12 СӔР
Хуарз хабар куд игъосун кӕнӕн?
Йесо Киристе ӕ мӕлӕти размӕ загъта: «Хуцауи Паддзахади туххӕй аци хуарз хабар игъустгонд ӕрцӕудзӕй ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр, цӕмӕй ӕй еугур адӕм дӕр фегъосонцӕ. Ӕма уӕд ӕрцӕудзӕй кӕрон» (Матфейи 24:14). Фал хуарз хабар ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр цӕй фӕрци гъӕуама рапарахат адтайдӕ? Киристе куд игъосун кодта, уотӕ ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ дӕр ке игъосун кӕнунцӕ, уой фӕрци (Лукай 8:1).
Игъосун кӕнӕн хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ. Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути бацӕттӕ кодта, цӕмӕй хуарз хабар игъосун кодтайуонцӕ (Матфейи 10:11–13; Гъуддӕгтӕ 5:42; 20:20). Фиццаг ӕноси киристӕнттӕн разамунд лӕвӕрд цудӕй, кӕми гъӕуама игъосун кодтайуонцӕ, уой фӕдбӕл (Матфейи 10:5, 6; 2 Коринфӕгтӕмӕ 10:13). Абони дӕр уотӕ ӕй. Алли ӕмбурдӕн дӕр иснисан кӕнунцӕ, кӕми гъӕуама игъосун кӕна, уӕхӕн территори. Ӕма уой фӕрци нӕ бон ӕй, Киристе нин куд бафӕдзахста, уотӕ «адӕмӕн игъосун кӕнун» ӕма син, Хуцауи фӕндон цӕй медӕги ӕй, уой «лӕдӕрун кӕнун» (Гъуддӕгтӕ 10:42).
Игъосун кӕнӕн, адӕм кӕмидӕриддӕр ес, уоми. Киристе ма игъосун кодта, адӕм ибӕл кӕмидӕриддӕр ӕмбалдӕй, уоми, зӕгъӕн, денгизи билӕбӕл кенӕ цъайи рази (Марки 4:1; Иоанни 4:5–15). Мах дӕр игъосун кӕнӕн, адӕм кӕми ес, уоми – гъӕунгти, кустуӕтти, паркти ӕма телефонӕй дӕр. Фадуат нин ку фӕууй, уӕд ма фӕдздзорӕн синхонтӕн, хеуӕнттӕн, ке хӕццӕ косӕн кенӕ ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕн дӕр. Алли фадуатӕй дӕр ке пайда кӕнӕн, уой фӕрци ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр милиуангай адӕм хуарз хабар фегъустонцӕ, Хуцау «ци ервӕзундзийнадӕ дӕттуй, уой туххӕй» (Псалом 96:2).
Дӕуӕн ба дӕ бон кӕмӕн адтайдӕ, Хуцауи Паддзахади туххӕй радзорун ӕма син еци Паддзахадӕ ци хуарздзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй, уой балӕдӕрун кӕнун? Еци дессаги хабар иннетӕн ма бавгъау кӕнӕ. Куддӕр дин фадуат фӕззинна, уотӕ син ӕй радзорӕ!
-
Адӕм цӕхуӕн хуарз хабар гъӕуама фегъосонцӕ?
-
Йегови Ӕвдесӕнтӕ игъосун кӕнуни гъуддаги Йесо Киристей куд фӕнзунцӕ?