6 СӔРГОНД
Ка рамардӕй, уонӕн ма ести нифс ес?
1. Библий мӕрдти туххӕй цӕхуӕн хуарз хабар финст ес?
Йесо Киристейӕн адтӕй еу ӕмбал, Лазӕр, зӕгъгӕ. Е цардӕй Йерусалиммӕ хӕстӕг гъӕу Вифаний. Еухатт Лазӕр хъӕбӕр фӕссӕйгӕ ’й ӕма рамардӕй. Йесо еци гъӕумӕ ку ӕрбацудӕй, уӕд Лазӕри мардбӕл рацудӕй цуппар бони. Ӕма Лазӕри хуӕртӕ Марфӕ ’ма Марийи хӕццӕ рандӕ ’й, мард кӕми байвардтонцӕ, уордӕмӕ. Се ’рбацудмӕ уоми адӕм ӕрӕмбурд ӕй. Ӕма Йесо ӕгасей рази Лазӕри райгас кодта. Расагъӕс кӕнӕ, Марфӕ ӕма Марийӕ се ’нсувӕри нӕуӕгӕй уодӕгасӕй ку фӕууидтонцӕ, уӕд куд цийнӕ кодтайуонцӕ! Бакӕсӕ Иоанни 11:21–24, 38–44.
Марфӕ раздӕр дӕр ӕууӕндтӕй, мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл. Е ӕй зудта, Йеговӕ сӕ ке райгас кӕндзӕй ӕма фӕстӕмӕ зӕнхӕбӕл ке цӕрдзӕнцӕ, уой. Бакӕсӕ Иов 14:14, 15.
Бакӕсӕ видеороликмӕ «Адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ци фӕууй?»
2. Цума мӕрдти ести ес?
Адӕймаг сикъитӕй конд ӕй (Райдайӕн 2:7; 3:19). Ӕнӕмӕлгӕ уод ин нӕййес. Тог ӕма стӕгӕй конд ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ, ку рамӕлуй, уӕд си цӕргӕ нецибал байзайуй. Ӕ сӕри магъзи куст ӕрлӕууй, ӕма сагъӕс нӕбал фӕккӕнуй. Мӕрдти ести ку адтайдӕ, уӕд Лазӕр дӕр еститӕ радзурдтайдӕ, ци фӕууидта кенӕ ци балӕдӕрдтӕй, уой туххӕй. Фал неци радзурдта, уомӕн ӕма мард нецибал фӕллӕдӕруй. Бакӕсӕ Псалом 146:4; Екклесиаст 9:5, 6, 10.
Цума ка рамӕлуй, уони Хуцау ӕностӕмӕ зиндони арти фӕссодзуй? Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ мӕрдтӕ неци лӕдӕрунцӕ. Мадта еци ахурадӕ ӕй мӕнгӕ ахурадӕ, удта ма Хуцауи ном дӕр цъумур кӕнуй. Хуцау уобӕл сагъӕс дӕр некӕд ракодтайдӕ, цӕмӕй адӕми зиндони арти содза. Бакӕсӕ3. Цума марди бон ӕй адӕймаги хӕццӕ дзорун?
Марди бон нӕдӕр дзорун ӕй, нӕдӕр игъосун (Псалом 115:17). Фал ес лӕгъуз изӕдтӕ ӕма сӕ бон ӕй, ка рамардӕй, уони хузи сӕхе адӕмӕн ӕвдесун (2 Петури 2:4). Ӕма нӕ Йеговӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ фӕдзӕхсуй, мӕрдти хӕццӕ ма дзоретӕ, зӕгъгӕ. Бакӕсӕ Дуккаг закъон 18:10, 11.
4. Ка райгас уодзӕй?
Райгас уодзӕнцӕ милиуангай адӕм. Сауӕнгӕ ма Хуцауи ка нӕ зудта ӕма лӕгъуз гъуддӕгтӕ ка кодта, етӕ дӕр. Бакӕсӕ Лукай 23:43; Гъуддӕгтӕ 24:15.
Ка райгас уа, уонӕн уодзӕй фадуат, цӕмӕй Хуцауи базононцӕ ӕма Киристебӕл баууӕндонцӕ (Раргомадӕ 20:11–13). Еци адӕмӕй хуарз гъуддӕгтӕ ка кӕна, етӕ зӕнхӕбӕл ӕностӕмӕ цӕргӕ байзайдзӕнцӕ. Бакӕсӕ Иоанни 5:28, 29.
5. Йегови мӕрдти райгас кӕнун ке фӕндуй, е цӕбӕл дзорӕг ӕй?
Хуцау ӕ Фурти цард адӕми туххӕй ке равардта, уой фӕрци, ка рамардӕй, уонӕн фӕззиндтӕй фадуат, цӕмӕй райгас уонцӕ. Йегови еци адӕми райгас кӕнун ке фӕндуй, уомӕй бӕрӕг ӕй, цӕхуӕн уарзондзийнадӕ имӕ ес ӕма цӕхуӕн фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау ӕй, е. Дӕу ба фиццагидӕр ке фӕндадтайдӕ фӕууинун, ка рамардӕй, уонӕй? Бакӕсӕ Иоанни 3:16; Ромӕгтӕмӕ 6:23.