ЦИ ЕС РАРТАСӔН?
Библи лӕмбунӕг ку ӕртасай, уӕд нӕ «бафунӕй» уодзӕнӕ
Бакӕсӕ Данели 9:1–19 ӕма базонӕ, цӕмӕн ӕй ӕхсидзгӕ Библи лӕмбунӕг ӕртасун.
Контекстмӕ ӕркӕсӕ. Ӕрӕги Данелбӕл цӕхуӕн хабӕрттӕ ӕрцудӕй ӕма ибӕл еци хабӕрттӕ куд рабӕрӕг ӕнцӕ? (Дан. 5:29–6:5). Данели бунати ку адтайсӕ, уӕд дӕмӕ цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ адтайдӕ?
Листӕг хабӕрттӕмӕ дӕ гъос ӕрдарӕ. Данел цӕхуӕн киунугутӕ ӕртастайдӕ? (Дан. 9:2; w11-U 1/1 22 ф., 2 абз.). Данел айдагъ ӕхе тӕрегъӕдти туххӕй нӕ, фал ӕгас Израили тӕрегъӕдти туххӕй цӕмӕн дзурдта? (Лев. 26:39–42; 1 Пад. 8:46–50; dp-U 182–184). Ӕ кувдӕй куд зиннуй, Хуцауи Дзурд лӕмбунӕг ке ӕртаста? (Дан. 9:11–13).
Ци базудтай, уобӕл расагъӕс кӕнӕ ӕма си царди испайда кӕнӕ. Дӕхе бафӕрсӕ:
-
«Ци мин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дуйней ци хабӕрттӕ цӕуй, уони туххӕй Хуцауи гъуддӕгти минкъийдӕр архайон?» (Мих. 7:7).
-
«Ӕз дӕр Данели хузӕн Хуцауи Дзурд лӕмбунӕг ку ӕртасон, уӕд мин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?» (w04-U 1/8 12 ф., 17 абз.).
-
«Цӕхуӕн темитӕ мӕ гъӕуй рартасун, цӕмӕй „ма бафунӕй уон?”» (Матф. 24:42, 44; w12-U 15/8 5 ф., 7, 8 абз.).