19 СӔР
Йесо дзоруй федӕни туххӕй
Йесо дзоруй, цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, Паддзахи бартӕ ӕ къохмӕ ке райста ӕма аци дуйней кӕрон ке ӕрцудӕй, уой туххӕй
ОЛИВӔ бӕласи хонхӕй рӕсугъд зиннуй Йерусалим ӕма ковӕндонӕ. Еци хонхбӕл бадунцӕ Йесо ӕма ӕ цуппар апостоли, ӕма имӕ фарстатӕ дӕттунцӕ. Минкъий раздӕр син Йесо загъта, Йерусалими ковӕндонӕ пурхӕгонд ке ’рцӕудзӕй. Никки раздӕр ба син дзурдта «аци цардӕвӕрди кӕрони» туххӕй (Матфеййи 13:40, 49). Нур ба ’й апостолтӕ бафарстонцӕ: «Зӕгъай нин ӕй, кӕд ӕрцӕудзӕнцӕ еци хабӕрттӕ, удта, ке ’рцудтӕ ӕма аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрон ке ’рхъӕрдтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?» (Матфеййи 24:3).
Йесо син радзурдта, Йерусалим ку нӕма ниппурхӕ уа, уӕд уой размӕ цӕхуӕн хабӕрттӕ цӕудзӕй, уой туххӕй. Еци хабӕрттӕ айдагъ Йерусалимбӕл не ’сӕнхӕст уодзӕнцӕ, фал федӕни ӕгас дуйнебӕл дӕр. Еци хабӕрттӕ уингӕй, адӕм гъӕуама балӕдӕронцӕ, Киристе уӕлӕрвти Паддзах ке иссӕй, уой. Ӕндӕр загъдӕй, бӕрӕг уодзӕй, Йеговӕ Хуцау Киристей Паддзахӕй ке исӕвардта, ӕма тагъд рӕстӕги фуддзийнадӕн кӕрон ке ’рцӕудзӕй ӕма ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр фарнӕ ке уодзӕй. Йесой дзурдтӕй ма бӕрӕг ӕй, тагъд аци цардӕвӕрдӕн, гъома мӕнгӕ динӕн, политикӕн, удта адӕми организацитӕн кӕрон ке ’рцӕудзӕй, ӕма нӕуӕг дуйне ке уодзӕй.
Киристе Хуцауи Паддзахади Паддзах ке иссӕй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Ӕхуӕдӕг куд загъта, уомӕ гӕсгӕ уодзӕй тугъдтитӕ, стонгдзийнадӕ, зӕнхизмӕлдтитӕ, незтӕ ӕма фудгъуддӕгтӕ. Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ба ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕндзӕнцӕ. Фӕстагмӕ ба уодзӕй, «дуйней фӕззиндӕй нурмӕ ка некӕд ма адтӕй, уӕхӕн устур бӕллӕх» (Матфеййи 24:21).
Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ куд балӕдӕрдзӕнцӕ, еци бӕллӕх ке ’рхӕстӕг ӕй, уой? Йесо загъта: «Цӕветтонӕн райсӕн легъонбӕласӕ» (Матфеййи 24:32). Еци бӕласӕбӕл сифтӕ ку фӕззиннуй, уӕд е, сӕрдӕ ке ’рхӕстӕг ӕй, уой бӕрӕггӕнӕн фӕууй. Раст гъеуотӕ уодзӕй фӕстаг рӕстӕг дӕр. Йесо ци хабӕртти кой кодта, етӕ ку ’нхӕст кӕнонцӕ, уӕд е, кӕрон ке ’рхӕстӕг ӕй, уобӕл дзорӕг уодзӕй. Фал, кӕци бон ӕма кӕци сахат уодзӕй, уой ба Хуцауӕй ӕндӕр неке зонуй. Уомӕ гӕсгӕ Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути бафӕдзахста: «Ма бафунӕй уотӕ, уомӕн ӕма, еци рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕй, уой нӕ зонетӕ» (Марки 13:33).