14 СӔР
Ӕгас зӕнхӕбӕл уодзӕй еу Паддзахадӕ
Зонис ӕй, цӕхуӕн Паддзахади кой кӕнӕн? ~ Гъо, е ӕй Хуцауи Паддзахадӕ, ӕма еци Паддзахадӕ зӕнхӕбӕл искӕндзӕй Дзенет. Фӕндуй дӕ еци Паддзахади туххӕй фулдӕр базонун? ~
Алли паддзахади дӕр фӕууй паддзах. Е разамунд фӕддӕттуй, ӕ зӕнхӕбӕл ка цӕруй еци адӕмӕн. Ду ба’ й зонис, Хуцауи Паддзахади Паддзах ка ӕй, уой? ~ Е ӕй Йесо Киристе. Нур е ӕй уӕлӕрвти, тагъд ба зӕнхӕбӕл ӕгас адӕмӕн дӕр уодзӕй Паддзах! Зонис ӕй, Йесо зӕнхӕбӕл Паддзах ку уа, уӕд е махӕн цӕхуӕн хуарздзийнӕдтӕ искӕндзӕй? ~
Дзенети хъӕбӕрдӕр цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис?
Нӕ цард нин искӕндзӕй хъӕбӕр амондгун! Адӕм кӕрӕдзей хӕццӕ хилӕ нӕбал кӕндзӕнцӕ ӕма кӕрӕдзей уарззӕнцӕ. Дзенети тугъдтитӕ нӕбал уодзӕй, удта сӕйгӕ дӕр ӕма мӕлгӕ дӕр некебал кӕндзӕй. Ӕ цӕститӕ хъӕрӕу кӕмӕн ӕнцӕ, етӕ уинун райдайдзӕнцӕ, гъосӕй ка нӕ игъосуй, етӕ игъосун райдайдзӕнцӕ, къулух ка ӕй, уонӕн дӕр сӕ бон уодзӕй ледзун ӕма гӕппитӕ кӕнун. Алкӕмӕн дӕр уодзӕй фагӕ хуӕруйнаг. Сирдти хӕццӕ лимӕнӕй цӕрдзинан. Удта ка рамардӕй, етӕ дӕр райгас уодзӕнцӕ. Аци брошюрӕ кӕсгӕй ке базудтай, еци Ревеккӕ,
Раав, Давид ӕма Илийа дӕр райгас уодзӕнцӕ! Фӕндуй дӕ сӕ хӕццӕ фембӕлун, ку райгас уонцӕ, уӕд? ~Йеговӕ дӕ уарзуй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй амондгун уай. Идарддӕр дӕр Йегови туххӕй фулдӕр базонунбӕл ку архайай ӕма имӕ ку игъосай, уӕд дӕ бон уодзӕй ӕностӕмӕ рӕсугъд Дзенети цӕрун! Фӕндуй дӕ уоми цӕрун? ~