12 ФАРСТА
Ка рамардӕй, уони ма ескӕд фӕууиндзинан?
«Уобӕл дес ма кӕнтӕ, уомӕн ӕма ӕрцӕуй еци рӕстӕг, ӕма, ингӕнти кадӕриддӕр ес, етӕ ин фегъосдзӕнцӕ ӕ гъӕлӕс, ӕма рацӕудзӕнцӕ»
«Райгас уодзӕнцӕ растгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр»
«Фӕууидтон мӕрдти дӕр, номдзудти ӕма хумӕтӕгти, паддзахбадӕни рази лӕугӕ, ӕма тухтӕнттӕ байгон ӕнцӕ. Райгон ӕй ма ӕндӕр тухтонӕ дӕр – царди тухтонӕ. Ӕма мӕрдтӕ тӕрхонгонд цудӕнцӕ, тухтони си кӕмӕн ци гъуддӕгтӕ адтӕй финст, уонӕмӕ гӕсгӕ. Ӕма денгиз равардта, ка си адтӕй, еци мӕрдти, мӕлӕт ӕмӕ ингӕн дӕр равардтонцӕ, ка си адтӕй, еци мӕрдти, ӕма си алкедӕр ӕ гъуддӕгтӕмӕ гӕсгӕ тӕрхонгонд ӕрцудӕй»