Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Мӕ бон кӕд ӕй нӕуӕгӕй ӕнхусгӕнӕг пионерӕй балӕггадӕ кӕнун?

Мӕ бон кӕд ӕй нӕуӕгӕй ӕнхусгӕнӕг пионерӕй балӕггадӕ кӕнун?

Йезекил ковӕндони туххӕй ци цӕстӕбӕлуайӕн фӕууидта, уомӕй бӕрӕг ӕй, Йегови адӕн нивӕндтӕ ке хӕсдзӕнцӕ, е. Алке бон дӕр ни куд ӕй кади нивӕндтӕ хӕссун? (Дзт 13:15, 16).

Ес нин хуарз фадуат – ӕнхусгӕнӕг пионерӕй балӕггадӕ кӕнун. 2018 лӕггади анзи ес цалдӕр мӕййи, ӕма си ес фондз сабати кенӕ фондз хуцаубони. Е хуарз уодзӕй, ӕгас бон ка косуй, ӕма уой туххӕй ахиддӕр сабат кенӕ хуцаубони ка игъосун кӕнуй, уонӕн. Уомӕй уӕлдай ба ма, мартъий ӕма апрели, удта ма ӕмбурд районон цӕстӕдарӕг ку бӕрӕг кӕна, еци мӕйти, игъосунгӕнгутӕн сӕ бон уодзӕй равзарун цал сахатти игъосун кӕндзӕнцӕ, 30 ӕви 50.

Фал цӕхуӕндӕр уавӕртӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕнхусгӕнӕг пионерӕй балӕггадӕ кӕнун ку нӕ уа, удта ци ес гӕнӕн? Нӕ бон ӕй архайун, цӕмӕй арӕхстгундӕрӕй ӕма, гӕнӕн ку уа, уӕд фулдӕр игъосун кӕнӕн. Уадзӕ, ӕма нӕ нӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ 2018 лӕггади анзи разӕнгард кӕна, хуӕздӕрӕй нӕмӕ ци ес, уой ин дӕттун, нӕ уавӕртӕ цийфӕнди ма уонцӕ, уӕддӕр! (Ос 14:2).

Мӕ бон куд ӕй Сабини зингзӕрдӕдзийнадӕ фӕнзун?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔИМӔ МӔ БОН БИРӔ У» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Сабини ци баразӕнгард кодта, цӕмӕй Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕна?

  • Сабини цӕветтон ни нифс куд уадзуй?

  • 2018 лӕггади анзи дӕ бон кӕци мӕййи (кенӕ мӕйти) уодзӕй ӕнхусгӕнӕг пионерӕй баллӕгадӕ кӕнун?