10 СӔР
Библий изӕдти ӕма сайтӕнтти туххӕй ци финст ес?
1. Изӕдти туххӕй нӕ базонун цӕмӕн гъӕуй?
ЙЕГОВИ фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ бийнонти зонӕн. Изӕдтӕ дӕр ӕ бийнонтӕй ӕнцӕ. Библий хуннунцӕ «Хуцауи фурттӕ» (Иов 38:7). Цума изӕдтӕ ци фӕккосунцӕ? Рагидзаманти адӕнӕн куд ӕнхус кодтонцӕ? Цума нин абони дӕр сӕ бон ӕй ӕнхус кӕнун? (Кӕсӕ 8 уӕлӕнхасӕн.)
2. Изӕдтӕ куд фӕззиндтӕнцӕ ӕма цӕйбӕрцӕ ’нцӕ?
2 Мах гъӕуй базонун, изӕдтӕ куд фӕззиндтӕнцӕ, уой. Колоссӕгтӕмӕ 1:16 финст ӕй, Йеговӕ тӕккӕ фиццаг Йесой ке сфӕлдиста. Уой фӕсте ба сфӕлдиста, «уӕлӕрвти ци ес... ӕма, зӕнхӕбӕл ци ес, уой», уой хӕццӕ ба изӕдти дӕр. Цума цӕйбӕрцӕ ’нцӕ? Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ изӕдтӕ ӕнцӕ сӕдӕгай милиуантӕ (Псалом 103:20; Раргомадӕ 5:11).
3. Иови 38:4–7 финст дзурдтӕй изӕдти туххӕй ци ес базонӕн?
3 Библий финст ӕй, Йеговӕ изӕдти зӕнхӕй раздӕр ке сфӕлдиста. Иови киунуги куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ изӕдтӕ зӕнхӕ ку фӕууидтонцӕ, уӕд хъӕбӕр цийнӕ кодтонцӕ. Етӕ адтӕнцӕ лимӕн бийнонтӕ ӕма Йеговӕн еумӕйагӕй лӕггадӕ кодтонцӕ (Иов 38:4–7).
ИЗӔДТӔ ӔНХУС КӔНУНЦӔ ХУЦАУИ АДӔНӔН
4. Изӕдтӕ адӕнмӕ сӕ цӕстӕ ке дарунцӕ, уой кӕцӕй зонӕн?
4 Изӕдтӕ рагӕй нурмӕ дӕр адӕни цардмӕ сӕ гъос дарунцӕ. Алкӕддӕр сӕ фӕндадтӕй базонун, Йеговӕмӕ зӕнхӕ ӕма адӕни туххӕй ци фӕндӕ ес, е куд исӕнхӕст уодзӕй, уой (Ӕмбесӕндтӕ 8:30, 31; 1 Петури 1:11, 12). Адам ӕма Евӕ Хуцауи нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд изӕдтӕн дӕр зин куд н’ адтайдӕ. Ӕма абони дӕр фулдӕр адӕн Йеговӕмӕ ке не ’гъосунцӕ, е ба син, ӕвӕдзи, никки зиндӕр ӕй. Фал еске ку ’рфӕсмон кӕнуй ӕма Хуцаумӕ ку раздӕхуй, уӕд изӕдтӕ хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнунцӕ (Лукай 15:10). Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, еци адӕнбӕл ба уӕлдай хъӕбӕрдӕр тухсунцӕ. Йеговӕ сӕ зӕнхӕмӕ рарветуй, цӕмӕй ин ӕ лӕггадгӕнгутӕн банхус кӕнонцӕ кенӕ сӕ багъӕуай кӕнонцӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 1:7, 14). Ӕркӕсӕн цалдӕр цӕветтонемӕ.
5. Рагидзаманти изӕдтӕ Хуцауи лӕггадгӕнгутӕн куд ӕнхус кодтонцӕ?
5 Йеговӕ горӕттӕ Содом ӕма Гоморрӕ фесафунвӕндӕ ку искодта, уӕд ӕ изӕдтӕй дууей рарвиста, цӕмӕй Лоти ӕ бийнонти хӕццӕ уордигӕй рахудтайуонцӕ (Райдайӕн 19:15, 16). Цалдӕр сӕдӕ анзей фӕсте ба пахампар Данели домбӕйтти къагъдмӕ ку ниггӕлстонцӕ, уӕд «Хуцау ӕ изӕди рарвиста, цӕмӕй домбӕйтти комтӕбӕл ниххуӕстайдӕ», ӕма ’й уотемӕй фӕййервӕзун кодта (Данел 6:22). Апостол Петури дӕр ахӕстдони ку исбадун кодтонцӕ, уӕд имӕ Йеговӕ изӕди рарвиста, цӕмӕй ӕй уордиги ракодтайдӕ (Гъуддӕгтӕ 12:6–11). Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд изӕдтӕ уомӕн дӕр ӕнхус кодтонцӕ. Зӕгъӕн, донаргъуди фӕсте ин «изӕдтӕ лӕггадӕ кодтонцӕ» (Марки 1:13). Ӕ мӕлӕти размӕ ба ’й еу изӕд «бафедар кодта» (Лукай 22:43).
6. а) Изӕдтӕ абони дӕр Хуцауи адӕнӕн ке ӕнхус кӕнунцӕ, уой кӕцӕй зонӕн? б) Цӕхуӕн фарстатӕбӕл базондзиан дзуапп?
6 Абони изӕдтӕ адӕнмӕ сӕхе нӕбал февдесунцӕ. Фал сӕ уӕддӕр Хуцау рарветуй, цӕмӕй ин ӕ лӕггадгӕнгутӕн банхус кӕнонцӕ. Библий финст ӕй: «Йегови изӕд гъӕуай кӕнуй, Хуцауӕй ка тӕрсуй, уони ӕма сӕ ервӕзун кӕнуй» (Псалом 34:7). Цума нӕ гъӕуай кӕнун цӕмӕн гъӕуй? Уомӕн ӕма нин хъӕбӕр хъаурӕгин знӕгтӕ ес, ӕма архайунцӕ, цӕмӕй нин ести фидбилиз ракӕнонцӕ. Ка ’нцӕ еци знӕгтӕ? Кӕцӕй ӕнцӕ? Ӕма нин зиан кутемӕй хӕссунцӕ? Цӕмӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн, Хуцау Адам ӕма Еви ку сфӕлдиста, уомӕй минкъий фӕстӕдӕр ци ’рцудӕй, уомӕ.
ӔНӔУИНГӔ ЗНӔГТӔ
7. Сайтан цӕйбӕрцӕ адӕн басайдта?
7 Ӕртиккаг сӕрӕй куд базудтан, уомӕ гӕсгӕ еу изӕд Хуцауи нихмӕ рацудӕй, ӕма ’й бафӕндадтӕй, цӕмӕй адӕнӕн сӕ хецау иссайдӕ. Библи ӕй хонуй Сайтан кенӕ Ибилис (Раргомадӕ 12:9). Уомӕй уӕлдай ма Сайтани фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн дӕр Хуцауи нихмӕ рацудайуонцӕ. Гъема Еви басайдта. Ӕма уӕдӕй нурмӕ адӕнӕн сӕ фулдӕри сайуй. Фал ин ӕгасей басайун нӕ рауадӕй. Зӕгъӕн, Авель, Енох ӕма Ной Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕнцӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:4, 5, 7).
8. а) Еуӕй-еу изӕдтӕ сайтӕнттӕ куд иссӕнцӕ? б) Сайтӕнттӕ Дони хъиамӕти куд фӕййервазтӕнцӕ?
8 Ноййи рӕстӕги дӕр еуӕй-еу изӕдтӕ Хуцауи нихмӕ рацудӕнцӕ. Етӕ сӕ уӕларвон цард ниууагътонцӕ Райдайӕн 6:2.) Фал изӕдтӕн уӕхӕн барӕ н’ адтӕй (Иуди 6). Еци фудгӕнӕг изӕдти хузӕн адӕнӕн дӕр сӕ фулдӕр еугур исӕфт фӕцӕнцӕ, удта алли фудмиутӕ кодтонцӕ. Ӕма уӕд Йеговӕ дӕр исфӕндӕ кодта еци адӕни фесафун, гъема ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр Дони хъиамӕт рауагъта. Фал ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути ба фӕййергъӕв кодта (Райдайӕн 7:17, 23). Фудгӕнӕг изӕдтӕ ба сӕхе рафснайдтонцӕ – фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕмӕ раздахтӕнцӕ. Библи еци изӕдти хонуй лӕгъуз изӕдтӕ кенӕ сайтӕнттӕ. Етӕ дӕр Сайтанмӕ ӕрбайеу ӕнцӕ, ӕма е иссӕй сӕ хецау (Матфеййи 9:34).
ӕма адӕймаги бауӕрти зӕнхӕмӕ ӕрцудӕнцӕ. Цума цӕмӕн? Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ зӕнхон силгоймӕгтӕбӕл сӕ цӕстӕ ӕривардтонцӕ. (Бакӕсӕ9. а) Сайтӕнттӕ уӕлӕрвтӕмӕ ку раздахтӕнцӕ, уӕд сӕ хабар куд адтӕй? б) Идарддӕр ци базондзиан?
9 Сайтӕнттӕ Йегови нихмӕ ке рацудӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ Йеговӕ уой аккаг нӕбал искодта, цӕмӕй нӕуӕгӕй ӕ бийнонтӕмӕ ӕрбайеу адтайуонцӕ (2 Петури 2:4). Адӕймӕгтӕ исун сӕ бон нӕбал ӕй. Фал уӕддӕр, Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ «зӕнхӕбӕл ӕгас адӕни дӕр» сайунцӕ (Раргомадӕ 12:9; 1 Иоанни 5:19). Мадта базонӕн, уойбӕрцӕ адӕни сайун син куд ӕнтӕсуй, уой. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 2:11.)
САЙТӔНТТӔ АДӔНИ КУД САЙУНЦӔ
10. Сайтӕнттӕ адӕни куд сайунцӕ?
10 Сайтӕнттӕ адӕни аллихузти сайунцӕ. Адӕн ӕнӕуингӕ хъауритӕй ӕнхус ку фӕййагорунцӕ,– Галатӕгтӕмӕ 5:19–21). Цӕмӕн? Зӕгъӕн, цауӕйнон скъӕппӕг куд ниввӕруй, уотӕ сайтӕнттӕ дӕр пайда кӕнунцӕ аллихузи скъӕппӕгутӕй, цӕмӕй адӕни сӕ дӕлбарӕ бакӕнонцӕ. (Кӕсӕ 26 уӕлӕнхасӕн.)
сӕхуӕдтӕ кенӕ дӕснити фӕрци,– уӕд ӕнхус сайтӕнттӕй фӕййагорунцӕ. Фал нӕ Библи фӕдзӕхсуй, цӕмӕй нӕхе гъӕуай кӕнӕн, сайтӕнтти хӕццӕ баст цидӕриддӕр ӕй, уонӕй (11. Дӕсни фӕрсун ци ӕй ӕма си нӕхе цӕмӕн гъӕуама хезӕн?
11 Сайтӕнтти скъӕппӕгутӕй сӕ еу ӕй дӕсни фӕрсун, гъома адӕймаг ци нӕ зонуй, уой базонуни туххӕй сайтӕнтти хъаурӕй ку фӕппайда кӕнуй. Еуӕй-еуетӕ гороскоптӕ фӕккӕсунцӕ, иннетӕ армитъӕпӕни хӕнхитӕ фертасунцӕ, кадӕртӕ къартӕй кенӕ къофийӕй фӕффӕрсунцӕ, ес ма, фунтӕ ка фехалуй, уӕхӕнттӕ дӕр. Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма син еци гъуддӕгтӕ неци зиан ӕрхӕсдзӕнцӕ. Фал ӕцӕгӕй ба хъӕбӕр тӕссаг ӕнцӕ. Библи ӕргом ӕвдесуй, дӕсни фӕрсуни гъуддӕгтӕ сайтӕнтти хӕццӕ баст ке ’нцӕ. Гъуддӕгти 16:16–18 финст ӕй, еу кизгӕн дӕсни фӕрсунмӕ ка ӕнхус кодта, уӕхӕн лӕгъуз изӕди туххӕй. Ӕма апостол Павел еци лӕгъуз изӕдмӕ уотӕ ку исдзурдта, кизгӕй рацо, зӕгъгӕ, уӕд си лӕгъуз изӕд рацудӕй, ӕма кизгӕ дӕсни фӕрсун нӕбал зудта.
12. а) Мӕрдти хӕццӕ дзорун тӕссаг цӕмӕн ӕй? б) Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ зиани ӕгъдӕуттӕй кӕцидӕртӕ цӕмӕннӕ фӕккӕнунцӕ?
12 Сайтӕнттӕн ма ӕндӕр скъӕппӕг дӕр ес. Етӕ архайунцӕ, цӕмӕй баууӕндӕн, ка рамардӕй, етӕ ма кӕмидӕр ке цӕрунцӕ ӕма сӕ бон ке ӕй нӕ 1 Самуили 28:3–19). Адӕн, мӕрдти цидӕр ке ес, уобӕл ке ӕууӕндунцӕ, е бӕрӕг ӕй зиани ӕгъдӕуттӕй дӕр. Уонӕмӕ хаунцӕ: ӕхсӕвбадӕнтӕ, хиститӕ, хъӕппӕлфӕлдесӕнтӕ, мардӕн фингтӕ кӕнун, хӕлар кӕнун, сау дарун ӕма уотӕ идарддӕр. Уӕхӕн ӕгъдӕуттӕ еугурӕйдӕр баст ӕнцӕ сайтӕнтти хӕццӕ. Киристӕнттӕ уӕхӕн ӕгъдӕуттӕ ке нӕ фӕккӕнунцӕ, уой туххӕй сӕ сӕ бийнонтӕ кенӕ сӕ синхонтӕ уайдзӕфти буни фӕккӕнунцӕ, ӕфхуӕрун сӕ райдайунцӕ кенӕ сӕмӕ нӕбал фӕдздзорунцӕ. Фал ӕй киристӕнттӕ зонунцӕ, адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд си цӕргӕ ке нецибал байзайуй. Ӕма ӕ хӕццӕ дзоргӕ дӕр нӕбал ракӕндзӕнӕ, удта дин кӕнгӕ дӕр неци ракӕндзӕй – нӕдӕр хуарзӕй, нӕдӕр лӕгъузӕй (Псалом 115:17). Мадта дӕхе гъӕуай кӕнӕ. Макӕд архайӕ мӕрдти кенӕ сайтӕнтти хӕццӕ радзорунбӕл ӕма дӕхе хезӕ сайтӕнтти хӕццӕ баст ӕгъдӕуттӕй! (Бакӕсӕ Дуккаг закъон 18:10, 11; Исай 8:19.)
хӕццӕ дзорун, ескуд нин банхус кӕнун кенӕ ба нин ести зиан ӕрхӕссун. Зӕгъӕн, е ’мбал кенӕ ӕ хеуон кӕмӕн рамардӕй, е, гӕнӕн ес, ӕма мӕрдти хӕццӕ ка дзоруй, уӕхӕн дӕснимӕ фӕццӕуа. Уой бон ба ӕй, ка рамардӕй, уой туххӕй еститӕ радзорун кенӕ ба имӕ сауӕнгӕ уой гъӕлӕсӕй дӕр исдзорун (13. Сайтӕнттӕй ка тарстӕй, уонӕй беретӕн ци бантӕстӕй?
13 Сайтӕнттӕ адӕни айдагъ сайгӕ нӕ кӕнунцӕ, фал ма сӕ тӕрсун дӕр кӕнунцӕ. Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ ’й зонунцӕ, рӕстӕг син «берӕ ке нӕбал байзадӕй» ӕма син тагъд Хуцау сӕ Раргомадӕ 12:12, 17). Фал мингай адӕн сайтӕнттӕй нӕбал тӕрсунцӕ. Цума цӕй фӕрци?
хъаурӕ ке байсдзӕй. Ӕма бонӕй-бонмӕ сӕ маст фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнуй ӕма алли фудмиутӕ кӕнунцӕ (САЙТӔНТТИ НИХМӔ ФЕДАР ФӔЛЛӔУУӔ ӔМА СИ ДӔХЕ ИСУӔГЪДӔ КӔНӔ
14. Фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн нӕ бон куд ӕй сайтӕнттӕй исуӕгъдӕ ун?
14 Библи лӕдӕрун кӕнуй, сайтӕнтти нихмӕ цӕй фӕрци фӕллӕудзиан ӕма си цӕмӕй мабал тӕрсӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй, уой. Зӕгъӕн, горӕт Ефеси цӕргутӕй кадӕртӕ цалинмӕ рӕстдзийнадӕ нӕ базудтонцӕ, уӕдмӕ сайтӕнтти хӕццӕ баст адтӕнцӕ. Цума си куд исуӕгъдӕ ’нцӕ? Библий финст ӕй: «Кӕлӕнгӕнгутӕй ба беретӕ сӕ киунугутӕ ӕрӕмбурд кодтонцӕ ӕма сӕ се ’гасей рази басугътонцӕ. Сӕ аргъ син ку банимадтонцӕ, уӕд рауадӕй фӕндзай мин ӕвзестӕ ’хцай» (Гъуддӕгтӕ 19:19). Уони фӕндадтӕй киристӕнттӕ исун, ӕма уомӕ гӕсгӕ се ’гас киунугутӕ дӕр басугътонцӕ. Абони дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ке фӕндуй, е гъӕуама рагӕлдза, сайтӕнтти хӕццӕ баст дзаумӕуттӕй имӕ цидӕриддӕр ес, уони. Уонӕмӕ хаунцӕ гороскоптӕ, кӕцидӕр кинотӕ, журналтӕ, музыкӕ, гъӕзтитӕ ӕма хузтӕ,– еу загъдӕй, сайтӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕ адӕнмӕ дессаг ке туххӕй фӕккӕсунцӕ, уӕхӕн дзаумӕуттӕ еугурӕйдӕр. Удта ма адӕн сӕхе сайтӕнттӕй багъӕуай кӕнунмӕ сӕ хӕццӕ ке фӕддарунцӕ, еци дзаумӕуттӕ дӕр гъӕуй рагӕлдзун (1 Коринфӕгтӕмӕ 10:21).
15. Никкидӕр ма нӕ ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй Сайтани ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти нихмӕ фӕллӕууӕн?
Ефесӕгтӕмӕ 6:12). Кӕд сӕ киунугутӕ басугътонцӕ, уӕддӕр ма сайтӕнттӕ архайдтонцӕ, цӕмӕй син ести знаггадӕ ракодтайуонцӕ. Мадта ма еци киристӕнтти никкидӕр ци гъудӕй кӕнун? Павел син загъта: «Райсетӕ ӕууӕндундзийнади устур уарт – уомӕй уӕ бон уодзӕй Фидбилизи содзгӕ фӕттӕ се ’гасейдӕр ниххуссун кӕнун [кенӕ бауорамун]» (Ефесӕгтӕмӕ 6:16). Ӕфсӕддони ӕ уарт тугъди будури куд гъӕуай кодта, уотӕ мах дӕр не ’ууӕндундзийнадӕ гъӕуай кӕнуй. Йегови бон нӕ багъӕуай кӕнун ке ӕй, уобӕл федарӕй ку ’ууӕндӕн, уӕд Сайтани ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти нихмӕ фӕллӕудзиан (Матфеййи 17:20).
15 Ефесӕгтӕ сӕ киунугутӕ ку басугътонцӕ, уомӕй цалдӕр анзи фӕсте апостол Павел ниффинста, идарддӕр дӕр сӕ «фудгӕнӕг изӕдти нихмӕ» тохун ке гъӕуй (16. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн?
16 Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн? Гъӕуама алли бон дӕр Библи кӕсӕн ӕма нӕхе ахур кӕнӕн нӕ нифс Йеговӕбӕл дарун. Цалинмӕ нӕ нифс Йеговӕбӕл дарӕн, уӕдмӕ нин Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ неци ракӕндзӕнцӕ (1 Иоанни 5:5).
17. Сайтӕнттӕй ма нӕ никкидӕр ци багъӕуай кӕндзӕй?
17 Ефеси киристӕнтти ма никкидӕр ци гъудӕй кӕнун? Сӕ горӕт сайтӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй идзаг адтӕй. Ӕма сӕмӕ уомӕ гӕсгӕ Павел ниффинста: «Алкӕддӕр... коветӕ Хуцаумӕ» Ефесӕгтӕмӕ 6:18). Гъудӕй сӕ Йеговӕмӕ ковун, цӕмӕй сӕ гъӕуай кодтайдӕ. Махӕй ба ци ес зӕгъӕн? Мах дӕр цӕрӕн, сайтӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй идзаг ка ӕй, уӕхӕн дуйней. Ӕма мах дӕр гъӕуй Йеговӕмӕ ковун, цӕмӕй нӕ Сайтанӕй гъӕуай кӕна. Ковгӕ ба имӕ гъӕуама кӕнӕн ӕ номӕй. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 18:10.) Ӕма имӕ алкӕддӕр ку ковӕн, уӕд нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп дӕтдзӕй (Псалом 145:19; Матфеййи 6:13).
(18, 19. а) Сайтанбӕл ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕбӕл цӕй фӕрци фӕууӕлахез уодзиан? б) Иннӕ сӕри дзуапп цӕхуӕн фарстабӕл базондзиан?
18 Сайтӕнтти хӕццӕ баст цидӕриддӕр ӕй, уонӕй нӕхе ку исуӕгъдӕ кӕнӕн, ӕма нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй Сайтани ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти нихмӕ федар лӕуун. Тӕрсун си нӕ гъӕуй. (Бакӕсӕ Иакови 4:7, 8.) Йеговӕ сайтӕнттӕй берӕ хъаурӕгиндӕр ӕй. Е сӕ Ноййи рӕстӕги бафхуардта, федӕни ба сӕ фесафдзӕй (Иуди 6). Еу гъуддаг макӕд иронх кӕнӕ: сӕ хӕццӕ еунӕгӕй нӕ тохӕн. Йеговӕ нӕ гъӕуай кӕнуй ӕ изӕдти фӕрци (2 Паддзӕхти 6:15–17). Гъӕуама ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнӕн, Йегови фӕрци Сайтанбӕл ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕбӕл ке фӕууӕлахез уодзиан, уобӕл (1 Петури 5:6, 7; 2 Петури 2:9).
19 Фал кӕд Сайтан ӕма, ӕ фӕдбӕл ка рацудӕй, еци лӕгъуз изӕдтӕ адӕнӕн уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ ӕма мӕститӕ ӕвзарун кӕнунцӕ, уӕд сӕ Хуцау нурмӕти цӕмӕннӕ фесафта? Аци фарстабӕл дзуапп базонӕн ес иннӕ сӕри.