Библи. Цӕхуӕн ӕхсидзгӕ хабар си ес?

Библий цӕхуӕн ӕхсидзгӕ хабар ес?

Библи зонун цӕмӕн гъӕуй?

Зӕнхӕбӕл тӕккӕ зундгонддӕр киунуги, Библий туххӕй фулдӕр базонӕ.

1 СӔР

Хуцау адӕми ӕрцӕрун кодта Дзенети

Хуцау адӕми куд искодта, уой туххӕй Библий ци финст ес? Хуцау фиццаг адӕмӕн ци бафӕдзахста?

2 СӔР

Дзенети цӕруни барӕ син нӕбал адтӕй

Хуцау, ӕ нихмӕ ка рацудӕй, уонӕн тӕрхон ку рахаста, уӕд уой фӕсте зӕрдӕ цӕмӕй байвардта?

3 СӔР

Дони хъиамӕт

Фудгъуддӕгтӕ зӕнхӕбӕл куд исберӕ ’нцӕ? Ной Хуцаубӕл еузӕрдонӕй куд байзадӕй?

4 СӔР

Хуцау Авраами хӕццӕ искодта бадзурд

Авраам ӕ цӕрӕнбунат Ханаанмӕ цӕмӕн раййивта? Йеговӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта?

5 СӔР

Хуцау Авраамӕн ӕма ӕ байзӕддӕгтӕн райарфӕ кодта

Йеговӕ Авраамӕн ку загъта, цӕмӕй Исакки нивондӕн ӕрхӕсса, уӕд ӕй уомӕй ци фӕндадтӕй бавдесун? Иаков ӕ мӕлӕти размӕ ци загъта?

6 СӔР

Иов Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзадӕй

Цума адӕмӕн дӕр ӕма изӕдтӕн дӕр сӕ бон ӕй ӕвдесун, Йеговӕ Дун-дуйней хецау ке ӕй, уой? Еци хабар Иови киунугӕй куд зиннуй?

7 СӔР

Хуцау израилӕгти Египеттӕй исуӕгъдӕ кодта

Хуцау Моисеййӕн ци баихӕс кодта, цӕмӕй Израили адӕми исуӕгъдӕ кодтайдӕ? Израилӕгтӕ Комуадзӕн бӕрӕг кӕнун цӕмӕн райдӕдтонцӕ?

8 СӔР

Израилӕгтӕ Ханаани зӕнхӕмӕ бацудӕнцӕ

Йеговӕ Раави ӕма ӕ бийнонти цӕмӕн фӕййервӕзун кодта, израилӕгтӕ Ханаан ку ниппурхӕ кодтонцӕ, уӕд?

9 СӔР

Израилӕгтӕ паддзах байагурдтонцӕ

Израилӕгтӕ паддзах ку байагурдтонцӕ, уӕд Йеговӕ Саули равзурста. Йеговӕ Саули бӕсти Давиди цӕмӕн исӕвардта?

10 СӔР

Зундгин паддзах Соломон

Соломони зунд цӕмӕй рабӕрӕг ӕй? Йеговӕй ке райеуварс ӕй, е ӕй цӕмӕ ӕркодта?

11 СӔР

Уодӕнцойнӕ ка хӕссуй ӕма ахур ка кӕнуй, уӕхӕн зартӕ

Хуцау ка ’й уарзуй, уонӕн ке ӕнхус кӕнуй, удта син уодӕнцойнӕ ке дӕттуй, е кӕци псаломтӕй бӕрӕг ӕй? Соломони зари дзурд цӕбӕл цӕуй?

12 СӔР

Хуцауи унаффитӕй пайда кӕнтӕ

Ӕркӕсӕ, Хуцауи унаффитӕ Ӕмбесӕндти ӕма Екклесиасти киунугӕй дин куд банхус кӕндзӕнцӕ, уомӕ.

13 СӔР

Израил ӕма Иуди паддзӕхтӕ

Израил дууӕ дехи цӕмӕн фӕцӕй?

14 СӔР

Пахампартӕ Хуцауи дзурд игъосун кӕнунцӕ

Хуцауи пахампартӕ цӕхуӕн хабӕртӕ дзурдтонцӕ? Ӕркӕсӕн си цуппар сӕйраг гъудимӕ

15 СӔР

Пахампар дзоруй федӕни туххӕй

Данел Киристей ӕма Хуцауи Паддзахади туххӕй ци базудта?

16 СӔР

Киристе ӕрцудӕй зӕнхӕмӕ

Йеговӕ аргъауӕг Иоанни ӕма изӕдти фӕрци куд фегъосун кодта, Йесо Мессийӕ ке ӕй? Йеговӕ ӕхуӕдӕг куд фегъосун кодта, ӕ Фурт Мессийӕ ке ӕй?

17 СӔР

Йесо дзоруй Хуцауи Паддзахади туххӕй

Киристе цӕхуӕн хабар игъосун кодта? Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма Киристе адӕми ка уарзуй ӕма рӕстӕй ка архайуй, уӕхӕн Паддзах ке уодзӕй?

18 СӔР

Йесо ӕвдесуй дессӕгтӕ

Йесо ци дессӕгтӕ ӕвдиста, уонӕй куд рабӕрӕг ӕй цӕхуӕн хъаурӕ имӕ ес ӕма федӕни зӕнхӕн цӕхуӕн Паддзах уодзӕй, е?

19 СӔР

Йесо дзоруй федӕни туххӕй

Киристе ӕ апостолтӕн цӕхуӕн бӕрӕггӕнӕнти кой кодта?

20 СӔР

Йесо Киристей рамардтонцӕ

Киристей ку нӕма рамардтонцӕ, уӕд цӕхуӕн бӕргбон исфедар кодта?

21 СӔР

Йесо Киристе райгас ӕй!

Ахуркӕнуйнӕгтӕ ’й куд базудтонцӕ Киристе ке райгас ӕй, уой?

22 СӔР

Апостолтӕ нифсгунӕй игъосун кӕнунцӕ

Фӕндзайӕймаг бон бӕрӕг кӕнгӕй ци ’рцудӕй? Знӕгтӕ ци цӕстӕй кастӕнцӕ, Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕ ке игъосун кодтонцӕ, уомӕ?

23 СӔР

Хуарз хабар игъустгонд цӕуй

Павел Листри еу къулух адӕймаги ку исдзӕбӕх кодта, уӕд ибӕл цӕхуӕн цау ӕрцудӕй? Павел Роммӕ куд бахаудтӕй?

24 СӔР

Павел финсуй ӕмбурдтӕмӕ

Павел ӕмбурдтӕн цӕхуӕн унаффитӕ равардта? Зӕрдӕвӕрд байзӕддаги туххӕй ци дзурдта?

25 СӔР

Ӕууӕндундзийнадӕ, уагахаст ӕма уарзондзийнадӕ

Киристонӕн е ’ууӕндундзийнадӕ гъуддӕгтӕй ӕ бон куд ӕй ӕвдесун? Хуцауи ӕцӕгӕй ке уарзӕн, е цӕмӕй фӕууй бӕрӕг?

26 СӔР

Зӕнхӕ иссуодзӕй Дзенет!

Библий сӕйраг гъуди Раргомади киунуги ӕвдист куд цӕуй?

Библий ӕхсидзгӕ хабар. Цубуртӕй

Йеговӕ сабургай куд лӕдӕрун кодта, Мессийӕ Йесо ке уодзӕй ӕма зӕнхӕй нӕуӕгӕй дзенет ке искӕндзӕй?

Библий рӕстӕгамонӕн схемӕ

Ӕркӕсӕ Библий рӕстӕгамонӕн схемӕмӕ, н. э. размӕ 4026-аг анзӕй н. э. 100-аг анзмӕ цӕхуӕн хабӕрттӕ цудӕй, уомӕ.