НӔ КИРИСТОН ЦАРД
«Уарзондзийнадӕ... ӕ сӕр бӕрзӕндти нӕ хӕссуй»
Иннети ка уарзуй, уӕхӕн адӕймаг фӕууй сӕрниллӕг (1Кр 13:4). Не ’нсувӕрти ӕцӕгӕй ку уарзӕн, уӕд сӕмӕ сӕрӕй бунмӕ некӕд кӕсдзиан. Мах син фулдӕр кӕсӕн сӕ хуарз менеугутӕмӕ ӕма син, нӕ бон цӕмӕй ӕй, уомӕй ӕнхус кӕнӕн (Фп 2:3, 4). Иннети ке уарзӕн, уой гъуддагӕй куд фулдӕр ӕвдесӕн, уотӕ ни Йеговӕ дӕр ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ фулдӕр пайда кӕндзӕй.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ПОМНИТЕ, ЧТО ИСТИННАЯ ЛЮБОВЬ НЕ ГОРДИТСЯ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Авессалом ӕ фиди хузӕн цӕмӕй адтӕй?
-
Ӕ искурдиӕдтӕй куд испайда кодта?
-
Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма исуӕн? (Га 5:26).