Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцауи фӕндон тагъд рӕстӕги исӕнхӕст уодзӕй

Хуцауи фӕндон тагъд рӕстӕги исӕнхӕст уодзӕй

8 хай

Хуцауи фӕндон тагъд рӕстӕги исӕнхӕст уодзӕй

1, 2. Хуцау адӕмбӕл ке тухстӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

ӔНОСТИ дӕргъи бартӕ адӕми ӕма лӕгъуз изӕдти къохти ке ӕнцӕ, уой туххӕй цард фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнуй. Е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нӕ Хуцау еугур уагъд никкодта. Фал ӕности дӕргъи Хуцау гъуддӕгтӕ уотӕ аразта, цӕмӕй ӕгас зӕнхӕ дӕр лӕгъуздзийнадӕ ӕма гъезӕмӕрттӕй исуӕгъдӕ кӕна.

2 Едеми Хуцауи хецаудзийнадӕ дзурддаг ку иссӕй, уӕдӕй нурмӕ Хуцау сабургай игон кодта ӕ фӕндон – зӕнхӕбӕл нӕуӕгӕй дзенет ка искӕндзӕй, уӕхӕн хецауадӕ ке ӕрфедар кӕндзӕй (Райдайӕн 3:15). Фӕстӕдӕр Киристе, Хуцауи сӕйраг минӕвар, зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд адӕмӕн игъосун кодта еци хецауади туххӕй. Ӕрмӕстдӕр Хуцауи хецауадӕ ке ӕй сӕ нифс, уобӕл син дзурдта (Данел 2:44; Матфейи 6:9, 10; 12:21).

3. Федӕни зӕнхӕн разамунд ка дӕтдзӕй, еци хецауадӕ Киристе куд исхудта ӕма цӕмӕн?

3 Йесо еци хецауадӕ исхудта «уӕларвон паддзахадӕ», уомӕн ӕма разамунд лӕвӕрд цӕудзӕй уӕлӕрвтӕй (Матфейи 4:17). Удта ма ’й исхудта «Хуцауи паддзахадӕ» дӕр, уомӕн ӕма ’й Хуцау исфедар кодта (Лукай 17:20). Ӕности дӕргъи Хуцауӕн ци пахампартӕ адтӕй, уонӕн ниффинсун кодта, еци хецауади сӕргълӕугутӕ ка уодзӕнцӕ ӕма син ци бантӕсдзӕй, уой туххӕй.

Зӕнхӕн уодзӕй нӕуӕг паддзах

4, 5. Хуцау куд бавдиста, Паддзахӕн ке равзурста, е Киристе ке ӕй?

4 Хуцауи Паддзахади паддзах ка уодзӕй, уой туххӕй берӕ пахампарӕдтӕ финст ӕрцудӕй, ӕма дууӕ мин анзей размӕ етӕ еугурӕйдӕр исӕнхӕст ӕнцӕ Йесо Киристебӕл. Киристе разиндтӕй, Хуцау ӕ уӕларвон Паддзахади сӕргълӕууӕгӕй ке равзурста, е. Ку ӕй рамардтонцӕ, уӕд ӕй Хуцау уӕларвон цардмӕ райгас кодта, ӕма иссӕй ӕнӕмӕлгӕ хъаурӕгин изӕд. Ке райгас ӕй, уомӕн берӕ ӕвдесӕнтӕ адтӕй (Гъуддӕгтӕ 4:10; 9:1–9; Ромӕгтӕмӕ 1:1–4; 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:3–8).

5 Уой фӕсте Йесо «ӕрбадтӕй Хуцауи рахес фарс» ӕма ӕнгъӕлмӕ кастӕй, цалинмӕ ин Хуцау ӕ уӕларвон Паддзахади паддзахи бартӕ ӕ къохмӕ нӕ равардта, уӕдмӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:12). Уомӕй исӕнхӕст ӕй, Псаломи 110:1 стихи финст ка ӕй, еци пахампарадӕ: «Бадӕ мӕ рахес фарс, цалинмӕ дин де знӕгти дӕ къӕхти буни не ’ривӕрон, уӕдмӕ».

6. Йесо куд бавдиста, Хуцауи Паддзахади сӕргъи лӕуунмӕ аккаг ке ӕй, уой?

6 Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ӕй бавдиста, уӕхӕн барти аккаг ке ӕй. Кӕд ӕ нихмӕ карзӕй цудӕнцӕ, уӕддӕр Хуцауӕн еузӕрдонӕй байзадӕй. Уотемӕй Йесо бавдиста, Сайтан сайгӕ ке кодта, уотӕ ку дзурдта, еунӕг адӕймаг дӕр, дан, фӕлварӕнти Хуцауӕн еузӕрдонӕй нӕ байзайдзӕй, зӕгъгӕ. Киристе адтӕй ӕнхӕст адӕймаг, Библи ма ӕй хонуй «фӕстаг Адам» дӕр. Ӕ цардӕй хуарз бавдиста, Хуцау ке некӕми фӕррӕдудӕй, адӕймаги ку сфӕлдиста, уӕд (1 Коринфӕгтӕмӕ 15:22, 45; Матфейи 4:1–11).

7, 8. Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд цӕхуӕн хуарздзийнӕдтӕ искодта ӕма уомӕй ци бавдиста?

7 Цума Киристе, зӕнхӕбӕл Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй, цубур рӕстӕгмӕ адӕмӕн цӕйбӕрцӕ хуарздзийнӕдтӕ искодта, уойбӕрцӕ ескӕци паддзахӕн бантӕстӕй? Хуцау ӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕй исхайгин кодта ӕма уой фӕрци дзӕбӕх кодта сӕйгити, сахъатгунти, хъӕрӕути ӕма къуӕттити. Сауӕнгӕ ма мӕрдти дӕр райгас кӕнидӕ! Уотемӕй бавдиста, Хуцау ин паддзахи бартӕ ку ратта, уӕд ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл ци хуарздзийнӕдтӕ искӕндзӕй, уой (Матфейи 15:30, 31; Лукай 7:11–16).

8 Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд уотӕ берӕ хуарздзийнӕдтӕ ’скодта, ӕма ибӕл Иоанн ниффинста: «Уогӕ ма Йесо берӕ ӕндӕр гъуддӕгтӕ ’скодта. Фал се ’гасей туххӕй бӕстон ниффинсӕ, зӕгъгӕ, уӕд еци киунугутӕ дуйней дӕр нӕ бацудайуонцӕ» (Иоанни 21:25) *.

9. Кӕдзосзӕрдӕ адӕм Йесой фӕдбӕл цӕмӕн цудӕнцӕ?

9 Киристе адӕми хъӕбӕр ке уарзта, уомӕ гӕсгӕ сӕмӕ адтӕй хӕларзӕрдӕ, удта син сӕ зин лӕдӕрдтӕй. Мӕгур ӕма ӕфхуӕрд адӕмӕн ӕнхус кодта, фал гъӕздугутӕмӕ дӕр лӕгъуз цӕстӕй нӕ кастӕй. Кӕдзосзӕрдӕ адӕм Йесомӕ байгъустонцӕ, зӕрдиагӕй син ку загъта: «Хъиамӕт ка кӕнуй ӕма уӕззау уаргъ ка хӕссуй,– уе ’гасӕй дӕр мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн. Ме ’фсойнӕ уӕхебӕл исӕвӕретӕ ӕма мӕнӕй исахур уотӕ, уомӕн ӕма ӕз дӕн фӕлмӕн ӕма сӕрниллӕг, ӕма уодӕнцойнӕ иссердзиайтӕ. Уомӕн ӕма ме ’фсойнӕ ӕй ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ ба – рӕуӕг» (Матфейи 11:28–30). Хуцауӕй ка тарстӕй, еци адӕм Киристей фӕдбӕл цудӕнцӕ ӕма ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, паддзахеуӕг кӕнун ку райдайа, еци рӕстӕгмӕ (Иоанни 12:19).

Ӕмпаддзӕхтӕ

10, 11. Йесой хӕццӕ ка паддзахеуӕг кӕндзӕй?

10 Зӕнхон хецауӕдти медӕг фӕууй, еумӕйагӕй ка фӕййархайуй ӕма бартӕ ке къохти фӕуунцӕ, уӕхӕн къуар. Хуцауи уӕларвон Паддзахади дӕр бартӕ еуей къохи нӕ ’нцӕ. Йесой хӕццӕ ма уӕлӕрвти гъӕуама никкидӕр кадӕртӕ паддзахеуӕг кодтайуонцӕ, уомӕн ӕма, ӕ фӕдбӕл ка цудӕй, уонӕн зӕрдӕ байвардта, ӕ хӕццӕ зӕнхӕн паддзӕхтӕ ке уодзӕнцӕ (Иоанни 14:2, 3; Раргомадӕ 5:10; 20:6).

11 Уӕларвон цардмӕ ка ӕригас уодзӕй, уонӕн сӕ нимӕдзӕ бӕлвурд ӕй. Етӕ паддзахеуӕг кӕндзӕнцӕ, зӕнхӕн ӕносон арфӕдзийнӕдтӕ ка ӕрхӕсдзӕй, еци Паддзахади (2 Коринфӕгтӕмӕ 4:14; Раргомадӕ 14:1–3). Йеговӕ ӕности дӕргъи архайдта, цӕмӕй, адӕмӕн амонд ка ӕрхӕсдзӕй, еци Паддзахадӕн бундор ӕрӕвӕра.

Адӕми хецаудзийнадӕн кӕрон ӕрцудӕй

12, 13. Хуцауи Паддзахадӕ цӕттӕй цӕмӕн лӕууй?

12 20-аг ӕноси Хуцау дуйней гъуддӕгтӕмӕ е ’ргом раздахта. Аци брошюри 9-аг хаййи дзурд куд цӕудзӕй, уомӕ гӕсгӕ Библий пахампарӕдтӕй бӕрӕг ӕй, 1914-аг анзи Хуцау ӕ Паддзахадӕ ке исфедар кодта. Ӕ Паддзах ӕй Киристе, ӕма цӕттӕй лӕууй Сайтани дуйне фесафунмӕ. Библий уотӕ финст ӕй: «Бацо де знӕгти астӕумӕ ӕма сӕ дӕ дӕлбарӕ бакӕнӕ» (Псалом 110:2).

13 Уой туххӕй Данели 2:44 уӕхӕн пахампарадӕ финст ӕй: «Еци паддзӕхти рӕстӕги, уӕларвон Хуцау исфедар кӕндзӕй, ка некӕдбал ниппурх уодзӕй, уӕхӕн паддзахадӕ. Еци паддзахадӕ ӕндӕр адӕми къохмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕй. Е ниппурх кӕндзӕй еугур еци паддзахӕдтӕ, ӕхуӕдӕг ба уодзӕй ӕностӕмӕ».

14. Зӕнхӕбӕл цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ уодзӕй, адӕм ку нӕбал паддзахеуӕг кӕнонцӕ, уӕд?

14 Хуцау адӕми хецаудзийнадӕн кӕрон ку искӕна, уӕд ӕ Паддзахадӕ ӕрфедар кӕндзӕй. Паддзахадӕ уӕлӕрвти ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й адӕм неци хузи фехалдзӕнцӕ. Райдайӕни куд адтӕй, уотӕ бабӕй Хуцау разамунд уӕлӕрвтӕй дӕтдзӕй. Ӕгас зӕнхӕ дӕр Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ ке уодзӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕм некӕдбал фӕссайд уодзӕнцӕ мӕнгӕ дини ахурӕдтӕй, адӕми философийӕй ӕма политики хабӕрттӕй. Еци гъуддӕгтӕн сӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй (Матфейи 7:15–23; Раргомадӕ, 17–19 сӕртӕ).

[Феппайуйнаг]

^ 8 абз. Киристей туххӕй фулдӕр базонун ӕнгъезуй киунуги «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг», 1999-аг анзи ӕй мухури рауагътонцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ.

[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]

[Хузӕ 18 фарсбӕл]

Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд дзӕбӕх кодта сӕйгити ӕма игас кодта мӕрдти ӕма уомӕй бавдиста, нӕуӕг дуйней дӕр уотӕ ке кӕндзӕй

[Хузӕ 19 фарсбӕл]

Хуцауи Паддзахадӕ кӕрон искӕндзӕй адӕми хецаудзийнадӕн