Цӕмӕн зӕронд кӕнӕн ӕма цӕмӕн мӕлӕн?
ХУЦАУИ нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн мӕлонцӕ. Нӕ рагфиддӕлтӕ, Адам ӕма Евӕ, зундӕй дӕр ӕма бауӕрӕй дӕр ӕнхӕст адтӕнцӕ, ӕма абони уӕнгӕ дӕр сӕ бон адтайдӕ цӕрун. Е бӕрӕг ӕй, Едеми дзӕхӕрадони ци бӕлӕстӕ ирӕзтӕй, уонӕй еуей туххӕй Йеговӕ Адамӕн ци загъта, уомӕй.
Хуцау Адамӕн загъта: «Ци бон си бахуӕрай, еци бон рамӕлдзӕнӕ» (Райдайӕн 2:17). Кӕд Адам ӕнӕуойдӕр уотӕ конд адтӕй, цӕмӕй базӕронд уа ӕма рамӕла, уӕд ин еци фӕдзӕст дӕттун дӕр нӕ гъудайдӕ. Адам ӕй зудта, еци бӕласӕй ку нӕ бахуӕра, уӕд ке нӕ рамӕлдзӕй.
ХУЦАУИ НӔ ФӔНДАДТӔЙ, ЦӔМӔЙ АДӔН МӔЛОНЦӔ
Едеми дзӕхӕрадонӕ рӕзӕбӕлӕстӕй идзаг адтӕй, ӕма Адам ӕма Евӕ еци бӕласӕй ку нӕ бахуардтайуонцӕ, уӕд стонгӕй нӕ рамардайуонцӕ (Райдайӕн 2:9). Уомӕй бавдистайуонцӕ, сӕ Царддӕттӕгмӕ ке игъосунцӕ. Удта ма бӕрӕг адтайдӕ, Хуцауӕн разамунд дӕттуни барӕ ке ес, уобӕл арази ке ’нцӕ.
АДАМ ӔМА ЕВӔ ЦӔМӔН РАМАРДӔНЦӔ?
Адам ӕма Евӕ цӕмӕн рамардӕнцӕ, уой балӕдӕруни туххӕй ӕркӕсӕн, Едеми дзӕхӕрадони ци дзубанди рауадӕй, уомӕ. Кӕд еци хабар раги ӕрцудӕй, уӕддӕр не ’гасебӕлдӕр фӕззиндтӕй. Сайтан хелагӕй испайда кодта ӕма мӕнгӕттӕ радзурдта. Библий финст ӕй: «Йеговӕ Хуцау ци цӕрӕгойти сфӕлдиста, уонӕй сӕ еугуремӕй къӕрцгъосдӕр адтӕй хелагӕ. Гъема хелагӕ силгоймагӕн загъта: „Хуцау уин ӕцӕгӕйдӕр загъта, дзӕхӕрадони алли бӕласӕй ма хуӕретӕ, зӕгъгӕ?“» (Райдайӕн 3:1).
Евӕ ин дзуапп равардта: «Дзӕхӕрадони ци бӕлӕстӕ ес, уони рӕзӕй нин ес хуӕрӕн. Фал дзӕхӕрадони астӕу ци бӕласӕ ес, уомӕй нин Хуцау уотӕ загъта: „Ма си бахуӕретӕ, ӕвналгӕ дӕр имӕ ма бакӕнетӕ, кенӕ рамӕлдзиайтӕ“». Ӕма ин уӕд хелагӕ загъта: «Нӕ, нӕ рамӕлдзиайтӕ. Фал ӕй Хуцау зонуй: ци бон си бахуӕрайтӕ, еци бон уӕ цӕститӕ райгон уодзӕнцӕ ӕма исуодзиайтӕ Хуцауи хузӕн – зондзиайтӕ, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой» (Райдайӕн 3:2–5).
Гъема, Сайтан ин ци загъта, уобӕл баууӕндтӕй. Евӕ бӕласӕмӕ бакастӕй. Куд рӕсугъд ӕй ӕма имӕ куд ӕхцӕуӕн ӕй кӕсун! Силгоймаг имӕ ӕхе исивазта, ӕ рӕзӕй ин ӕртудта ӕма си бахауардта. Удта ци ӕрцудӕй, уой туххӕй Библий финст ӕй: «Уой фӕсте, ӕ лӕг ӕ рази ку адтӕй, уӕд си уомӕн дӕр равардта ӕма си е дӕр бахуардта» (Райдайӕн 3:6).
Хуцау Адамӕн загъта: «Ци бон си бахуӕрай, еци бон рамӕлдзӕнӕ» (РАЙДАЙӔН 2:17)
Хуцауӕн куд зин адтайдӕ, ӕ уарзон бӕдӕлттӕ зонгӕ-зонгӕй ӕ дзурди сӕрти ке рахизтӕнцӕ, е! Цума куд бакодта? Йеговӕ Адамӕн загъта: «Фӕстӕмӕ зӕнхӕмӕ... [раздӕхдзӕнӕ], уомӕн ӕма уомӕй конд дӕ. Сикъит дӕ, ӕма фӕстӕмӕ сикъитмӕ раздӕхдзӕнӕ» (Райдайӕн 3:17–19). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, «Адам ӕдеугурӕй фӕццардӕй фарастсӕдӕ ӕртин анзи ӕма уой фӕсте рамардӕй» (Райдайӕн 5:5). Адам ӕ мӕлӕти фӕсте ӕндӕр кӕмидӕр цӕрун нӕ райдӕдта, зӕгъӕн, уӕлӕрвти. Цалинмӕ ’й Йеговӕ сикъитӕй не ’скодта, уӕдмӕ некӕми адтӕй. Ӕма ку рамардӕй, уӕд уобӕл ӕ цард фӕцӕй, ӕ бауӕр фӕстӕмӕ сикъит иссӕй. Адам нӕбал адтӕй.
МАХ АН ӔНӔНХӔСТ
Адам ӕма Евӕ зонгӕ-зонгӕй Хуцаумӕ ке нӕ байгъустонцӕ, уой туххӕй ӕносон цардӕй фенӕхай ӕнцӕ. Фал уотӕ ке бакодтонцӕ, ӕма тӕрегъӕд ке искодтонцӕ, е айдагъ сӕхебӕл нӕ фӕззиндтӕй. Сӕ цӕуӕт еугурӕйдӕр тӕрегъӕдгунтӕй игурунцӕ. Ромӕгтӕмӕ 5:12 стихи финст ес: «Еу адӕймаги [Адами] фудӕй дуйнемӕ ӕрцудӕй тӕрегъӕд, тӕрегъӕди фудӕй ба – мӕлӕт, ӕма уотемӕй мӕлӕт рапурхӕ ’й ӕгас адӕнбӕл, уомӕн ӕма еугурӕйдӕр ракодтонцӕ тӕрегъӕд».
Библи тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти туххӕй зӕгъуй, е ке ӕй, «ӕгас адӕнихӕттити дӕр ка ӕрбатухта, еци ӕмбӕрзӕн, ӕгас адӕнбӕл дӕр ӕмбӕрзт ка ӕй, еци хъумац» (Исай 25:7). Е уотӕ лӕдӕргӕ ’й, ӕма адӕнӕн сӕ бон нӕй тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй фӕййервӕзун. Ӕцӕгӕйдӕр, «Адами фудӕй адӕн еугурӕйдӕр... мӕлунцӕ» (1 Коринфӕгтӕмӕ 15:22). Ка ’й зонуй, махмӕ дӕр фӕззинна, апостол Павелмӕ ка фӕззиндтӕй, еци фарста: «Мӕнӕ ци мӕгур дӕн! Ка мӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй, мӕлӕтмӕ мӕ ка кӕнуй, еци бауӕрӕй?» (Ромӕгтӕмӕ 7:24). Ӕцӕгӕйдӕр, ка?