Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

4 СӔР

Ӕ фиди ӕма Йегови зӕрдӕ барохс кодта

Ӕ фиди ӕма Йегови зӕрдӕ барохс кодта

Йеффай Йеговӕн цӕхуӕн дзурд равардта?

Кӕд Йеффаййи кизгӕн ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр, ӕ фидӕ ци дзурд равардта, уой исӕнхӕст кодта

Хузӕбӕл еци кизги уинис? ~ Е ӕй Йеффаййи кизгӕ. Куд хундтӕй, е Библий финст нӕй. Фал ӕй мах зонӕн, ӕ фиди ӕма Йегови зӕрдӕ ке барохс кодта. Гъӕйдӕ фулдӕр базонӕн еци кизги ӕма ӕ фидӕ Йеффаййи туххӕй.

Йеффай адтӕй хуарз адӕймаг. Е алкӕддӕр рӕстӕг иссеридӕ, цӕмӕй ӕ кизгӕн Йегови туххӕй дзурдтайдӕ. Удта ма адтӕй хъаурӕгин лӕг ӕма хуарз разамонӕг. Израилӕгтӕ се знӕгти нихмӕ тохунмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд Йеффай адтӕй сӕ сӕргълӕууӕг.

Еу хатт Йеффай Хуцаумӕ искувта, цӕмӕй ин банхус кодтайдӕ е знӕгтӕбӕл фӕууӕлахез ун. Ӕма ин дзурд равардта, зӕгъгӕ, ме знӕгтӕбӕл ку фӕууӕлахез уон, уӕд мӕмӕ хӕдзарӕй фиццаг ка рацӕуа, уой дӕуӕн ратдзӕн. Еци адӕймаг гъӕуама ӕ царди кӕронмӕ дӕр цардайдӕ ӕма кустайдӕ Хуцауи ковӕндони. Еци бунатмӕ адӕм Хуцауӕн ковунмӕ цудӕнцӕ. Йеффай е знӕгтӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр фӕууӕлахез ӕй! Зонис ӕй, фӕстӕмӕ ку ’рцудӕй, уӕд имӕ ӕ хӕдзарӕй фиццаг ка рацудӕй? ~

Гъо, ӕ кизгӕ! Йеффаййӕн е адтӕй ӕ еунӕг кизгӕ, ӕма ’й нур гъӕуама идард рауӕнмӕ рарвистайдӕ. Ӕма уой туххӕй Йеффай хъӕбӕр ӕрӕнкъард ӕй. Фал Йеговӕн дзурд ке равардта, е си иронх нӕ адтӕй. Ӕ кизгӕ дӕр ин загъта: «Мӕ фидӕ, кӕд Йеговӕн дзурд равардтай, уӕд ӕй исӕнхӕст кӕнӕ».

Йеффаййи кизгӕмӕ алли анз дӕр е ’мбӕлттӕ ӕрцӕуиуонцӕ

Йеффаййи кизгӕн ӕхецӕн дӕр зин адтӕй, уомӕн ӕма ковӕндони лӕггадӕ кӕнгӕй киндзи дӕр некӕд ӕрцудайдӕ ӕма ин сувӕллӕнттӕ дӕр некӕд адтайдӕ. Фал ӕй уомӕй хъӕбӕрдӕр ба фӕндадтӕй, ӕ фидӕ ци дзурд равардта, уой исӕнхӕст кӕнун, удта Йегови зӕрдӕ барохс кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ Йеффаййи кизгӕ ӕ хӕдзарӕ ниууагъта ӕма ӕ царди кӕронмӕ дӕр ковӕндони фӕццардӕй.

Куд дӕмӕ кӕсуй, еци кизгӕ ӕ фиди ӕма Йегови зӕрдӕ барохс кодта? ~ Гъо! Ду дӕр Йеффаййи кизги хузӕн ку уай ӕма Йегови ку уарзай, уӕд дӕ ниййергути ӕма Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзӕнӕ.