58 ЗАР
Агорӕн фарнӕуарзагӕ адӕни
-
1. Йесо фӕдзахста: «Цотӕ адӕнмӕ».
Ругӕйдзаг надбӕл, тӕвдӕ бон,
Цудӕй ӕдзох гъӕуӕй-гъӕумӕ.
Кодта Хуцаумӕ е сӕрниллӕгти,
Сӕумӕй-изӕрмӕ е ахур
кодта адӕни.
Нур мах дӕр адӕнмӕ цӕуӕн,
Хуцауи хуарз хабар хӕссӕн,
Ке ӕрцӕудзӕй зин цардӕн тагъд ӕ кӕрон.
БАЗАРД
Агорӕн мах,
Ка уарзуй фарнӕ, еци адӕн’.
Ес син ’стур аргъ –
Хуцауӕн кӕндзӕнцӕ лӕггадӕ.
Уодзӕй син тагъд
Ӕносон цард.
-
2. Рӕстӕг нӕ хезуй, архайгӕ нин ӕй.
Мах еунӕг адӕймагӕн дӕр
Ӕвгъау нӕ кӕнӕн хъауритӕ.
Хуарз хабар уонӕн алли бон хӕссӕн.
Зӕрдӕрист ка ’й, уой гъӕуама
бафедар кӕнӕн.
Сӕдӕгай адӕймӕгтӕй дӕр
Сӕ еу ку уа фӕлмӕнзӕрдӕ,
Уӕд уодзӕй алкӕд цийни хуасӕ нин е.
БАЗАРД
Агорӕн мах,
Ка уарзуй фарнӕ, еци адӕн’.
Ес син ’стур аргъ –
Хуцауӕн кӕндзӕнцӕ лӕггадӕ.
Уодзӕй син тагъд
Ӕносон цард.
(Кӕсӕ ма Ис. 52:7; Матф. 28:19, 20; Лук. 8:1; Ром. 10:10.)