Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ДЗУБАНДИ КУ РАЙДАЙАЙ

3 УРОК

Хӕларзӕрдӕ уо

Хӕларзӕрдӕ уо

Уагӕвӕрд: «Уарзондзийнадӕ... ӕй хӕларзӕрдӕ» (1 Кор. 13:4)

Киристе куд архайдта?

1. Бакӕсӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ кенӕ бакӕсӕ Иоанни 9:1–7. Уой фӕсте расагъӕс кӕнӕ дӕлдӕр финст фарстатӕбӕл:

  1.   а) Киристе фиццагидӕр ци бакодта: хъӕрӕу нӕлгоймагӕн хуарз хабар радзурдта ӕви бал ӕй исдзӕбӕх кодта? (Кӕсӕ Иоанни 9:35–38.)

  2.  б) Киристе уотӕ ке бакодта, е нӕлгоймагӕн куд банхус кодта, цӕмӕй хуарз хабармӕ хуӕздӕр байгъустайдӕ?

Киристейӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

2. Адӕймаг дӕмӕ хуӕздӕр байгъосдзӕй, ке ибӕл тухсис, уой ку лӕдӕра, уӕд.

Киристей хузӕн архайӕ

3. Дӕхе адӕймаги бунати райвӕрисӕ. Адӕймаг цӕхуӕн уавӕри ӕй, уобӕл расагъӕс кӕнӕ.

  1.   а) Дӕхе бафӕрсӕ: «Цума ’й ци тухсун кӕнуй? Ӕ уавӕри ин пайда ци уодзӕй кенӕ ӕ зӕрдӕмӕ цӕхуӕн темӕ фӕццӕудзӕй?» Уӕхӕн цӕбӕлдӕрти ку расагъӕс кӕнай, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй адӕймагмӕ хӕларзӕрдӕ ун.

  2.  б) Адӕймагбӕл ке тухсис, е бӕрӕг уӕд, лӕмбунӕг имӕ ке игъосис, уомӕй. Ӕ тухститӕ ӕма дин ӕ зиндзийнӕдти кой ку кӕна, уӕд ӕндӕр естӕбӕл дзубанди кӕнун ма райдайӕ.

4. Адӕймаги нимайӕ ӕма фӕлмӕнӕй дзорӕ. Адӕймаги зин ку лӕдӕрай ӕма дӕ ӕцӕгӕйдӕр банхус кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд е бӕрӕг уодзӕй дӕ дзурдигъӕдӕй. Ци ӕма куд дзорис, уомӕ лӕмбунӕг уо ӕма ин ӕ зӕрдӕ ци фӕрресун кӕна, уӕхӕнӕй маци дзорӕ.

5. Банхус кӕнунмӕ цӕттӕ уо. Адӕймагӕн гъуддагӕй банхус кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорӕ. Хӕларзӕрдӕ ку уай, уӕд дӕмӕ адӕймаг хуӕздӕр байгъосдзӕй.