Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

6 ХАЙ

Сувӕллон бийнонти цард куд ӕййевуй

Сувӕллон бийнонти цард куд ӕййевуй

«Фурттӕ ӕнцӕ бунтӕ Йеговӕй» (Псалом 127:3).

Сувӕллони райгурд ниййергутӕн устур цийнӕдзийнадӕ ӕрхӕссуй, фал ма син уой хӕццӕ нӕуӕг ихӕстӕ дӕр фӕззиннуй. Кӕд уӕ сувӕллон ӕрӕги райгурдӕй, уӕд уӕмӕ, ӕвӕдзи, дессаг кӕсуй, цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ӕма ибӕл хъауритӕ гъӕуй, е. Ӕнӕхуссӕг ӕхсӕвтӕ ке фервететӕ ӕма уӕ зӕрди нӕуӕг ӕнкъарӕнтӕ ке фӕззиннуй, е уӕ бийнонти цардбӕл, гӕнӕн ес, ӕма лӕгъузӕрдӕмӕ фӕззинна. Ӕма цӕмӕй уӕ сувӕллонмӕ дӕр кӕсайтӕ, удта уӕ кӕрӕдземӕй дӕр ма раидард уайтӕ, уой туххӕй уӕ дууей дӕр гъӕудзӕй ести раййевун. Аци гъуддаги уин Библий унаффитӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ?

1 СУВӔЛЛОН НИЙЙЕРГУТИ ЦАРД КУД РАЙЙЕВУЙ

БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Уарзондзийнадӕ берӕ фӕразуй ӕма ӕй хӕларзӕрдӕ... ӕхецӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл нӕ гъуди кӕнуй, уайтагъд нӕ рамӕстгун уй» (1 Коринфӕгтӕмӕ 13:4, 5). Силгоймаг бӕдоли адӕ фиццаг хатт ку балӕдӕруй, уӕд ин, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕ царди уомӕй адгиндӕр некебал фӕууй. Фал ӕ лӕгмӕ ба уотӕ кӕсун райдайуй, цума ӕ бийнойнаги нӕбал гъӕуй. Мадта уой дӕр гъӕуама иронх ма кӕнай. Фӕразон ӕма фӕлмӕн ку уай, уӕд ӕй лӕдӕрдзӕй, ке ’й уарзис, уой, ӕма дин сувӕллонмӕ фӕккӕсунмӕ дӕр ӕнхус кӕндзӕй.

«Лӕгтӕ, уӕ уостити хӕццӕ цӕретӕ, лӕдӕретӕ сӕ, уотемӕй» (1 Петури 3:7). Гъӕуама лӕдӕрай, дӕ бийнойнагӕн ӕ хъауритӕ еугурӕйдӕр сувӕллонбӕл ке цӕудзӕнцӕ, уой. Нӕуӕг ихӕстӕ ин ке фӕззиндтӕй, уомӕ гӕсгӕ, ка ’й зонуй, тухсдзӕй, фӕллайдзӕй кенӕ ба ӕхемӕ дӕр нийгъосдзӕй. Ӕма дӕмӕ еуӕй-еухатт, ӕвӕдзи, мӕстгун дӕр кӕндзӕй. Фал дӕхебӕл фӕххуӕцӕ, уомӕн ӕма, «ӕ маст уорамун ка зонуй, е хъаурӕгин адӕймагӕй хуӕздӕр ӕй» (Ӕмбесӕндтӕ 16:32). Арфуинӕг уо ӕма ин ӕ къох фӕррӕуӕгдӕр кӕнӕ (Ӕмбесӕндтӕ 14:29).

ЦИ ЕС БАКӔНӔН?

  • Фиддӕлтӕн. Дӕ бийнойнагӕн ӕнхус кӕнӕ уӕ сувӕллонмӕ кӕсун, ӕхсӕвӕ дӕ исистун ку багъӕуа, уӕддӕр. Ӕндӕр гъуддӕгтӕбӕл минкъийдӕр рӕстӕг харз кӕнӕ, цӕмӕй дӕ бийнойнаг ӕма дӕ бӕдоли хӕццӕ фулдӕр рӕстӕг ӕрветай.

  • Мадтӕлтӕн. Дӕ лӕг дин ку зӕгъа, сувӕллонмӕ фӕккӕсунмӕ дин банхус кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд ӕй бауадзӕ. Ести ин ӕнхӕст дзӕбӕх ку нӕ уайа, уӕддӕр ӕй ма фауӕ, фал ин ӕнӕ хъур-хъурӕй байамонӕ, куд ӕй кӕнун гъӕуй, уой.

2 КӔРӔДЗЕМӔ ӔНГОМДӔР КӔНТӔ

БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Дууемӕй уодзӕнцӕ еу бауӕр» (Райдайӕн 2:24). Кӕд нур дууӕ нӕ, фал ӕртӕ айтӕ, уӕддӕр ду ӕма дӕ цардӕмбал айтӕ «еу бауӕр». Уӕ бон ци ӕй, уой кӕнтӕ, цӕмӕй кӕрӕдземӕй ма раидард уайтӕ.

Силгоймӕгтӕ, уӕ сӕри хецӕуттӕ уӕ фарсмӕ ке балӕуунцӕ ӕма уин ке ӕнхус кӕнунцӕ, уомӕн аргъ кӕнтӕ. Се ’нхусӕн син аргъ ке кӕнтӕ, уой син ку дзорайтӕ, уӕд син е уодзӕй «ӕвдадзи хуасӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 12:18). Нӕлгоймӕгтӕ, уӕ бийнойнӕгтӕн дзоретӕ, куд берӕ сӕ уарзетӕ ӕма син куд аргъ кӕнтӕ, уой. Ӕстауетӕ сӕ, бийнонти туххӕй сӕхебӕл ке нӕ ауӕрдунцӕ, уой туххӕй (Ӕмбесӕндтӕ 31:10, 28).

«Алкедӕр гъуди кӕнӕд инней пайдабӕл, ӕхе пайдабӕл нӕ, фал» (1 Коринфӕгтӕмӕ 10:24). Алкӕддӕр архайӕ, цӕмӕй дӕ цардӕмбалӕн хуарз уа. Рӕстӕг иссеретӕ кӕрӕдземӕн нифси дзурдтӕ ракӕнунмӕ ӕма кӕрӕдземӕ байгъосунмӕ. Нӕлгоймаг ӕма силгоймаги астӕу ци фӕууй, дзурд уобӕл ку цӕуа, уӕд еу инней пайдабӕл гъуди кӕнӕд. Аци гъуддаги дин сӕйрагдӕр уӕд дӕхе нӕ, фал дӕ цардӕмбали фӕндон. Библий финст ес: «Еци гъуддаги уӕ кӕрӕдземӕн „нӕ“ ма дзоретӕ» (1 Коринфӕгтӕмӕ 7:3–5). Аци гъуддагбӕл ӕргом дзоретӕ. Фӕразон ку уайтӕ ӕма кӕрӕдзей ку лӕдӕрайтӕ, уӕд ӕнгомдӕр кӕндзинайтӕ.

ЦИ ЕС БАКӔНӔН?

  • Уӕ кӕрӕдземӕн рӕстӕг иссеретӕ.

  • Дӕ цардӕмбалӕн минкъий гъуддӕгтӕй дӕр ӕвдесӕ, ке ’й уарзис, уой. Зӕгъӕн, цалдӕр дзурди имӕ рафинсӕ кенӕ ин ести минкъий лӕвар искӕнӕ.

3 УӔ СУВӔЛЛОНИ АХУР КӔНТӔ

БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Ду дӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ зонис сугъдӕг Финститӕ – етӕ дин ратдзӕнцӕ уӕхӕн зунд, цӕмӕй фӕййервӕзай» (2 Тимофеймӕ 3:15). Бадзубанди кӕнтӕ, уӕ сувӕллони куд ахур кӕндзинайтӕ, уобӕл. Сувӕллони сӕри зунд уӕхӕн дессаг ӕй, ӕма ’й ахур кӕнӕн ес ӕ райгурци размӕ дӕр. Губуни ма ку фӕууй, уӕддӕр уи кӕци дзоруй, уой ӕвзаруй ӕма, тухст айтӕ ӕви нӕ, уой дӕр фӕллӕдӕруй. Кӕд ма минкъий ӕй, уӕддӕр ин еститӕ кӕсетӕ. Ци ин кӕсетӕ, уой ку нӕ лӕдӕра, уӕддӕр уой фӕрци кӕсун бауарздзӕй.

Сувӕллонӕн Хуцауи туххӕй дзорун ӕгӕр раги некӕд фӕууй. Уадзӕ ма дӕ сувӕллон игъоса, Йеговӕмӕ куд ковис, уой (Дуккаг закъон 11:19). Ӕ хӕццӕ ку гъазай, уӕддӕр ин дзорӕ, Хуцау ци искодта, уони туххӕй (Псалом 78:3, 4). Уӕ сувӕллон ку фӕуустурдӕр уа, уӕд ӕй балӕдӕрдзӕй, Йегови куд уарзетӕ, уой, ӕма ’й е дӕр уарздзӕй.

ЦИ ЕС БАКӔНӔН?

  • Хуцаумӕ коветӕ, цӕмӕй уин уӕ сувӕллони гъомбӕл кӕнунмӕ лӕдӕргӕдзийнадӕ ратта.

  • Цӕмӕй уӕ сувӕллон минкъийӕй ахур кӕнун райдайа, уой туххӕй ин сӕйраг дзурдтӕ ӕма гъудитӕ цалдӕр хатти дӕр зӕгъетӕ.