НӔ КИРИСТОН ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДӔ. КОСӔН ТЪЕТРАД Август 2018
Радзубанди кӕнӕн куд ес
Радзубанди кӕнӕн куд ес Библий уагӕвӕрдтӕ мах рӕстӕги дӕр пайда ке ӕнцӕ, уой туххӕй.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Хуардзийнадӕн аргъ ке кӕнис, уой ӕвдесӕ
Киристей зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, етӕ сӕ уарзондзийнадӕ ӕма, хуарздзийнадӕн аргъ ке кӕнунцӕ, уой алкӕмӕндӕр ӕвдесунцӕ, цийфӕнди адӕнихаттӕй кенӕ динӕй ма уонцӕ, уӕддӕр.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
«Уӕ зӕрдӕбӕл даретӕ Лоти уоси»
Куд ӕй нӕ бон ма бауадзун, цӕмӕй Лоти уоси хузӕн Хуцауи хуарзӕнхӕй фенӕхай уӕн? Кӕд балӕдӕрдтан, ӕхца ӕма мулки туххӕй нӕ Йегови гъуддӕгтӕмӕ ке нӕбал евдӕлуй, уӕд ци гъӕуй кӕнун?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Дӕс миней туххӕй цӕветтон дин зундзонӕн уӕд
Киристе дӕс миней туххӕй ци цӕветтон ракодта, уоми хецау, цагъартӕ ӕма ӕхца кӕмӕ амонунцӕ?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Уӕ ервӕзундзийнадӕ ӕрхӕстӕг ӕй»
Тагъд Киристе ӕрцӕудзӕй Йегови тӕрхон исӕнхӕст кӕнунмӕ ӕма ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути фӕййервӕзун кӕнунмӕ. Цӕмӕй ӕнӕмӕнгӕй фӕййервӕзӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕхе бацӕттӕ кӕнӕн.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Иннетӕн хатир кӕнунмӕ цӕттӕ уо
Йеговӕ ӕма ӕ Фурт лӕмбунӕг фӕккӕсунцӕ, тӕрегъӕдгун адӕймаги зӕрдӕ еу минкъий дӕр хуӕздӕрӕрдӕмӕ ку раййевуй, уомӕ, ӕма син е фӕууй бундор, цӕмӕй ин ниххатир кӕнонцӕ.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Киристе де ’нсувӕри туххӕй дӕр рамардӕй
Киристе ӕ цард нивондӕн равардта ӕнӕнхӕст адӕни туххӕй. Куд ӕй нӕ бон, нӕхе хузӕн ӕнӕнхӕст ка ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти Киристей хузӕн уарзун?