7 ХАЙ
Уӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнтӕ
«Абони дин ке дзорун, еци дзурдтӕ гъӕуама уонцӕ дӕ зӕрди. Ӕма сӕ арф ниввӕрӕ дӕ сувӕллони зӕрди» (Дуккаг закъон 6:6, 7).
Йеговӕ фиццаг бийнонти ку сфӕлдиста, уӕд син баихӕс кодта, цӕмӕй син ци сувӕллӕнттӕ фӕззиндтайдӕ, уони гъомбӕл кодтайуонцӕ (Колоссӕгтӕмӕ 3:20). Ӕма уин кӕд сувӕллӕнттӕ ес, уӕд сӕ сумах дӕр гъӕуама ахур кӕнайтӕ, цӕмӕй Йегови уарзонцӕ ӕма си хуарз адӕм рауайа (2 Тимофеймӕ 1:5; 3:15). Удта ма гъӕуама архайайтӕ, цӕмӕй, уӕ кизги кенӕ уӕ биццеуи зӕрди ци ес, уой зонайтӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, уӕхуӕдтӕ дӕр син гъӕуама фӕнзуйнаг уайтӕ. Йегови Дзурд уӕ зӕрдити ку уа, уӕд ӕй уӕ сувӕллӕнттӕн дӕр хуӕздӕр амондзинайтӕ (Псалом 40:8).
1 АРХАЙЕТӔ, ЦӔМӔЙ УӔ СУВӔЛЛӔНТТӔН УӔ ХӔЦЦӔ ДЗОРУН ӔНЦОН УА
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Рӕвдзӕ уо байгъосунмӕ, дзорунмӕ... ба тагъд ма кӕнӕ» (Иакови 1:19). Кӕд уӕ фӕндуй, цӕмӕй уӕ сувӕллӕнттӕ уӕ хӕццӕ ӕргом дзоронцӕ, уӕд ӕй гъӕуама зононцӕ, уӕ хӕццӕ сӕ радзорун ку фӕндӕуа, уӕд сӕмӕ ке байгъосдзинайтӕ, уой. Уӕ хӕдзари фарнӕбӕл ку архайайтӕ, уӕд, сӕ зӕрди ци ес, уой дзорун син ӕнцондӕр уодзӕй (Иакови 3:18). Фал сӕмӕ уотӕ ку кӕса, ӕма сӕмӕ исмӕстгун уодзинайтӕ кенӕ сӕ бафхуӕрдзинайтӕ, уӕд син уӕ хӕццӕ ӕргом дзорун зин уодзӕй. Бухсун зонетӕ ӕма уӕ сувӕллӕнттӕн арӕх дзоретӕ, ке сӕ уарзетӕ, уой (Матфейи 3:17; 1 Коринфӕгтӕмӕ 8:1).
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Уӕ сувӕллӕнтти уӕ хӕццӕ естӕбӕл радзорун ку фӕндӕуа, уӕд сӕмӕ байгъосетӕ.
-
Сӕ хӕццӕ алкӕддӕр дзоретӕ, ести сӕбӕл ку ’рцӕуа, айдагъ уӕд нӕ, фал.
2 УОТӔ ЦӔМӔН ДЗОРУНЦӔ, УОЙ БАЛӔДӔРЕТӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Гъуддаг хуарз ка лӕдӕруй, е искӕндзӕй хуарздзийнадӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 16:20). Еуӕй-еухатт фӕгъгъӕуй балӕдӕрун, уӕ сувӕллӕнттӕ уин ци дзорунцӕ, айдагъ уой нӕ, фал уотӕ цӕмӕн дзорунцӕ, уой дӕр. Арӕх сувӕллӕнттӕ гъуддаг ниддессаг кӕнунцӕ кенӕ ба дзоргӕ еу фӕккӕнунцӕ, сӕ сӕри ба ӕндӕр цидӕр фӕууй. Библи зӕгъуй, «адӕймагмӕ ку нӕ байгъосай, уотемӕй дзуапп ку раттай, уӕд е ӕй ӕнӕзунд миуӕ», зӕгъгӕ (Ӕмбесӕндтӕ 18:13). Мадта уайтагъд ма рамӕстгун уо (Ӕмбесӕндтӕ 19:11).
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Сувӕллон уин цийфӕнди ку дзора, уӕддӕр ин ӕ дзурд ӕрдӕгбӕл ма ’ркъуӕретӕ ӕма ма рамӕстгун уотӕ.
-
Уӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнтӕ, уӕхуӕдтӕ уой кари куд адтайтӕ ӕма уин фиццаг бунати цӕхуӕн гъуддӕгтӕ адтӕнцӕ, уой.
3 ЕУ ГЪУДИБӔЛ ХУӔСТ УОТӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Мӕ бӕдолӕ, игъосӕ дӕ фиди зундамундмӕ ӕма дин дӕ мадӕ ци закъон амонуй, уой ма иронх кӕнӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 1:8). Сувӕллон гъомбӕл кӕнуни ихӕс Йеговӕ исӕвардта фидӕбӕл дӕр ӕма мадӕбӕл дӕр. Гъӕуама уӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнайтӕ, цӕмӕй уӕмӕ игъосонцӕ ӕма уин аргъ кӕнонцӕ (Ефесӕгтӕмӕ 6:1–3). Ниййергутӕ «еу зундбӕл хуӕст» ку нӕ фӕуунцӕ, уӕд ӕй сувӕллӕнттӕ фӕллӕдӕрунцӕ (1 Коринфӕгтӕмӕ 1:10). Кӕрӕдзей хӕццӕ естӕбӕл ку нӕ арази кӕнайтӕ, уӕд ибӕл сувӕллӕнтти рази ма дзоретӕ, уомӕн ӕма уотемӕй ниййергути кадӕ сувӕллӕнтти цӕсти дӕлӕмӕ хауй.
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Уӕ сувӕллӕнттӕн зунд куд амондзинайтӕ, уобӕл радзубанди кӕнтӕ ӕма еу гъудимӕ ӕрцотӕ.
-
Уӕ сувӕллӕнтти куд гъомбӕл кӕндзинайтӕ, уой фӕдбӕл еу гъудибӕл хуӕст ку нӕ уайтӕ, уӕд байархайӕ, цӕмӕй, дӕ цардӕмбал гъуддагмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, уой балӕдӕрай.
4 ПЪЛАН ИСКӔНТӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Дӕ сувӕллони ӕ минкъийӕй раст надбӕл исӕвӕрӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 22:6). Уӕ сувӕллӕнттӕй хуарз адӕм сӕхе гъӕди нӕ рауайдзӕй. Куд сӕ гъомбӕл кӕндзинайтӕ, уой фӕдбӕл уин гъӕуама пълан уа, удта уи иронх ма уӕд, еуӕй-еухатт сӕ бафхуӕрун ке фӕгъгъӕуй, е дӕр (Псалом 127:4; Ӕмбесӕндтӕ 29:17). Дзурд «ӕфхуӕрун» Библий фӕййамонуй «зунд амонун» дӕр. Уомӕ гӕсгӕ сувӕллонӕй ести ку фӕййагоретӕ, уӕд ин ӕй балӕдӕрун кӕнтӕ, уой си цӕмӕн агоретӕ, уой (Ӕмбесӕндтӕ 28:7). Удта ма сӕ ахур кӕнтӕ, цӕмӕй Йегови Дзурд уарзонцӕ ӕма си ци уагӕвӕрдтӕ ес, уонӕй куд пайда кӕнун гъӕуй, уой лӕдӕронцӕ (Псалом 1:2). Уотемӕй базондзӕнцӕ, ци гъӕуама кӕнонцӕ, цӕмӕй сӕ цӕсгон Хуцауи рази алкӕддӕр кӕдзос уа (Дзиуиттӕгтӕмӕ 5:14).
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Архайетӕ, цӕмӕй уӕ сувӕллӕнттӕ Хуцауи базононцӕ ӕма ибӕл сӕ зӕрдӕ даронцӕ.
-
Ба син лӕдӕрун кӕнтӕ, Интернет сӕ уагӕ ӕма се ’гъдауӕн цӕмӕй тӕссаг ӕй ӕма сӕхе куд гъӕуама гъӕуай кӕнонцӕ. Удта ма син амонетӕ, ихӕлд адӕмӕй сӕхе куд багъӕуай кӕнонцӕ, уой дӕр.