13 СӔР
Пионер ка ӕй?
Пионер арӕх фӕххонунцӕ, адӕймаги къах кӕми нӕма ’фсардӕй, уӕхӕн рауӕнтӕмӕ ка рандӕ уй ӕма иннетӕн над ка райгон кӕнуй, уой. Йесой дӕр ӕнгъезуй уӕхӕн пионер исхонун. Хуцау ӕй зӕнхӕмӕ рарвиста, цӕмӕй адӕмӕн балӕггадӕ кодтайдӕ, ӕ цард сӕбӕл равардтайдӕ ӕма син ервӕзундзийнадӕмӕ над райгон кодтайдӕ (Матфейи 20:28). Абони ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ дӕр сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнунцӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ (Матфейи 28:19, 20). Беретӕ си лӕггадӕ кӕнунцӕ пионертӕй.
Пионертӕ игъосун кӕнуни гъуддагӕн берӕ рӕстӕг дӕттунцӕ. Йегови Ӕвдесӕнтӕ еугурӕйдӕр хуарз хабар игъосун кӕнунцӕ, цӕйбӕрцӕ сӕ бон ӕй, уойбӕрцӕ. Фал си беретӕ ба сӕ цард уотӕ испълан кодтонцӕ, цӕмӕй ӕнхӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ, гъома алли мӕйӕ дӕр 70 сахатти игъосун кӕнонцӕ. Цӕмӕй уойбӕрцӕ рӕстӕг сӕ бон лӕггадӕ кӕнун уа, уой туххӕй ба иссерунцӕ, ӕгас бон косун кӕми нӕ гъӕуй, уӕхӕн куст. Кадӕртӕ ба лӕггадӕ кӕнунцӕ сӕрмагонд пионертӕй. Етӕ рандӕ унцӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уӕхӕн рауӕнтӕмӕ ӕма алли мӕйӕ дӕр фӕййигъосун кӕнунцӕ 130 сахатти кенӕ фулдӕр. Пионертӕ кӕнунцӕ хумӕтӕг цард, ӕма сӕмӕ ци ес, уой фагӕбӕл нимайунцӕ. Етӕ сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарунцӕ, ӕма ’й зонунцӕ, ке сӕ нӕ ниууадздзӕй, уой (Матфейи 6:31–33; 1 Тимофеймӕ 6:6–8). Ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун ӕ бон кӕмӕн нӕй, етӕ ба лӕггадӕ кӕнунцӕ ӕнхусгӕнӕг пионертӕй, гъома мӕйи медӕг игъосун кӕнунцӕ 30 кенӕ 50 сахатти.
Пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, е уарзуй Хуцауи ӕма адӕми. Киристей хузӕн мах дӕр уинӕн, адӕм ӕнӕ Хуцауӕй ци мӕгур уавӕри ӕнцӕ, уой (Марки 6:34). Ӕма син нӕ бон ӕй банхус кӕнун, федӕни нӕмӕ ци дессаги цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой туххӕй син ку радзорӕн, уӕд. Пионертӕ адӕми ке уарзунцӕ, уомӕ гӕсгӕ еци гъуддагӕн сӕ рӕстӕг ӕма сӕ хъауритӕ не ’вгъау кӕнунцӕ (Матфейи 22:39; 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:8). Уотемӕй сӕхе ӕууӕндундзийнадӕ дӕр федар кӕнуй ӕма Хуцаумӕ дӕр хӕстӕгдӕр кӕнунцӕ. Удта ма син еци гъуддаг хӕссуй устур цийнӕдзийнадӕ дӕр (Гъуддӕгтӕ 20:35).
-
Пионер ка ӕй, уой куд балӕдӕрун кӕнисӕ?
-
Беретӕ пионертӕй цӕмӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ?