Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Нӕуӕг рубрикӕ дзубанди райдайунмӕ

Нӕуӕг рубрикӕ дзубанди райдайунмӕ

2016 анзи январи иуарунмӕ брошюрити фӕстаг фарсбӕл фӕззиндтӕй нӕуӕг рубрикӕ «Библи цы дзуры?». Еци нӕуӕг мадзал нин ӕнхус кӕнуй адӕймаги хӕццӕ дзубанди райдайун. Ӕ конд ӕй, нӕ буклеттӕ куд конд ӕнцӕ, уотӕ. Ес си фарста адӕймаги гъуди базонунмӕ, ӕ бунмӕ ба дзуапп Библийӕй. Ес ма си еци фарстай фӕдбӕл ӕндӕр гъудитӕ дӕр.

Адӕймаги хӕццӕ Библибӕл дзӕбӕх ку радзубанди кӕнӕн, уӕд арӕх Библий ахур дӕр райдайӕн. Аци нӕуӕг рубрикӕй пайда кӕнӕ, цӕмӕй никки фулдӕр адӕнӕн банхус кӕнай Хуцаумӕ ӕрбахӕстӕг ун (Мф 5:6).

НӔУӔГ РУБРИКӔЙ КУД ПАЙДА КӔНГӔ ’Й

  1. Адӕймагӕн фарстатӕй еу бавдесӕ ӕма ’й ӕ гъудибӕл бафӕрсӕ

  2. Байгъосӕ имӕ ӕма ин ӕ гъудий туххӕй райарфӕ кӕнӕ

  3. Бакӕсӕ стих дӕлсӕргондӕй «Библийы фыст ис» ӕма ’й ӕ гъудибӕл бафӕрсӕ. Рӕстӕг ма ин ку уа, уӕд ӕ хӕццӕ радзубанди кӕнӕ дӕлсӕргонди «Библийӕ ма цы ис базонӕн» ци гъудитӕ ес, уонӕбӕл

  4. Раттӕ ин брошюрӕ

  5. Бадзубанди кӕнӕ, иннӕ хатт ӕ хӕццӕ кӕд фембӕлдзӕнӕ, уобӕл, цӕмӕй иннӕ фарстабӕл радзубанди кӕнай