АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ
Адӕни конгресмӕ хонӕн
Алли анз дӕр зӕрдиагӕй фенгъӕлмӕ кӕсӕн регионалон конгресмӕ. Иннети дӕр Хуцауи хуарзӕнхӕй исхайгин ун ке бафӕнддзӕй, уомӕ гӕсгӕ байархайдзиан фулдӕр адӕни ӕрбахонунбӕл (Пс 34:8). Алли ӕмбурди дӕр хестӕр нӕлгоймӕгти совет унаффӕ рахӕсдзӕй, хунди гӕгъӕдитӕ куд иуардзӕнцӕ, уой фӕдбӕл.
НӔХЕМӔ ФӔББӔРӔГ КӔНӔН
-
Конгресс кӕд уодзӕй?
-
Хунди гӕгъӕдитӕ иуарун кӕд райдайдзиан?
-
Игъосун кӕнуни фембӕлдтӕ кӕд цӕудзӕнцӕ?
-
Зеуи рӕстӕг мӕ цӕбӕл фӕндуй байархайун?
-
Ке мӕ фӕндуй ӕрбахонун?
ЦИ ӔНГЪЕЗУЙ ЗӔГЪУН?
Адӕймагмӕ салам раттӕ ӕма ин зӕгъӕ:
«Абони алкедӕр хонӕн еу ӕхсидзгӕ хабармӕ. Аци хунди гӕгъӕдий финст ӕй, кӕд ӕма кӕми уодзӕй, е. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин уодзӕй, ду дӕр ку ӕрбацӕуай, уӕд».
АДӔЙМАГИ ФУЛДӔР БАЗОНУН КУ ФӔНДӔУА
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ нисан ӕй конгресмӕ фулдӕр адӕн ӕрбахонун, фал цӕттӕ уо, фулдӕр базонун ке фӕндӕуа, еци адӕймаги хӕццӕ радзубанди кӕнунмӕ дӕр.
Уолӕфгӕ бӕнтти брошюритӕ дӕ бон ӕй иуарун хунди гӕгъӕдити хӕццӕ.