Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

4 ФАРСТА

Мӕ рӕдудтитӕ куд исраст кӕнон?

Мӕ рӕдудтитӕ куд исраст кӕнон?

УОЙ ЗОНУН ЦӔМӔН ГЪӔУЙ?

Дӕ рӕдудтитӕбӕл ку сӕттай, уӕд дӕбӕл фулдӕр ӕууӕнкӕ уодзӕй.

ДУ БА КУД БАКОДТАЙСӔ?

Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ: Тимур е ’мбӕлтти хӕццӕ гъӕунги гъазта ӕма ӕ къозойӕй ӕнӕбари синхонти машини авгӕ басаста.

Ду ба Тимури бунати ци бакодтайсӕ?

ӔРЛӔУУӔ ӔМА РАСАГЪӔС КӔНӔ!

КУД БАКОДТАЙСӔ?

  1. Ралигъдайсӕ.

  2. Еске фуд ӕй фӕккодтайсӕ.

  3. Радзурдтайсӕ, ци ӕрцудӕй, уой ӕма син зӕгътайсӕ, е ’скӕнӕккагбӕл ке бафеддзӕнӕ.

Ка ’й зонуй дӕ бафӕндӕуа раледзун. Фал дин айӕ хуарз фадуат ӕй, цӕмӕй дӕ рӕдудбӕл басӕттай, уӕлдай си нӕййес авгӕ басастай, ӕви ӕндӕр ести бакодтай.

РӔДУДБӔЛ БАСӔТТУН ХУАРЗ ЦӔМӔН ӔЙ?

  1. Е раст ӕй.

    Библи зӕгъуй: «Мах алли гъуддаги дӕр фӕндуй рӕстӕй архайун» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:18).

  2. Ӕ рӕдудбӕл ка басӕттуй, уомӕн ниххатир кӕнун ӕнцондӕр фӕууй.

    Библи зӕгъуй: «Ӕ тӕрегъӕдтӕ ка римӕхсуй, уомӕн неци бантӕсдзӕй, ка сӕ раргом кӕнуй ӕма сӕ ка ниууадзуй, уомӕ ба уодзӕнцӕ фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 28:13).

  3. Уотемӕй фиццагидӕр Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнис.

    Библи зӕгъуй: «Мӕнгард адӕймаг Йеговӕн ӕнадӕ ’й, рӕстзӕрдӕ ка ӕй, етӕ ба ӕнцӕ ӕ хӕстӕг ӕмбӕлттӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 3:32).

20-анздзуд Каринӕ ӕ фидӕн не ’ской кодта, машинӕбӕл ӕгӕр тагъд ке цудӕй, уой туххӕй ин штраф ке рафинстонцӕ. Фал ӕй цӕйбӕрцӕ римахстайдӕ? Каринӕ зӕгъуй: «Еу анзи фӕсте ӕй мӕ фидӕ базудта, ӕма мӕмӕ си дзӕбӕх ӕрхаудтӕй!»

Ци балӕдӕрдтӕй? Каринӕ зӕгъуй: «Дӕ рӕдудтитӕ ку римӕхсай, уӕд уомӕй дӕхецӕн фуддӕр кӕнис, уомӕн ӕма дин уӕддӕр рагъӕр уодзӕнцӕ ӕма сӕбӕл гъӕудзӕй дзуапп раттун».

НӔ РӔДУДТИТӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?

Библи зӕгъуй: «Мах не ’гас дӕр арӕх рӕдуйӕн» (Иакови 3:2). Ӕ рӕдудбӕл сӕрниллӕг ӕма лӕдӕргӕ адӕймаг басӕттуй. Удта, басӕтта ӕви нӕ, уобӕл сагъӕс нӕбал фӕккӕнуй.

Адӕймаг ӕ рӕдудӕй гъӕуама естӕбӕл исахур уа. Еу кизгӕ, Верӕ, загъта: «Ӕз архайун, цӕмӕй мӕ алли рӕдудӕй дӕр ахур кӕнон ӕма уой фӕрци мӕ уодигъӕдӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевуй ӕма ӕндӕр хатт уӕхӕн уавӕри ку бахауон, уӕд ӕндӕрхузи бакӕндзӕн». Дӕу бон ба куд ӕй уотӕ архауйн?

Де ’нсувӕри велосипед райстай ӕма си цидӕр басастай. Ци кӕндзӕнӕ?

  • Дӕхе не ’ской кӕндзӕнӕ ӕма дӕ зӕрдӕ дардзӕнӕ, ке ’й нӕ фӕууиндзӕй, уобӕл.

  • Ци адтӕй, уой радзордзӕнӕ.

  • Ци адтӕй, уой радзордзӕнӕ, фал ӕй еске фуд фӕккӕндзӕнӕ.

Дӕхе ке нӕ бацӕттӕ кодтай, уой туххӕй экзамен нӕ равардтай. Ци кӕндзӕнӕ?

  • Экзамен ӕгӕр зин адтӕй, зӕгъгӕ, дзордзӕнӕ.

  • Дӕхе ке нӕ бацӕттӕ кодтай, уобӕл басӕтдзӕнӕ.

  • Дӕ ахургӕнӕги фуд ӕй фӕккӕндзӕнӕ, ӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕун, зӕгъгӕ.

Ӕ раздӕри рӕдудтитӕбӕл ка фӕссагъӕс кӕнуй, уой ӕнгъезуй рабарун, машинӕбӕл цӕугӕй ӕрмӕстдӕр фӕстӕмӕ кӕсӕн айдӕнӕмӕ ка кӕсуй, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ

Нур ба дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ цума 1) де ’нсувӕри бунати дӕ ӕма 2) дӕ ахургӕнӕги бунати дӕ. Де ’нсувӕр кенӕ дӕ ахургӕнӕг ци расагъӕс кӕндзӕнцӕ, дӕ рӕдудбӕл ку басӕттай, уӕд? Дӕ рӕдуд ку баримӕхсай, уӕдта?

Нур ба расагъӕс кӕнӕ, фӕстаг анзи дӕргъи кӕми фӕррӕдудтӕ, уобӕл ӕма аци фарстатӕбӕл дзуапп раттӕ.

Кӕми фӕррӕдудтӕ? Куд ӕй исраст кодтай?

  • Нӕ ’й исгъӕр кодтон.

  • Кедӕр фуд ӕй фӕккодтон.

  • Ци адтӕй, уой радзурдтон.

Кӕд дӕ рӕдудбӕл нӕ басастӕ, уӕд дин куд адтӕй?

  • Дзӕбӕх. Фӕййервазтӕн си!

  • Мӕ цӕсгон мӕ хуардта. Ци адтӕй, уой радзорун гъудӕй.

Дӕ бон куд адтайдӕ бакӕнун?

Дӕ рӕдудӕй цӕбӕл исахур дӕ?

КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?

Еуӕй-еуетӕ сӕ рӕдудтитӕбӕл цӕмӕннӕ фӕссӕттунцӕ?

Дӕ рӕдудтитӕ алкӕддӕр ку римӕхсай, уӕд дӕбӕл адӕн ци рагъуди кӕндзӕнцӕ? Ку сӕбӕл сӕттай, уӕдта? (Лукай 16:10).