НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Библи уотӕ ӕртасӕ, цӕмӕй дин фулдӕр пайда хӕсса
Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Хуцауи Дзурд ку ӕртасӕн, уӕд нӕ «бон кӕронмӕ балӕдӕрун уодзӕй, ци ӕй рӕстдзийнадӕн ӕ уӕрхӕ ӕма ӕ дӕргъӕ, ӕ бӕрзӕндӕ ӕмӕ ӕ ӕрфӕ» (Еф 3:18). Уой фӕрци ма аци фуддуйней уодзиан ӕнаййепп ӕма сугъдӕг, удта нӕ бон уодзӕй «царди дзурдбӕл федар хуӕцун» (Фп 2:15, 16). Нӕхуӕдтӕ Библи ку фертасӕн, уӕд нӕ бон фӕууй равзарун, фулдӕр пайда нин ка ’рхӕсдзӕй, уӕхӕн ӕрмӕг. Библи ахур кӕнунмӕ ци рӕстӕг рахецӕн кодтан, еци рӕстӕгӕй нӕ бон куд ӕй уотӕ пайда кӕнун, цӕмӕй нин фулдӕр пайда хӕсса?
УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:
-
Дӕ Библий баханхӕ кӕнисӕ стихтӕ ӕма си дӕ гъудитӕ ниффинсисӕ.
-
Хуцауи Дзурд кӕсгӕй дӕхемӕ уӕхӕн фарстатӕ раттисӕ: ка? ци? кӕд? кӕми? цӕмӕн? куд?
-
Бӕлвурдгӕнӕнтӕ иссерисӕ. Библи ӕртасунмӕ нин ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уони фӕрци ӕрмӕг агорисӕ темитӕ кенӕ стихтӕмӕ гӕсгӕ.
-
Ци бакӕсис, уобӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнисӕ, цӕмӕй балӕдӕрай, ӕрмӕг дӕумӕ куд хауй, уой.
-
Ци базонис, уомӕ гӕсгӕ архаисӕ (Лк 6:47, 48).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДАРДДӔР ДӔР „ЦАРДЫ ДЗЫРДЫЛ ФИДАР ХӔЦУТ“. БИБЛИ ЛӔМБЫНӔГ ИРТАСУТ» ӔМА УОЙ ФӔСТЕ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Библи ӕртасуни туххӕй ци дзорунцӕ?
-
Библи ӕртасуни размӕ исковун цӕмӕн гъӕуй?
-
Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Библийӕй цӕхуӕндӕр скъуддзаг хуӕздӕр балӕдӕрӕн?
-
Нӕ Библий нӕ бон куд ӕй цӕхуӕндӕр гъудитӕ фӕннисан кӕнун?
-
Хуцауи Дзурд ӕртасгӕй арф сагъӕс кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
-
Ци базонӕн, уомӕ гӕсгӕ цӕмӕн гъӕуама архайӕн?