8 СӔР
Не ’мбурдтӕмӕ рӕсугъд кондӕй цӕмӕн фӕццӕуӕн?
Аци брошюри ци хузтӕ ес, уонӕмӕ кӕсгӕй, ӕвӕдзи, фӕууидтай, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕмбурдтӕмӕ рӕсугъд кондӕй ке фӕццӕунцӕ, уой. Цума нӕ конд ӕма нӕ уиндӕмӕ цӕмӕн гъӕуама кӕсӕн?
Уотемӕй ӕвдесӕн, нӕ Хуцауӕн кадӕ ке кӕнӕн. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, адӕймаг ӕхебӕл ци ’скӕна, е Хуцауӕн уотӕ ӕхсидзгӕ нӕй (1 Самуили 16:7). Фал Хуцауӕн ковунмӕ ку ӕрӕмбурд уӕн, уӕд нӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй равдесӕн, кадӕ ин ке кӕнӕн, удта нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕн дӕр аргъ ке кӕнӕн, уой. Зӕгъӕн, устур бунат ка ахӕссуй, уӕхӕн хецаумӕ нӕ цӕун ку гъудайдӕ, уӕд, ӕвӕдзи, нӕхемӕ базилдаййанӕ, хъӕппӕлӕй нӕмӕ хуӕздӕр ци ес, уой ’скодтаййанӕ, ӕма уомӕй бӕрӕг адтайдӕ, ке ’й нимайӕн, е. Йеговӕ Хуцау ба ӕй «адӕми Паддзах». Ӕма ӕмбурдмӕ кутемӕй ӕрбацӕуӕн, уомӕй фӕууй бӕрӕг, кадӕ ин ке кӕнӕн, удта ма ин кӕми ковӕн, еци бунатмӕ дӕр цийфӕнди цӕстӕй ке нӕ кӕсӕн, е (Йереми 10:7).
Уомӕй ӕвдесӕн, Библимӕ гӕсгӕ ке цӕрӕн. Библий финст ес, зӕгъгӕ, Хуцауӕн еузӕрдон ка ӕй, уонӕн сӕ дарӕсӕй гъӕуама бӕрӕг уа, «хуӕрзӕгъдау ӕма лӕдӕргӕ ке ’нцӕ», е (1 Тимофеймӕ 2:9, 10). «Хуӕрзӕгъдау» адӕймаг, цӕсти хъӕбӕр ка хауй, удта цубур, ӕлхъивд ӕма ӕгӕр игон ка ’й, уӕхӕн хъӕппӕл не ’скӕндзӕй. Удта «лӕдӕргӕ» ку уа, уӕд дӕр цийфӕнди кӕндтитӕй кенӕ ӕнахур хъӕппӕлти нӕ рацӕудзӕй. Фал ни уӕддӕр алкӕмӕн дӕр ӕ бон ӕй, ӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн дарӕс ӕвзарун. Нӕ конд ӕма нӕ уиндӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ке фӕуунцӕ, уомӕй «нӕ Хуцауи ахурадӕ рӕсугъд кӕнӕн» ӕма ин ӕ номӕн кадӕ хӕссӕн (Титмӕ 2:10; 1 Петури 2:12). Ӕмбурдтӕмӕ рӕсугъд кондӕй ке фӕццӕуӕн, е хъӕбӕр фӕббӕрӕг уй, иннетӕ Йегови организацимӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ, уобӕл.
Кӕд дин, ӕмбурдмӕ ци ’скӕнай, уӕхӕн хъӕппӕл нӕййес, уӕд дӕ е ма бакъулумпи кӕнӕд. Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма ӕмбурдмӕ хъазар дарӕси цӕун гъӕуй, фал гъӕуама уа кӕдзос, аййев ӕма зӕрдӕмӕдзӕугӕ.
-
Ӕмбурдтӕмӕ рӕсугъд кондӕй цӕмӕн фӕццӕуӕн?
-
Нӕ конд ӕма нӕ уиндӕ цӕхуӕн гъӕуама уонцӕ, уой туххӕй Библий ци финст ес?