Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

8 СӔР

Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?

Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?

1. Цӕхуӕн кувдбӕл радзубанди кӕндзиан?

МИЛИУАНГАЙ адӕн зонунцӕ, Киристе дӕнцӕгӕн ке ниууагъта, еци кувд. Еци кувди фӕрци Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн байамудта, ковун куд гъӕуй, уой. Йесо цӕй туххӕй кувта? Ӕма уой зонун абони уӕлдай ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

2. Йесо куд загъта, уотемӕй цӕхуӕн ӕртӕ гъуддагей туххӕй ковун гъӕуй?

2 Йесо загъта: «Ковгӕ ба кӕнтӕ уотӕ: „Нӕ уӕларвон Фидӕ, исрохс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ. Дӕ фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ уӕд зӕнхӕбӕл дӕр“». (Бакӕсӕ Матфеййи 6:9–13.) Йесо еци ӕртӕ гъуддагей туххӕй цӕмӕн ковун кодта? (Кӕсӕ 20 уӕлӕнхасӕн.)

3. Хуцауи Паддзахади туххӕй ци гъӕуама зонӕн?

3 Мах базудтан, Хуцауи ном Йеговӕ ке ӕй. Удта радзубанди кодтан, Хуцаумӕ адӕн ӕма зӕнхи туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес, уобӕл. Фал Йесой дзурдтӕ, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ», зӕгъгӕ, куд лӕдӕргӕ ’нцӕ? Аци сӕрӕй базондзиан, Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй, ци искӕндзӕй ӕма Хуцауи ном куд исрохс кӕндзӕй, уой.

ХУЦАУИ ПАДДЗАХАДӔ ЦИ ӔЙ?

4. Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй ӕма ӕ Паддзах ка ӕй?

4 Йеговӕ уӕлӕрвти исфедар кодта хецауадӕ ӕма си Паддзахӕй исӕвардта Киристей. Еци хецауадӕ Библи хонуй Хуцауи Паддзахадӕ. Йесо ӕй «паддзӕхти Паддзах ӕма хецӕутти Хецау» (1 Тимофеймӕ 6:15). Уой бон цӕйбӕрцӕ хуарздзийнӕдтӕ ӕй искӕнун, уойбӕрцӕ еунӕг хецауи бон дӕр нӕй. Ӕгас зӕнхон хецӕутти дӕр еумӕ ку райсай, уӕддӕр сӕмӕ Йесой бӕрцӕ хъаурӕ нӕ уодзӕй.

5. Хуцауи хецауадӕ разамунд кӕцӕй дӕтдзӕй ӕма кӕмӕн?

5 Йесо ку райгас ӕй, уӕд дууинсӕй боней фӕсте уӕлӕрвтӕмӕ раздахтӕй (Гъуддӕгтӕ 2:33). Ӕма фӕстӕдӕр иссӕй Хуцауи Паддзахади Паддзах. Хуцауи хецауадӕ зӕнхӕн уӕлӕрвтӕй разамунд дӕтдзӕй (Раргомадӕ 11:15). Уомӕ гӕсгӕ Библи Хуцауи Паддзахадӕ хонуй «уӕларвон паддзахадӕ» (2 Тимофеймӕ 4:18).

6, 7. Йесо цийфӕнди зӕнхон хецауӕй дӕр хуӕздӕр цӕмӕн ӕй?

6 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ зӕнхон паддзӕхтӕй Йесой хӕццӕ еуей дӕр рабарӕн нӕййес, уомӕн ӕма «еунӕг е ӕй ӕнӕмӕлгӕ» (1 Тимофеймӕ 6:16). Зӕнхон хецӕуттӕ еу афони уӕддӕр рамӕлунцӕ, Йесо ба некӕд рамӕлдзӕй. Ӕма нин ци хуарздзийнӕдтӕ искӕндзӕй, етӕ дӕр ӕносмӕ уодзӕнцӕ.

7 Библий еу пахампаради финст ес, Йесо рӕстӕй ке архайдзӕй ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ Паддзах ке уодзӕй: «Уобӕл ӕрцӕудзӕй Йегови хъаурӕ – исхайгин уодзӕй зунд ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕй, унаффӕ, хъаурӕ ӕма зонундзийнӕдтӕй ӕма тӕрсдзӕй Йеговӕй. Ӕма, Йеговӕй ке тӕрсдзӕй, е ин хӕсдзӕй цийнӕдзийнадӕ. Цӕстӕй ци уина, уомӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕй тӕрхон ӕма, гъосӕй ци игъоса, уомӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕй уайдзӕф. Е мӕгуртӕн кӕндзӕй ӕнӕхӕран тӕрхон» (Исай 11:2–4). Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ, цӕмӕй дин уӕхӕн паддзах уа?

8. Йесой хӕццӕ ма уӕларвон хецауади кадӕртӕ ке уодзӕй, уой кӕцӕй зонӕн?

8 Хуцау адӕнӕй кедӕрти равзурста, цӕмӕй Йесой хӕццӕ уӕларвон хецауади уонцӕ. Зӕгъӕн, апостол Павел Тимофеййӕн загъта: «Кӕд федар лӕууӕн, уӕд ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ дӕр уодзиан» (2 Тимофеймӕ 2:12). Йесой хӕццӕ Паддзӕхтӕ ка уодзӕй етӕ цӕйбӕрцӕ уодзӕнцӕ?

9. Йесой хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй ӕма цӕйбӕрцӕ уодзӕнцӕ? Йеговӕ сӕ ӕвзарун кӕд райдӕдта?

9 Ӕвдӕймаг сӕрӕй куд базудтан, уомӕ гӕсгӕ апостол Иоанн цӕстӕбӕлуайӕни фӕууидта, Йесо уӕлӕрвти Паддзах ке ӕй, ӕ хӕццӕ ба ма 144 000 паддзахи. Цума етӕ ка ’нцӕ? Иоанн балӕдӕрун кодта, етӕ «[Йесой] ном ӕма ӕ Фиди ном сӕ тӕрнихтӕбӕл финст кӕмӕн ӕй», етӕ ке ’нцӕ. Удта ма ниффинста: «Уӕриккӕ кумӕ цӕуй, етӕ дӕр уордӕмӕ цӕунцӕ ӕ фӕдбӕл. Хуцау ӕма Уӕриккӕн адӕнӕй фиццаг етӕ ӕрцудӕнцӕ ӕлхӕд». (Бакӕсӕ Раргомадӕ 14:1, 4.) Еци 144 000 ӕнцӕ еузӕрдон киристӕнттӕ, ӕма сӕ Хуцау равзурста, цӕмӕй Йесой хӕццӕ «зӕнхӕн... паддзӕхтӕ» уонцӕ. Етӕ ку рамӕлунцӕ, уӕд райгас унцӕ уӕларвон цардмӕ (Раргомадӕ 5:10). Еци къуармӕ ка хаудзӕй, уони Йеговӕ ӕвзарун райдӕдта фиццаг ӕноси.

10. Нӕ паддзӕхтӕ Йесо ӕма 144 000 ке уодзӕнцӕ, е Йегови уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг цӕмӕн ӕй?

10 Йесойӕн ӕмпаддзӕхтӕ адӕнӕй ӕвзурст ке ’рцудӕнцӕ, уомӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ нӕбӕл ке тухсуй, е. Йесо уодзӕй хуарз хецау, уомӕн ӕма нӕ хуарз лӕдӕруй. Е ӕхуӕдӕг дӕр адӕймаг адтӕй, ӕма рист ӕма гъезӕмарӕ ци ӕй, уой зонуй. Павел загъта, Йесо нин «нӕ лӕмӕгъдзийнӕдтӕ» лӕдӕруй, зӕгъгӕ, удта, дан, «мах хузӕн фӕлвӕрд ӕрцудӕй алцӕмӕйдӕр» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 4:15; 5:8). 144 000 дӕр адӕнӕй ӕвзурст ке ’нцӕ, уомӕ гӕсгӕ етӕ дӕр зонунцӕ, ӕнӕнхӕстдзийнади ӕма незти хӕццӕ тох кӕнун куд зин ӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ нӕ дузӕрдуг кӕнӕн, Йесо ӕма нин 144 000 паддзахи нӕ сагъӕстӕ ӕма нӕ зиндзийнӕдтӕ ке лӕдӕрдзӕнцӕ, уобӕл.

ХУЦАУИ ПАДДЗАХАДӔ ЦИ ИСКӔНДЗӔЙ?

11. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма уӕлӕрвти Хуцауи фӕндон алке, удта алкӕд не ’нхӕст кодта?

11 Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн дзурдта, цӕмӕй кувтайуонцӕ, Хуцауи фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ уӕд зӕнхӕбӕл дӕр, зӕгъгӕ. Фал адтӕй уӕхӕн рӕстӕг, ӕма уӕлӕрвти Хуцауи фӕндон еугурӕй не ’нхӕст кодтонцӕ. Ӕртиккаг сӕрӕй куд базудтан, уотемӕй Сайтан Хуцауи нихмӕ рацудӕй. Еци хабари фӕсте Йеговӕ барӕ равардта Сайтанӕн ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕн, цӕмӕй ма цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг уӕлӕрвти адтайуонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ уӕлӕрвти Хуцауи фӕндон алке не ’нхӕст кодта. Сайтани ӕма лӕгъуз изӕдти туххӕй ма фулдӕр базондзиан дӕсӕймаг сӕрӕй.

12. Раргомади 12:10 цӕхуӕн дууӕ ӕхсидзгӕ хабари ес?

12 Библийӕй базонӕн ес, Йесо Хуцауи Паддзахади Паддзах ку иссӕй, уомӕй минкъий фӕстӕдӕр Сайтани хӕццӕ ке гъӕуама истухтайдӕ. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 12:7–10.) Ами 10-аг стихи ес дууӕ ӕхсидзгӕ хабари. Фиццаг: Хуцауи Паддзахадӕ бартӕ ӕ къохмӕ райста, ӕ Паддзах ба ӕй Йесо Киристе. Дуккаг: Сайтан уӕлӕрвтӕй зӕнхӕмӕ гӕлст ӕрцудӕй. Идарддӕр ӕй куд базондзиан, уомӕ гӕсгӕ аци дууӕ хабари ӕцӕгӕйдӕр ӕрцудӕнцӕ.

13. Сайтан гӕлст ку ’рцудӕй, уӕд уӕлӕрвти уавӕр куд раййивта?

13 Библий финст ӕй, еузӕрдон изӕдтӕ хъӕбӕр ке цийнӕ кодтонцӕ, Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ уӕлӕрвтӕй гӕлст ке ’рцудӕнцӕ, уобӕл. Библий кӕсӕн: «Цийнӕ кӕнтӕ, уӕлӕрвтӕ ӕма уӕлӕрвти цӕргутӕ!» (Раргомадӕ 12:12). Нур уӕлӕрвти Хуцауи нихмӕ некебал цӕуй ӕма си ес еудзийнадӕ, уомӕн ӕма си еугурӕйдӕр Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнунцӕ.

Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ уӕлӕрвтӕй гӕлст ку ’рцудӕнцӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕн никки фулдӕр зиндзийнӕдтӕ ӕвзарунцӕ. Фал еци зиндзийнӕдтӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕй

14. Сайтан уӕлӕрвтӕй гӕлст ку ’рцудӕй, уӕд зӕнхӕбӕл уавӕртӕ куд раййивтонцӕ?

14 Фал зӕнхӕбӕл ба уавӕр бустӕги ӕндӕрхузи ӕй. Адӕнбӕл берӕ бӕллӕхтӕ цӕуй, уомӕн ӕма Сайтан хъӕбӕр мӕстгун ӕй, «зонуй ӕй, рӕстӕг ин берӕ ке нӕбал байзадӕй!» (Раргомадӕ 12:12). Мадта Сайтан мӕстӕй тонуй. Уӕлӕрвтӕй гӕлст ӕрцудӕй, ӕма ’й зонуй, тагъд ӕ кӕрон ке ӕрцӕудзӕй, уой. Сайтан ӕгас хъауритӕй архайуй, цӕмӕй ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр адӕн маст ӕма гъезӕмӕрттӕ ӕвзаронцӕ ӕма сӕбӕл аллихузи фидбилизтӕ цӕуа.

15. Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес?

15 Фал Йеговӕ нӕ раййивта, зӕнхи туххӕй имӕ ци фӕндӕ адтӕй, уой. Нур дӕр ӕй фӕндуй, цӕмӕй зӕнхӕбӕл уа дзенет ӕма ибӕл ӕнхӕст адӕн ӕносмӕ цӕронцӕ (Псалом 37:29). Цума Хуцауи Паддзахадӕ еци фӕндӕ куд исӕнхӕст кӕндзӕй?

16, 17. Данели 2:44 пахампарадӕй Хуцауи Паддзахади туххӕй ци ес базонӕн?

16 Пахампар Данели киунуги финст ӕй: «Еци паддзӕхти рӕстӕги уӕларвон Хуцау исфедар кӕндзӕй, ка некӕд ниппурхӕ уодзӕй, уӕхӕн паддзахадӕ. Еци паддзахадӕ ӕндӕр адӕни къохмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕй. Е ниппурхӕ кӕндзӕй еугур еци паддзахӕдтӕ, ӕхуӕдӕг ба лӕудзӕй ӕносмӕ» (Данел 2:44). Аци пахампарадӕй Хуцауи Паддзахади туххӕй ци ес базонӕн?

17 Фиццаг: Хуцауи Паддзахадӕ гъӕуама ӕвӕрд ӕрцудайдӕ «еци паддзӕхти рӕстӕги». Гъома бартӕ ӕ къохмӕ райстайдӕ, зӕнхӕбӕл ма ӕндӕр хецӕуттӕ ку адтайдӕ, уӕд. Дуккаг: Хуцауи Паддзахадӕ лӕудзӕй ӕносмӕ ӕма ӕндӕр хецауадӕй ӕййивд некӕд ӕрцӕудзӕй. Ӕма ӕртиккаг: Хуцауи Паддзахади ӕма аци дуйней хецӕутти астӕу уодзӕй тугъд. Еци тугъди Хуцауи Паддзахадӕ фӕууӕлахез уодзӕй, ӕма ӕгас зӕнхӕн дӕр уодзӕй ӕрмӕстдӕр еунӕг хецауадӕ. Е уодзӕй тӕккӕ хуӕздӕр хецауадӕ.

18. Хуцауи Паддзахади ӕма аци дуйней хецӕутти астӕу ци тугъд уодзӕй, е куд хуннуй?

18 Хуцауи Паддзахадӕ аци дуйней хецӕутти хӕццӕ ку истоха, уӕд уой хуӕдразӕй ци ’рцӕудзӕй? Фӕстаг тугъди разӕй, гъома Армагеддони разӕй, сайтӕнттӕ паддзӕхти исараздзӕнцӕ рӕдуд зундбӕл, «цӕмӕй сӕ ӕрӕмбурд кӕнонцӕ, Алцигъон Хуцауи устур бон ка уодзӕй, еци тугъдмӕ». Еци тугъди зӕнхон хецауӕдтӕ тохдзӕнцӕ Хуцауи паддзахади нихмӕ (Раргомадӕ 16:14, 16; кӕсӕ 10 уӕлӕнхасӕн).

19, 20. Хуцауи Паддзахадӕ нӕ цӕмӕн гъӕуй?

19 Хуцауи Паддзахадӕ нӕ цӕмӕн гъӕуй? Тӕккӕ минкъийдӕр ӕртӕ гъуддагей туххӕй. Фиццаг: мах ан тӕрегъӕдгун адӕн, ӕма уой туххӕй сӕйӕн ӕма мӕлӕн. Фал Библи зӕгъуй, Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ ӕносмӕ ке цӕрдзиан. Иоанни 3:16 финст ӕй: «Хуцау дуйне уотӕ хъӕбӕр уарзуй, ӕма ӕ еунӕг Фурти равардта, цӕмӕй ибӕл ка ӕууӕндуй, е ма фесӕфа, фал ӕносон цардӕй хайгин уа».

20 Дуккаг: Хуцауи Паддзахадӕ нӕ гъӕуй, фудгӕнӕг адӕни астӕу ке цӕрӕн, уой туххӕй дӕр. Беретӕ мӕнгӕттӕ дзорунцӕ, кӕрӕдзей сайунцӕ ӕма ӕнӕгъдау миутӕ кӕнунцӕ. Еци гъуддӕгтӕн мах бон неци ӕй бакӕнун. Фал ӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ка нӕ ниууадза, уони Хуцау Армагеддони фесафдзӕй. (Бакӕсӕ Псалом 37:10.) Ӕртиккаг: зӕнхон хецӕуттӕ фӕуунцӕ ӕнӕхатир ӕма мӕнгард ӕма сӕ бон нӕй адӕни зиндзийнӕдтӕн кӕрон искӕнун. Етӕ адӕнӕн не ’нхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Хуцаумӕ игъосонцӕ. Библий финст ӕй: «Адӕймаг адӕймагӕн хецау ке ӕй, е ин хӕссуй зиан» (Екклесиаст 8:9).

21. Цӕмӕй Хуцауи фӕндон зӕнхӕбӕл дӕр уа, уой туххӕй Хуцауи Паддзахадӕ ци искӕндзӕй?

21 Армагеддони фӕсте Хуцауи Паддзахади фӕрци Хуцауи фӕндон уодзӕй зӕнхӕбӕл дӕр. Зӕгъӕн, Сайтанӕн ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕн сӕ хъаурӕ байсдзӕй (Раргомадӕ 20:1–3). Фӕстагмӕ ба сӕйгӕ дӕр, удта мӕлгӕ дӕр некебал кӕндзӕй. Хуцаубӕл еузӕрдон ка уа, етӕ еугурӕйдӕр Киристей нивонди фӕрци ӕносмӕ дзенети цӕрдзӕнцӕ (Раргомадӕ 22:1–3). Хуцауи Паддзахадӕ исрохс кӕндзӕй Хуцауи ном. Кутемӕй? Хуцауи хецауадӕ зӕнхӕн разамунд ку дӕтта, уӕд еугурӕйдӕр кадгин кӕндзӕнцӕ Йегови ном. Ӕ ном ин некебал ӕгадӕ кӕндзӕй – нӕдӕр гъуддӕгтӕй, нӕдӕр дзурдтӕй. (Кӕсӕ 21 уӕлӕнхасӕн.)

ЙЕСО ПАДДЗАХ КӔД ИССӔЙ?

22. Кӕцӕй ӕй зонӕн, Йесо зӕнхӕбӕл цӕргӕй дӕр, удта уӕлӕрвтӕмӕ ку иссудӕй, уой хуӕдфӕсте дӕр Паддзах ке нӕма иссӕй?

22 Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн дзурдта, цӕмӕй кувтайуонцӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ». Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауи Паддзахадӕ федӕни ке гъӕуама ӕрцудайдӕ ӕвӕрд. Паддзах ба си гъӕуама иссайдӕ Йесо. Цума Йесо уӕлӕрвтӕмӕ ку иссудӕй, гъе уӕд иссӕй Паддзах? Нӕъ, ӕнгъӕлмӕ кӕсун ӕй багъудӕй. Ку райгас ӕй, уомӕй цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте Петур дӕр ӕма Павел дӕр балӕдӕрун кодтонцӕ, 110 псаломи 1 стихи финст пахампарадӕ Йесомӕ ке амудта. Еци пахампаради Йеговӕ зӕгъуй: «Бадӕ мӕ рахес фарс, цалинмӕ дин де знӕгти дӕ къӕхти буни не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ» (Гъуддӕгтӕ 2:32–35; Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:12, 13). Цума Йесой цӕйбӕрцӕ рӕстӕг багъудӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун, цалинмӕ ’й Йеговӕ Паддзахӕй нӕ исӕвардта, уӕдмӕ?

Хуцауи Паддзахади фӕрци Хуцауи фӕндон уодзӕй ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр

23. а) Йесо Хуцауи Паддзахади Паддзах кӕд иссӕй? б) Иннӕ сӕрӕй ци базондзиан?

23 1914 анзӕй берӕ раздӕр кӕдзосзӕрдӕ киристӕнтти къуар балӕдӕрдтӕнцӕ, Библий пахампарӕдтӕй беретӕ еци анз ке райдайдзӕнцӕ ӕнхӕст кӕнун. Ӕма 1914 анзӕй нурмӕ дуйнебӕл ци хабӕрттӕ цӕуй, уонӕй бӕрӕг ӕй, еци киристӕнттӕ раст ке адтӕнцӕ. Йесо еци анз иссӕй Паддзах (Псалом 110:2). Уомӕй берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй Сайтан зӕнхӕмӕ гӕлст ӕрцудӕй, ӕма ин нур «берӕ... нӕбал байзадӕй!» (Раргомадӕ 12:12). Библи еци рӕстӕг хонуй «фӕстаг бӕнттӕ». Иннӕ сӕрӕй базондзиан, еци рӕстӕги ке цӕрӕн, уомӕн ма никкидӕр цӕхуӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ ес, уой. Удта ма базондзиан, хъӕбӕр тагъд Хуцауи Паддзахади фӕрци зӕнхӕбӕл дӕр Хуцауи фӕндон ке уодзӕй, уой дӕр. (Кӕсӕ 22 уӕлӕнхасӕн.)