Зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзӕ ӕма ’й нӕуӕгмӕ раййевӕ
Рӕстдзийнадӕ ку базудтай, уӕд дӕ уодигъӕди берӕ цидӕртӕ раййивтай? Зӕрдиагӕй ке архайдтай, уомӕй Йегови зӕрдӕ барохс кодтай (Йез 33:11). Фал нӕ гъӕуй ӕдзох архайун, цӕмӕй зӕронд уодигъӕди миутӕмӕ ма раздӕхӕн ӕма нӕ уодигъӕдӕ идарддӕр дӕр нӕуӕгмӕ ӕййевӕн. Дӕхемӕ аци фарстатӕ раттӕ ӕма расагъӕс кӕнӕ, кӕци гъуддӕгти дӕ гъӕуй дӕхебӕл косун:
-
Мӕ зӕрдӕ мин ка фӕрресун кодта, уомӕ ма мӕ зӕрди маст дарун?
-
Ескумӕ ку фӕттагъд кӕнун кенӕ фӕллад ку фӕуун, уӕддӕр фӕразон фӕуун?
-
Ӕнӕгъдау сагъӕстӕ мӕмӕ ку фӕззиннуй, уӕд сӕ уайтагъд фӕссорун?
-
Ӕндӕр адӕнихаттӕй ка ӕй, уонӕмӕ лӕгъуз цӕстӕй нӕ кӕсун?
-
Цума ӕрӕги неке зӕрдӕ раходун кодтон кенӕ мӕ маст некӕбӕл искалдтон?