НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕн рагӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн киристӕнттӕй нӕ бон цӕбӕл ӕй исахур ун?
Не ’мбурдти ес, Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Етӕ нин фӕнзуйнаг ӕнцӕ, Хуцаубӕл сӕ нифс федарӕй ке дарунцӕ, уомӕй. Нӕ бон сӕ ӕй бафӕрсун Йегови организаций историй туххӕй, удта син Йеговӕ аллихузи зиндзийнӕдти сӕрти хезун куд ӕнхус кодта, уобӕл. Нӕ бон ма сӕ ӕй нӕ бийнонти ахурмӕ дӕр фӕххонун, цӕмӕй нин еци хабӕрттӕ радзоронцӕ.
Кӕд ду дӕр Йеговӕн рагӕй лӕггадӕ кӕнис, уӕд ӕригон киристӕнттӕн зӕрдиагӕй радзорисӕ, Йеговӕ дин еци ӕнзти дӕргъи куд ӕнхус кодта, уой. Иаков, удта Иосиф дӕр сӕ кӕстӕртӕн дзурдтонцӕ, Йеговӕ син цӕйбӕрцӕ хуӕрзтӕ фӕцӕй, уой (Рд 48:21, 22; 50:24, 25). Удта ма Йеговӕ ӕ адӕнӕн дӕр баихӕс кодта, цӕмӕй бийнонти хестӕртӕ сӕ кӕстӕртӕн дзурдтайуонцӕ, Йеговӕ куд архайдта ӕма цӕхуӕн гъуддӕгтӕ кодта, уой туххӕй (Д.з 4:9, 10; Пс 78:4–7). Абони дӕр ниййергутӕн ӕма иннӕ киристӕнттӕн сӕ бон ӕй ӕригӕнттӕн радзорун, Йеговӕ ӕ организаций фӕрци ци дессаги гъуддӕгтӕ искодта, уонӕй сӕхе цӕститӕй ци фӕууидтонцӕ, уой.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «НӔ ИУДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔНӔМ, НӔ ХЪУЫДДАГ ӔХГӔД КУЫ УА, УӔД» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми адтӕй, еци бӕстити хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн Австрий филиал куд ӕнхус кодта?
-
Еци бӕстити хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ куд архайдтонцӕ, цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ ма ’рлӕмӕгъ адтайдӕ?
-
Румыний берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Йегови организацийӕй цӕмӕн рахецӕн ӕнцӕ ӕма фӕстӕмӕ куд ӕрбаздахтӕнцӕ?
-
Аци хабӕрттӕ дин де ’ууӕндундзийнадӕ куд федар кӕнунцӕ?
Каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ дзоргӕй де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕндзӕй!