5 СӔР
Хуцау Авраамӕн ӕма ӕ байзӕддӕгтӕн райарфӕ кодта
Авраами цӕуӕт исберӕ ’нцӕ. Хуцау Египетти Иосифӕн ӕнхус кодта
ХУЦАУ ӕй зудта, ӕгасемӕй фулдӕр ке уарзуй, е ке фӕгъгъезӕмарӕ кӕндзӕй ӕма ке рамӕлдзӕй. Уотӕ ке уодзӕй, е финст адтӕй Райдайӕни 3:15 стихи. Хуцауӕн ӕ Фурти мӕлӕт куд зин адтӕй, е бӕрӕг ӕй, Библий ци хабар финст ес, уомӕй. Йеговӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй ӕ уарзон фурт Исакки нивондӕн ӕрхастайдӕ.
Аврааммӕ адтӕй федар ӕууӕндундзийнадӕ. Гъуди ма ’й кӕнис, Хуцау ин зӕрдӕ ке байвардта, Ервӕзунгӕнӕг, кенӕ Байзӕддаг, Исаккӕй ке рацӕудзӕй? Авраам федарӕй ӕууӕндтӕй, ку багъӕуа, уӕд ин Хуцау ӕ фурти ке райгас кӕндзӕй, ӕма цӕттӕ адтӕй Исакки нивондӕн ӕрхӕссунмӕ. Фал Йегови изӕд Авраами бауорӕдта. Авраам Хуцаумӕ сӕрниллӕгӕй ке байгъуста, уомӕн Йеговӕ устур аргъ искодта, ӕма ин загъта, зӕрдӕ ин цӕмӕй байвардта, уой ке исӕнхӕст кӕндзӕй.
Фӕстӕдӕр Исаккӕн райгурдӕй дууӕ фурти – Исав ӕма Иаков. Исав ӕма Иаков кӕрӕдземӕй хъӕбӕр хецӕн кодтонцӕ. Иаков Хуцауи хӕццӕ баст гъуддӕгтӕн устур аргъ кодта, ӕма ин Йеговӕ дӕр арфӕ кодта. Хуцау Иаковӕн равардта ӕндӕр ном – Израил, ӕма ин ци 12 фурти райгурдӕй, уонӕй рацудӕнцӕ Израили муггӕгтӕ. Фал цума Иакови бийнонтӕй ӕнӕгъӕнӕ адӕмихатт куд рацудӕй?
Иакови хестӕр фурттӕ сӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Иосифмӕ соцъа кӕнун райдӕдтонцӕ ӕма ’й Египетмӕ, цума цагъар адтӕй, уотӕ рауӕйӕ кодтонцӕ. Иосиф Египетти берӕ зиндзийнӕдтӕ бавзурста, фал ин Хуцау арфӕ кодта, уомӕн ӕма коммӕгӕс ӕма нифсгун адтӕй. Фӕстӕдӕр фараон Иосифӕн ӕ къохи устур бартӕ бакодта. Еци рӕстӕг стонг ӕнзтӕ райдӕдтонцӕ, ӕма Иаков ӕ фуртти Египетмӕ рарвиста, цӕмӕй хуӕруйнаг балхӕдтайуонцӕ. Ӕгас Египетти мӕнӕуӕ ба Иосифи бӕрагӕ адтӕй. Иосиф ӕй фӕууидта, е ’нсувӕртӕ ке ӕрфӕсмон кодтонцӕ, уой ӕма син ниххатир кодта. Минкъий фӕстӕдӕр ба е ’гас бийнонти дӕр Египетти хуӕздӕр зӕнхӕбӕл ӕрцӕрун кодта ӕма исберӕ ’нцӕ. Иосиф ӕй балӕдӕрдтӕй, ӕ царди хабӕрттӕ Хуцауи фӕндӕй ке цудӕнцӕ, цӕмӕй ӕ дзурд исӕнхӕст кодтайдӕ.
Рацӕргӕ Иаков ӕ царди фӕстаг бӕнттӕ рарвиста Египетти, ӕ устур бийнонти хӕццӕ. Ӕ мӕлӕти размӕ загъта, зӕрдӕвӕрд Ервӕзунгӕнӕг, кенӕ Байзӕддаг, ӕ фурт Иуди муггагӕй ке рацӕудзӕй ӕма ӕгас зӕнхӕн Паддзах ке исуодзӕй. Ӕнзтӕ фӕстӕдӕр Иосиф ӕ мӕлӕти размӕ загъта, Хуцау Иакови бийнонтӕ Египеттӕй ке ракӕндзӕй.