НӔ КИРИСТОН ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДӔ. КОСӔН ТЪЕТРАД Июнь 2017
Дзубанди куд ес райдайӕн
Брошюрӕ «Действительно ли Библия от Бога?» ӕма рӕстдзийнадӕ амонӕ цард Хуцауи лӕвар ке ӕй, уой туххӕй. Аци цӕветтонмӕ гӕсгӕ расагъӕс кӕнӕ, игъосун кӕнгӕй дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдайдзӕнӕ, уобӕл.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йегови дзурд листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕр исӕнхӕст уй
Вавилон ке байахӕсдзӕнцӕ ӕма ’й ке ниппурхӕ кӕндзӕнцӕ, уой туххӕй Йереми ци пахампарадӕ загъта, е листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕр исӕнхӕст ӕй.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йегови зӕрдӕвӕрдтӕбӕл цӕйбӕрцӕбӕл федарӕй ӕууӕндис?
Йесо Навин ӕй федарӕй зудта, Йеговӕ ци фӕззӕгъуй, е алкӕддӕр ке исӕнхӕст уй. Нӕ бон куд ӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Ӕнгъӕлмӕ кӕсун ку зонӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй федар фӕллӕуун
Йеремийӕн ци банхус кодта, уӕззау фӕлварӕни федар фӕллӕуун ӕма уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсун? Нӕ бон куд ӕй нӕхе бацӕттӕ кӕнун, федӕни ци зиндзийнӕдтӕ уодзӕй, уонӕмӕ?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йезекилӕн цийнӕдзийнадӕ хаста Хуцауи хабар дзорун
Цӕстӕбӕлуайӕни Йеговӕ Йезекилӕн равардта тухтонӕ ӕма ин загъта, цӕмӕй ӕй бахуардтайдӕ. Ци нисан кодта еци цӕстӕбӕлуайӕн?
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Хуарз хабар игъосун кӕнун дин цийнӕдзийнадӕ хӕссӕд
Гӕнӕн ес, ӕма нин игъосун кӕнун зин уа, фал Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй ин цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнӕн. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нин хуарз хабар игъосун кӕнун цийнӕдзийнадӕ хӕсса?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Цӕмӕй фӕййервӕзай, уой туххӕй дӕбӕл нисан ӕвӕрд уодзӕй?
Фиццаг хатт Йезекили цӕстӕбӕлуайӕн исӕнхӕст ӕй, рагон Йерусалим ку ниппурхӕ кодтонцӕ, уӕд. Мах бӕнтти куд ӕнхӕст кӕнуй, е махмӕ куд хауй?
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ ци уагӕ ӕма ӕгъдау ӕрфедар кодта, уомӕ гӕсгӕ цӕрӕ
Мах гъӕуама федар хуӕцӕн, Хуцау ци уагӕ ӕма ӕгъдау ӕрфедар кодта, уобӕл. Кутемӕй? Е уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?