141 зар
Агорӕн фарнӕуарзагӕ адӕни
-
Йесо фӕдзахста: «Цотӕ адӕнмӕ».
Ругӕй дзаг надбӕл, тӕвдӕ бон,
Цудӕй ӕдзох гъӕуӕй-гъӕумӕ.
Кодта Хуцаумӕ е сӕрниллӕгти,
Бонсауизӕрмӕ е ахур
кодта адӕни.
Нур мах дӕр адӕнмӕ цӕуӕн,
Хуцауи хуарз хабар хӕссӕн,
Ке ӕрцӕудзӕй тухст цардӕн
тагъд ӕ кӕрон.
БАЗАРД
Агорӕн мах,
Ка уарзуй фарнӕ, еци адӕн.
Ес син ’стур аргъ –
Хуцауӕн кӕндзӕнцӕ лӕггадӕ.
Уодзӕй син тагъд
Ӕносон цард.
-
Рӕстӕг нӕ хезуй, архайгӕ нин ӕй.
Мах еунӕг адӕймагӕн дӕр
Ӕвгъау нӕ кӕнӕн хъауритӕ.
Хуарз хабар уонӕн алли бон хӕссӕн.
Зӕрдӕрист ка ’й, уой гъӕуама
бафедар кӕнӕн.
Сӕдӕгай адӕймӕгтӕй дӕр
Сӕ еу ку уа фӕлмӕнзӕрдӕ,
Уӕд уодзӕй алкӕд цийни хуасӕ нин е.
БАЗАРД
Агорӕн мах,
Ка уарзуй фарнӕ, еци адӕн.
Ес син ’стур аргъ –
Хуцауӕн кӕндзӕнцӕ лӕггадӕ.
Уодзӕй син уӕд
Ӕносон цард.
(Кӕсӕ ма Ис. 52:7; Матф. 28:19, 20; Лук. 8:1; Ром. 10:10.)