти фӕрци куд банхус кодта?
-
Тухдунгӕ зиан кӕмӕн ӕрхаста, уонӕбӕл хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке батухстӕнцӕ, е сӕбӕл куд фӕззиндтӕй?
-
Тухдунгӕ зиан кӕмӕн ӕрхаста, уонӕн цал хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕри ӕнхус кодтонцӕ?
-
Алкӕмӕндӕр ни ӕ бон куд ӕй ӕнхус кӕнун, ӕрдзон бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн?
-
Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу ци уарзондзийнадӕ ес, уой туххӕй ци гъуди кӕнис?