Разамонӕг совети финстӕг
«Сумах гъӕуама ахургӕнгутӕ уайтӕ» (Дзиуит. 5:12). Расагъӕс кӕнӕ, Дун-дуйней тӕккӕ хуӕздӕр Ахургӕнӕги, Йегови, фӕндуй, цӕмӕй мах иннети ахур кӕнӕн! Бийнонти медӕг, ӕмбурди кенӕ игъосун кӕнгӕй Йегови туххӕй дзорун устур кадӕ ӕма устур ихӕс ӕй. Еци гъуддаги ӕнтӕстгун цӕй фӕрци уодзиан?
Аци фарстабӕл дзуапп базонӕн ес, апостол Павел Тимофеймӕ ци дзурдтӕ ниффинста, уомӕй: «Ӕгас хъауритӕй архайӕ, цӕмӕй иннетӕн гъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕма сӕ ахур кӕнай». Удта ма ниффинста: «Уотемӕй дӕхе дӕр фӕййервӕзун кӕндзӕнӕ ӕма дӕмӕ ка игъосуй, уони дӕр» (1 Тим. 4:13, 16). Ци хабар игъосун кӕнис, е кӕнуй цардмӕ. Мадта гъӕуама кӕсунмӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ хуӕздӕр арӕхсай. Еци гъуддаги дин аци брошюрӕ устур ӕнхус уодзӕй. Ӕркӕсай, куд конд ӕй, уомӕ.
Алли фарсбӕл дӕр си ес стих Библийӕй. Еци стих ӕй, сӕйраг гъудимӕ ка амонуй, уӕхӕн уагӕвӕрд кенӕ сӕйраг гъудийӕй куд ӕнгъезуй испайда кӕнун, уомӕн цӕветтон.
Йеговӕ ӕй «Кадгин Зундамонӕг» (Ис. 30:20). Аци брошюрӕ дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй кӕсунмӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ хуӕздӕр арӕхсай. Фал ди иронх ма уӕд, ци хабар игъосун кӕнӕн, е Йеговӕй ке ӕй, удта адӕни ӕхемӕ ӕхуӕдӕг ке ӕрбакӕнуй (Иоан. 6:44). Уомӕ гӕсгӕ си ӕ сугъдӕг хъаурӕ корӕ. Хуцауи Дзурдӕй арӕх пайда кӕнӕ. Иннети ӕргом дӕхемӕ нӕ, фал Йеговӕмӕ ӕздахӕ. Архайӕ, цӕмӕй дӕмӕ ка игъосуй, етӕ Йегови ӕгас зӕрдӕй бауарзонцӕ.
Йегови фӕндуй, цӕмӕй адӕнӕн дзорай тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр хабар. Мах ӕй федарӕй зонӕн, «Хуцау ци хъаурӕй хайгин кӕнуй, уобӕл» дӕ нифс ку дарай, уӕд ӕнтӕстгун ке уодзӕнӕ (1 Пет. 4:11).
Дӕ хӕццӕ ка хъиамӕт кӕнуй, еци ӕнсувӕртӕ,
Йегови Ӕвдесӕнти Разамонӕг совет