Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

14 СӔР

Пахампартӕ Хуцауи дзурд игъосун кӕнунцӕ

Пахампартӕ Хуцауи дзурд игъосун кӕнунцӕ

Йеговӕй ӕрвист пахампартӕ игъосун кӕнунцӕ ӕ тӕрхӕнтти туххӕй, ӕ адӕм ин куд гъӕуама лӕггадӕ кӕнонцӕ, уой туххӕй ӕма Киристей туххӕй

ПАДДЗӔХТИ рӕстӕг Иудӕ ӕма Израили адтӕй Хуцауи пахампартӕ. Еци нӕлгоймӕгтӕ Хуцаубӕл федарӕй ӕууӕндтӕнцӕ ӕма нифсгунӕй игъосун кодтонцӕ, ци хабари хӕццӕ сӕ рарветидӕ, уой. Ӕркӕсӕн еци хабӕрттӕй цуппаремӕ.

1. Йерусалим пурхӕгонд ӕрцӕудзӕй. Еци хабар ку нӕма ӕрцудӕй, уомӕй берӕ раздӕр Хуцауи пахампартӕ, Исай ӕма Йереми, игъосун кодтонцӕ, Йерусалим пурхӕгонд ке ӕрцӕудзӕй ӕма ӕдзӕрӕг ке исуодзӕй. Етӕ ӕргом дзурдтонцӕ, Хуцауи маст сӕ цӕмӕн баййафдзӕй, уой туххӕй. Йерусалим уой аккаг нӕбал адтӕй, цӕмӕй Хуцауи ном хастайдӕ, уомӕн ӕма мӕнгӕ хуцӕуттӕн кувтонцӕ, адтӕнцӕ ихӕлд ӕма ӕнӕхатир (2 Паддзӕхти 21:10–15; Исай 3:1–8, 16–26; Йереми 2:1–3:13).

2. Раст дин нӕуӕгӕй ӕрфедар уодзӕй. Хуцауи адӕм 70 анзей фӕсте Вавилони уацарӕй исуӕгъдӕ уодзӕнцӕ. Етӕ сӕ райгурӕн бӕстӕмӕ раздӕхдзӕнцӕ ӕма Йерусалими Йегови ковӕндонӕ нӕуӕгӕй искӕндзӕнцӕ (Йереми 46:27; Амос 9:13–15). Уомӕй 200 анзи раздӕр пахампар Исай загъта, Вавилон ка байахӕсдзӕй, еци паддзахи ном, Кир, зӕгъгӕ. Кир Хуцауи адӕмӕн барӕ ратдзӕй, цӕмӕй раст дин нӕуӕгӕй ӕрфедар кӕнонцӕ. Исай листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕр ниффинста, Кир Вавилон кутемӕй байахӕсдзӕй, уой (Исай 44:24–45:3).

3. Фӕззиндзӕй Киристе. Киристе райгурдзӕй Вифлееми (Михей 5:2). Е Йерусалиммӕ хӕрӕгбӕл бацӕудзӕй, ӕма уомӕй бавдесдзӕй, сӕрниллӕг ке ӕй, уой (Захари 9:9). Кӕд фӕлмӕн ӕма хӕларзӕрдӕ уодзӕй, уӕддӕр беретӕ ӕ нихмӕ цӕудзӕнцӕ (Исай 42:1–3; 53:1, 3). Гъезӕмӕрттӕ бавзаргӕй рамӕлдзӕй, фал ӕ цард уобӕл нӕ фӕууодзӕй. Ӕхе нивондӕн ке ’рхӕсдзӕй, уой фӕрци адӕми тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ӕрцӕудзӕнцӕ (Исай 53:4, 5, 9–12). Адӕмӕн еци фадуат уодзӕй, ке райгас уодзӕй, ӕрмӕстдӕр уой фӕрци.

4. Киристе уодзӕй Паддзах ӕгас зӕнхӕн. Ӕнӕнхӕст адӕми бон нӕй сӕхецӕн разамунд дӕттун ӕма фӕрнӕй цӕрун, фал Киристе ба хунд ӕрцӕудзӕй «Фарни къниаз» (Исай 9:6, 7; Йереми 10:23). Йесо Паддзах ку уа, уӕд адӕм кӕрӕдзей хӕццӕ фӕрнӕй цӕрдзӕнцӕ, сауӕнгӕ ма сирдти хӕццӕ дӕр (Исай 11:3–7). Незтӕ нӕбал уодзӕй (Исай 33:24). Мӕлӕт ӕносмӕ фесӕфдзӕй (Исай 25:8). Ка рамардӕй, еци адӕм райгас уодзӕнцӕ (Данел 12:13).

Исай, Йереми, Данел, Амос, Михей ӕма Захари.